ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДР. УАЦМЫСТЫ ÆМБЫРДГОНД (1988 АЗЫ РАУАГЪД) Год издания: 1988 Формат: djvu ========================== Тыбылты Алыксандры литературон архив нæ баззад, фæлæ йæ уацмыстæ ам иууылдæр мыхуыр цæуынц, йæ удæгасæй периодикон мыхуыры (газетты æмæ журналты) куыд уыдысты мыхуыр, науæд ын паддзахадон архивты цы бæлвырд тексттæ баззад, уыдонмæ гæсгæ. Авторы тексттæм æфтыд ницы æрцыд, ницыдæр сæ æппæрст æрцыд. Æрмæст иуыстæм дзырдтæ мыхуыр цæуынц абоны ирон орфографийы домæнтæм гæсгæ. Иуыстæм рæтты та, текст зынравзарæн кæй уыд, кæнæ ныртæккæ актуалон кæй нæу, уымæ гæсгæ фæцыбыргонд æрцыд; ахæм бынæттæ бæрæг сты сæрмагонд нысанæй— [...] Тыбылты Алыксандры рæстæджы æвзаг æмæ литературæйы фæрстытæ иртасæн куыстытæ кæрæдзийæ бæрæг-бæлвырд нæма хицæн кодтой. Уымæ гæсгæ Алыксандры уацхъуыдты арæх дзырд цæуы æвзагыл дæр, литературæйыл дæр æмæ фольклорыл дæр. Фæлæ сæ ам, æнцондæр кæсыны охыл, дих кæнæм фондз хайыл: ирон æвзаг иртасæн уацхъуыдтæ; ирон аив литературæ иртасæн уацхъуыдтæ; ирон адæмы фольклор иртасæн уацхъуыдтæ; аивад, рухсад, мыхуыр æмæ æндæр хъуыддæгтыл фыст уацхъуыдтæ; ирон æвзагмæ аивадон тæлмацтæ. Алы хайы дæр æрмæг мыхуыр цæуы хронологион æгъдаумæ гæсгæ, ома сæ автор йæхæдæг чи кæй раздæр ныммыхуыр кодта, афтæ. Уацмыстæ хицæн хæйттыл куыд дихтæ сты, афтæ сæм лæвæрд цæуы фиппаинæгтæ. Авторы фиппаинæггæ текстты мидæг баззадысты, йæхицæн куыд уыдысты, афтæ.

tybylty_alyksandr_1988.djvu [19.3 Mb] (cкачиваний: 4)
Файл взят в электронной библиотеке « Бæрзæфцæг» («Крестовый перевал») |