поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Таймуразы зарæг
Автор: 00mN1ck / 8 января 2011 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
– Ой, тох! Фыдфынтæ куы рауыдтон, дзицца, гъей,
Гъей, фæлæ та уæддæр райсом цуаны куы цæуын.
Уæрæйдæ, дзицца, бавдæл æмæ мын фæндаггаг
Рацæттæ кæн, хæссынмæ рог чи уа, хæрынмæ адджын, дзицца, гъей!..
Ой, тох! Райсомæй раджы йæ хъримаг
Йе 'фцæджы куы бафтауы, уæдæ, гъей,
Гъей, Хæрхы хæд сæрмæ, ой, куы сфардæг вæййы, уæрæйдæ,
Æмæ йыл уым саг-сæгуытты рæгъау хæрхæмбæлд куы 'рбавæййынц.
Хæрхæмбæлд, лæппутæ, гъей!..
Ой, тох! Гæрæхтæ сыл куы самайы, уæдæ,
Гъей, гъей, хъалсæрджын сиууон, гъей, доны былмæ куы раппары,
Уæдæ, уæрæйдæ, æмæ физонджытæ, гъей, гъей, физонджытæ
Кæныныл куы схæцы, мæ хуртæ, гъей!
Ой, тох! Уыцы афоныл фыдбылызы адæм æрбафты,
Мæ хуртæ, гъей, гъей, дыууадæс барæгæй:
Топп – фæтджын хъримæгтимæ, сау нымæттæ сæ уæлæ,
Ахæм адæм, гъей, тох...
–Мидæмæ рацæут,
Физонæг бахæрут, уазджытæ!
Гъей, тох!
Физонæг дæр мах куы у æмæ сырды мард дæр,
Гъей, хæххон дзигло.
Гъей, гъей, уæрæйдæ, мардзæ,
Сæр дæ бахъуыд, Таймураз, уæрæйдæ æмæ,
Дæ рагон знæгтæ бæлвырд сæ хъалон исын
Дæ тугæй сфæнд кодтой, Таймураз!
Гъей, гъей,мигъæй æврагъы астæу æрбадтис
Кодзырты чысыл Таймураз, гъей, гъей,
Уæрæйдæ, æмæ Хæрхы сæрмæ джиауырты гъеуырдыгæй
Рагъæй фæлдахынтæ куы райдыдта, гъей.
– Гъей, гъей!Дзиццамæ мын уæ чи бадзурдзæн, гъей,
Гъей, уæрæйдæ, йæ уарзон хъæбул уæлæ Хæрхы сæрмæ,
Уæрæйдæ æмæ, сæрджын саг рамардта;
Гъей, гъей, хъыг дæр ыл ма ракæн, цин дæр ыл ма бакæн Дзицца, гъей!
Гъей, тох, ноджы ма дзиццамæ чи бадзурдзæн, гъей,
Гъей, Нинийы пæлæз Церечы згъæр басгуыхти,
Уæрæйдæ æмæ, Церечы згъæр, гъей, гъей.
Топп дæр дзы нал хизы, кард дæр æй нал кæрды,
Дзицца, гъей!

Цæгат Ирыстоны радиокомитеты архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru