Ой, Куыцыкк, Фæдис, дам, фæхъæр и, Фæдис, дам, фæхъæр и, гъей, Уæрæйдæ, уæрирæ, Нæ рæгъæуттæ нын Куы фæтæрынц, гъей. Уæй, Куыцыкк, Дæ тохы бон æрцыд. Куыцыккæн Йæ рæсугъд Госæма, гъей, Гъей, æмæ Йæ сæр хъæццулæй Бæргæ ма бануæрды, гъей. Хъарм уат дын худинаг, Рирассæ, хорз Куыцыкк, гъей. Гъей, загъта, Фæдис куы раздæхынц, Фæстæмæ афтидæй, гъей. Уæд Куыцыкк фехъал и, Сæ кæртмæ рауади, гъей. Гъей, æмæ Уайтагъд йæ цъæх бæхыл Кæсгон саргъ бавæрдта, гъей, Йæ цыбыр хъыримаг Йæ уæхскмæ баппæрста, гъей. Гъей, загъта, Сурын сæ райдыдта, Фæстигъ сæ баййæфта, гъей. Хæцынтæ райдыдта, Йæ рæгъау раздæхта, гъей. Гъей, уæдæ, Куыцыкк дзы рамары Дыууадæс лæггаджы, гъей. Йæхæдæг йæ цæфтæ Баслыхъхъæй æрбæтты, гъей. Гъей мардзæ, Йæ бæхы идон дын Йæ саргъæн йæ гопмæ, гъей, Йæ саргъæн йæ гопмæ Уæд уайтагъд баппæрста, гъей. Ой, æмæ, Йæхи йын рауагъта Æмæ йын куы загъта, гъей, – Мæ уарзон саулохаг, Фæдисон дæхæдæг, гъей. Гъей, мæ бон. Йæ лекъаг сау нымæт Обау куы схаста, гъей, Йæхи дзы 'рбатыхта Ыстæй уый амарди. Гъей, загъта, Саулохаг атахти, Кулдуармæ бацыди, Уырдыгæй бауасыд, гъей. Гъей, загъта, Цы хуртæ уындзынæн, ей. Фæлтау мæхæдæг дæр Дæ фæстæ мæлдзынæн, гъей. Гъей, загъта, Фæдис куы ыстынг и, Саулохаг ныууасы, гъей. Сæ разæй араст и, Зианмæ бафардæг, гъей. Гъей, æмæ
Радзырдта йæ Мырзаганты Батырбег, сентябрь, 1936 аз, Хæрисджын. Ныффыста йæ Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 24, папкæ 71, ф. 38–41.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |