Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 12. УÆЛЛАГИРОН СЕДЗÆРГÆС УОСИ ЗАР
12. УÆЛЛАГИРОН СЕДЗÆРГÆС УОСИ ЗАР23 ноября 2007. Разместил: 00mN1ck |
Ири цæргутæ Уæллагири æрбамбурдæнцæ Бæх æвзурст æма лæг æвзурстæй; Æстæмæй астмæ сæхе исцæттæ кодтонцæ: Цæуæн, фæццæуæн уæртæ фæрнуг фонсгин Дигорæмæ Æма син се 'стур фусти дзогтæ Æма галæргъæуттæ æртæрæн. Йеу седзæргæс уосæн йеунæг лæхъуæн адтæй, Æма йе дæр йеци адæми хæтдзæ цæуун сфæндæ кодта Æ мади сосæгкæй. Сæ цæуунбони æнгъуд ку 'рхæтдзæй, Уæдта лæхъуæн мадæн загъта: — Рагъæн рæуæг æма губунæн дзæбæх хуаллаг рацæттæ Мадæ имæ дзору.й: — Ци кæнис, мæ йеунæг æнгъæлдзау? Кумæ цæууни фæндæ кæнис? — Мæнæ Ири хуæнхтæ лæг æвзурстæй Дигорæмæ цæуунцæ фонс кæнунмæ, Æмæ æз дæр цæуун. — Ма кæнæ, мæ йеунæг æнгъæлдзау! Ка цæууй, Йетæ сæ хæдзари баизадæнцæ Æртигæйттæй, дугæйттæй, Дæуæн ба дæхе фонс дæр Дзæгьæли байзайдзæнæнцæ! — Гъæй, нана, — зæгъгæ, йин йе загъта, — Æз дин лæгæй лæгмæ æрхæсдзæнæн Дигори фонсæй уæлдай хæйттæ! — Ма кæнæ, мæ йеунæг азнгъæлдзау! Дæхе хæйттæ дзæгъæлæй байзайдзæнæнцæ; Æз дæр æнæ дарæгæй, мæгурæн, Неугæй баизайдзæнæн. Коммæ нæ бакастæй, Рандæй Ири æстæйрон адæми хæтдзæ Дигорæмæ фонс кæнунмæ. Бацудæнцæ Дигорæмæ: Бони цъæхи син сæ фусти дзогтæ 'Ма син сæ галæргъæуттæбæл рагьæр кодтонцæ. Дигоргом дæр истур фæдес фæццæнцæ. Истур тугьд сæмæ æрцудæй Ири хæтдзæ. Тухгæнаэг адæм истур цагъд æрцудæнцæ. Мæгур седзæргæси лæхъуæн дæр фæццæф æй 'Ма йеу дори буммæ бацудæй. Йеу бони фæсте еци дори бунæй Лæхъуæн цæфæй гъарæнгитæ кодта: — Мæнæн нана уотæ ку загъта: Йесге хæран фонс дæ нæ гъæууй, Дæхе фонс дзæгъæлæй баизайдзæнæнцæ, зæгъгæ. Нур ба мæбæл дæ дзурдтæ Ци хъæбæр æрцудæнцæ, нана! Кæутæ-неугæ дзæгъæлæй дæ Ку ниууагътон азцæгдзинадæй! Тæходуй, тæходуй, нана, Æз ма дин дæ цæсгом Ку фæйдтайнæ уæддæр! Уæлигæс лæхъуæн æрбацудæй Æма цæф лæхъуæни гъарæнгитæ фегъуста Æма сæ æхемæ æрбайста. Мæгур седзæргæсæн æ йеунæг лæхъуæн Ку не 'рбацудæй: — Гъæйт, мæ йеунæгбæл, цидæр æй, Цидæр æрцудæй, — загьта. Лæгæмбæрцæ тæскъæ рабидта. Тæскъæ æ рагъи, уотемæй Дигоргоммæ æрхæтдзæй. Æ йеунæги мард агурдта, Уотемæй йибæл йеу рауæн баталингæ 'й. Дор æ нивæрзæн уогæй, Уотемæй æхсæвæ бонмæ уоми фæццæй. Сæумæ уæлигæс лæхъуæн уæлитæ раскъардта Æма хонсари æрбацудæй заргæ. Йеци седзæргæс уосæ уæлигæсмæ фегъуста Æма дзурдтæбæл фæггурухсæй; Ис-имæ-цудæй æма йин загъта: — Нана дæ рунтæ бахуæра, Ци рæсугъд зартæ кæнис, Ракæнай мæнæн дæр! — Зар нæ 'й, — зæгьгæ, загъта и битдзеу, — Йеу бонæ дæлæ йеци дори бунæй кадæр гъарæнгнтæ кодта, Æз дæр имæ игъустон Æма сæ мæ зæрдæмæ райстон. Уосæ дæр дори бунмæ ниууадæй Æма æ йеунæги мард дори бунæй райста. Тæскъи медæгæй февардта Æма 'й æргъомбаст æрбакодта, Уæллагирæмæ 'й æ хæдзарæмæ рахаста. Радзырдта йæ Хъиргъуты Тæтæри, 18 апрель, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 40—42. «ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |