поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
12. УÆЛЛАГИРОН СЕДЗÆРГÆС УОСИ ЗАР
Автор: 00mN1ck / 23 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
Ири цæргутæ Уæллагири æрбамбурдæнцæ
Бæх æвзурст æма лæг æвзурстæй;
Æстæмæй астмæ сæхе исцæттæ кодтонцæ:
Цæуæн, фæццæуæн уæртæ фæрнуг фонсгин Дигорæмæ
Æма син се 'стур фусти дзогтæ
Æма галæргъæуттæ æртæрæн.
Йеу седзæргæс уосæн йеунæг лæхъуæн адтæй,
Æма йе дæр йеци адæми хæтдзæ цæуун сфæндæ кодта
Æ мади сосæгкæй.
Сæ цæуунбони æнгъуд ку 'рхæтдзæй,
Уæдта лæхъуæн мадæн загъта:
— Рагъæн рæуæг æма губунæн дзæбæх хуаллаг рацæттæ
Мадæ имæ дзору.й:
— Ци кæнис, мæ йеунæг æнгъæлдзау?
Кумæ цæууни фæндæ кæнис?
— Мæнæ Ири хуæнхтæ лæг æвзурстæй
Дигорæмæ цæуунцæ фонс кæнунмæ,
Æмæ æз дæр цæуун.
— Ма кæнæ, мæ йеунæг æнгъæлдзау!
Ка цæууй,
Йетæ сæ хæдзари баизадæнцæ
Æртигæйттæй, дугæйттæй,
Дæуæн ба дæхе фонс дæр
Дзæгьæли байзайдзæнæнцæ!
— Гъæй, нана, — зæгъгæ, йин йе загъта, —
Æз дин лæгæй лæгмæ æрхæсдзæнæн
Дигори фонсæй уæлдай хæйттæ!
— Ма кæнæ, мæ йеунæг азнгъæлдзау!
Дæхе хæйттæ дзæгъæлæй байзайдзæнæнцæ;
Æз дæр æнæ дарæгæй, мæгурæн,
Неугæй баизайдзæнæн.
Коммæ нæ бакастæй,
Рандæй Ири æстæйрон адæми хæтдзæ
Дигорæмæ фонс кæнунмæ.
Бацудæнцæ Дигорæмæ:
Бони цъæхи син сæ фусти дзогтæ
'Ма син сæ галæргъæуттæбæл рагьæр кодтонцæ.
Дигоргом дæр истур фæдес фæццæнцæ.
Истур тугьд сæмæ æрцудæй Ири хæтдзæ.
Тухгæнаэг адæм истур цагъд æрцудæнцæ.
Мæгур седзæргæси лæхъуæн дæр фæццæф æй
'Ма йеу дори буммæ бацудæй.
Йеу бони фæсте еци дори бунæй
Лæхъуæн цæфæй гъарæнгитæ кодта:
— Мæнæн нана уотæ ку загъта:
Йесге хæран фонс дæ нæ гъæууй,
Дæхе фонс дзæгъæлæй баизайдзæнæнцæ, зæгъгæ.
Нур ба мæбæл дæ дзурдтæ
Ци хъæбæр æрцудæнцæ, нана!
Кæутæ-неугæ дзæгъæлæй дæ
Ку ниууагътон азцæгдзинадæй!
Тæходуй, тæходуй, нана,
Æз ма дин дæ цæсгом
Ку фæйдтайнæ уæддæр!
Уæлигæс лæхъуæн æрбацудæй
Æма цæф лæхъуæни гъарæнгитæ фегъуста
Æма сæ æхемæ æрбайста.
Мæгур седзæргæсæн æ йеунæг лæхъуæн
Ку не 'рбацудæй:
— Гъæйт, мæ йеунæгбæл, цидæр æй,
Цидæр æрцудæй, — загьта.
Лæгæмбæрцæ тæскъæ рабидта.
Тæскъæ æ рагъи, уотемæй
Дигоргоммæ æрхæтдзæй.
Æ йеунæги мард агурдта,
Уотемæй йибæл йеу рауæн баталингæ 'й.
Дор æ нивæрзæн уогæй,
Уотемæй æхсæвæ бонмæ уоми фæццæй.
Сæумæ уæлигæс лæхъуæн уæлитæ раскъардта
Æма хонсари æрбацудæй заргæ.
Йеци седзæргæс уосæ уæлигæсмæ фегъуста
Æма дзурдтæбæл фæггурухсæй;
Ис-имæ-цудæй æма йин загъта:
— Нана дæ рунтæ бахуæра,
Ци рæсугъд зартæ кæнис,
Ракæнай мæнæн дæр!
— Зар нæ 'й, — зæгьгæ, загъта и битдзеу, —
Йеу бонæ дæлæ йеци дори бунæй кадæр гъарæнгнтæ кодта,
Æз дæр имæ игъустон
Æма сæ мæ зæрдæмæ райстон.
Уосæ дæр дори бунмæ ниууадæй
Æма æ йеунæги мард дори бунæй райста.
Тæскъи медæгæй февардта
Æма 'й æргъомбаст æрбакодта,
Уæллагирæмæ 'й æ хæдзарæмæ рахаста.

Радзырдта йæ Хъиргъуты Тæтæри, 18 апрель, 1926 аз, Дзæуджыхъæу.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 40—42.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru