Главная > Библиотека > Повесть Льва Толстого «Казаки» в осетинском переводе — Зæнджиаты Бабу
Повесть Льва Толстого «Казаки» в осетинском переводе — Зæнджиаты Бабу4 марта 2014. Разместил: 00mN1ck |
Повесть Льва Толстого «Казаки» В ОСЕТИНСКОМ ПЕРЕВОДЕ! Переводчик — Зæнджиаты Бабу. ========================= Алцыдæр æрсабыр Мæскуыйы. Æрмæст ранæй-рæтты хъуысы цæлхыты хъыррыст зымæгон уынджы. Рудзгуытæй рухс нал цæуы, фанартæ дæр ахуыссыдысты. Аргъуанты дзæнгæрджыты гуыв-гуыв, азæлгæйæ, хæлиу кæны фынæй горæты сæрмæ æмæ æмбарын кæны, сбонмæ бирæ кæй нал ис, уый. Уынгты иу цъиуызмæлæг дæр нæй. Ранæй-рæтты æхсæвбадæг бæхтæрæг йæ дзоныгъы нарæг хъустæй змис митимæ бамхæццæ кæны æмæ уынгæн йæ фаллаг фарс, фисыны цур, чи йæ баххуырсдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, бафынæй вæййы. Фæцæуы зæронд ус аргъуанмæ; уым сыгъзæрин цырагъдарæнтыл ранæй-рæтты иугай, хæццæ-мæццæ æвæрдæй, сырх тæлмытæ уадзгæйæ, судзынц мыдадзын цырæгътæ, сæ рухсы тынтæй цырагъдарæнты фæлгуырыл хъазгæйæ... Кусæг адæм даргъ æхсæвы фæстæ уæлæмæ стын байдыдтой, æмæ алчи йæ куыстмæ цæуы. Файл взят в электронной библиотеке «Бæрзæфцæг» («Крестовый перевал»)
Вернуться назад |