поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
5. АМРАН ÆМÆ ЦУАНОН
Автор: 00mN1ck / 16 октября 2007 / Категория: Даредзанты кадджытæ
Даредзанты Амран зæххыл тых кæмæн не 'скодта, ахæм ын нал баззади. Æрмæст ма йын хуыцау уыд æнæ фæлвæрдгонд, æмæ байдыдта хъавын хуыцаумæ, — кæм ыл æрхæст уыдзынæн, зæгъгæ.
Уæд фæндагыл æрбацæуы хуыцау, йæ бæхыл бадгæйæ. Сæмбæлд Амраныл æмæ йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Амран, мæ хæрæфырт. Амран æм дзуры:
— Дæ хъуыддаг раст, мæ мадырвад! Рахиз ма дæ бæхæй æмæ рахæцæм хъæбысæй, кæддæра нæ чи фæтыхджындæр уаид.
Уæд æм хуыцау фæхудти:
— Амран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды. Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амранмæ:
— Уæдæ ма мæм гъе уый сдæтт.
Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæд æм хуыцау фæмæсты, йемæ хъæбысæй кæй хæцыд, уый тыххæн, æмæ йыл дзуæртты бафтыдта. Уыдон Уæрсæджы хохыл бабастой Амраны.
Афтæмæй Даредзанты Амран абон дæр Уæрсæджы хохыл бастæй лæууы лæгæты.
Афæдзæй афæдзмæ йæ дуар иу гом кæны.
Иу цуанон ацыд цуаны Уæрсæджы хохмæ. Бараст кодта хохы ко.мы æмæ бафтыд лæгæты дуармæ. Лæгæты дуар фегоми хуыцауы зондæй.
Бакасти, æмæ Даредзанты Амран æфсæн рæхыстæй баст, йæ бынаты цъæх арт, цъæх фæздæг уадзы. Йæ цæстытæ сты галы къæлæтыйæстæ, йæ цæнгтæ — хъæды стæвдæнтæ. Цуанон дзы фæтарст æмæ фæстæмæ рацæйлыгъди.
— Тæрсгæ ма фæкæн æппындæр, æз Даредзанты Амран дæн, æмæ мæм рацу æввахсдæр.
Цуанон æм бацыди æввахс æмæ йæ афæрстытæ кодта рагон заманы хабæрттæй.
— Уæртæ къулыл мæ кард ис, æмæ мæм æй æрбахæстæг кæн. Кардмæ бавнæлдта цуанон Кудзи Дзудты, æмæ йæ змæлын дæр не 'скæнын кодта.
— Мæ бон иæу уый райсын æмæ цы кæнон?
— Дæ иу къухæй карды босыл хæц, иннæ къух æри ардæм. Цуанон йæ иу къухæй карды босыл ныххæцыд, иннæ радта Амранмæ. Æрбахæцыд ыл Амран йæхимæ, æмæ фæцæй скъуыдысты йæ цæнгтæ. Ныхъхъæр кодта Дзудты Кудзи:
— Мæ цæнгтæ мын фескъуыныс! Феуæгъд æй кодта Амран æмæ йæм дзуры:
— Цæугæ кæн тагъд. Уæларвæй рауадзгæ рæхыс кæд искуы зоныс, уæд мæм æй хæццæ кæн ардæм, усы хъæлæба дыл куыннæ сæмбæла, афтæмæй. Æз уын кæд аирвæзон, зæххон адæм, уæд уæ амонд æрцæудзæн.
Кудзийæн уæларвæй рауадзгæ рæхыс йæхимæ уыд æмæ байдыдта уырдыгæй згъорын. Æрхæццæ сæ хæдзармæ, раппæрста сæ рæхыс æмæ йæ фæхæссы. Йæ ус æй куы федта, уæд æм фæсте ныхъхъæр кодта:
— Кæдæм мын фæхæссыс мæ рæхыс?
Афтæмæй хохы дуар сæхгæдта Амраныл æмæ баззад бастæй уым.

Радзырдта йæ Гуыбаты Дзакко. «Ирон адæмон сфæлдыстад», фæндзæм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 205.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru