поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Созырыхъойы кадæг
Автор: 00mN1ck / 4 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Нарты хъæуы Созырыхъо æлдар уыди. Йæ адæмæн хур уыди, йæ цæрайæ кæрдзын нæ хордтой.
     Созырыхъо рарынчын æмæ амарди.
     Созырыхъо куы амарди, уæд Нарты хъæу нынкъард сты.
     – Гъе-уæу-уæй, чи ма нæ дардзæн, – зæгъгæ-иу фæкодтой.
     Æлдарад Нарты Сосланмæ бахауди. Сослан æлдарæй ныллæууыди Нарты хъæуы. Сослан, Амилахорау, фыдуаг æлдар рацыди.
     Созырыхъойæн йæ ус сывæрджынæй баззад. Афтæмæй Сослан фидиуæгмæ басиды: «О фидиуæг, Нарты хъæумæ ныхъхъæр кæн, æмæ æрæмбырд уæнт дынджыр фæзмæ усæй, лæгæй, чызгæй, сывæллонæй!»
     Райсом æрæмбырд сты æмæ сын зæгъы:
     – Уæ, Нартыхъæу, æз уе 'лдар куы дæн. Хъулæй ахъазæм, æмæ уæ, кæд амбулон, уæд уæ ныддасдзынæн.
     Нарты хъæуы Бурæфæрныг царди. Бурæфæрныг бонджын лæг уыди, бонджынæн йæ куыдз дæр хорз вæййы, æндæра цæй лæг уыди. Бурæфæрныджы равзæрстой Нартыхъæу хъулæй хъазæг Сосланимæ.
     Сослан суылдта, æмæ йе 'ртæ хъулæй æртæ къоды еуу акалди. Бурæфæрныг йæ хъултæй суилы: чи йын сах абадт, чи фыр, чи тæу.
     Уæд Бурæфæрныг зæгъы Сосланæн:
     – Æлдар, ды нæ амбылдтай, æмæ де 'лдарад баззайæд. Уæддæр æлдар куы дæ. Уыцы еууы нæмгуытæ быдыры чи уидзы!
     Сослан загъта Нартыхъæуæн:
     – Æрбадут, æмæ уæ дасын байдайон. Ахæм даст уын ныккæндзынæн, цæрæнбонты уыл хъуын куыннæуал æрзайа!
     Дасын сæ райдыдта æмæ сæ адаста чындзæй, чызгæй, стырæй, чысылæй. Алчи сæ йæ хæдзармæ кæугæ фæцыди.
     Сæхинымæры ныккуывтой Нартыхъæу: «О Хуыцау, куыдзы къухы нæ куы бакодтай. Созырыхъойæн лæппу райгуырын кæн!»
     Созырыхъойæн лæппу райгуырди. Нарты хъæу æм арфæтæ кæнынмæ иууыл æрцыдысты.
     Созырыхъойы лæппу ахæм гуырд рацыди, æмæ дыууæ боны фæстæ йе 'рфгуытæ галы къæлæтты йæстæ уыдысты, йæ цæстытæ сасиры чъилты йæстæ.
     Дыууæ боны фæстæ лæппу йæ мадæн загъта:
     – Мæ мад, былæй мæ акæсын кæн!
     Йæ мад уæйыггомау ус уыди: йæ хъæбысы сæргъæвы лæппуйы æмæ йæ былæй акæсын кæны. Лæппу адæмыл йæ цæст ахæссы æмæ зæгъы йæ мадæн:
     – Адæм иууыл коса куы сты, уæд цæмæн сты æнæхъуын адæм, мæ мад?
     Мад куы старсти, уæд загъта йæ лæппуйæн:
     – Дæ фыд хорз лæг уыди æмæ амарди. Сослан æлдарæн баззад æмæ стыр фыдуаг разынди. Нарты хъæуы ныддаста чындзæй, чызгæй, чысылæй, стырæй, лæгæй, усæй, æмæ сыл хъуын нал хæцы.
     Лæппу йæ мады бафарста:
     – Уæдæ дæу цæуылнæ ныддаста, мæ мад?
     Мад ын загъта:
     – Æз дæуæй сывæрджын уыдтæн, æмæ мæм йæ ныфс не 'рхаста.
     Уæд лæппу йæ мадæн загъта:
     – Ацу Сосланмæ æмæ йын зæгъ: «Райсом раджы мах хъуамæ хъулæй ахъазæм».
     Мад ын загъта:
     – Æз нæ бауæнддзынæн уыцы ныхас Сосланмæ.
     Мад дуармæ ацыди. Йæ бацыдмæ лæппу æфсæн фыййаг стæвд кодта æмæ йæ мады æрбырста:
     – Тагъд ныццу æмæ не 'лдар Сосланæн зæгъ, цæмæй райсом мемæ хъулæй хъазынмæ рацæуа, кæннод дын æфсæн фыййаг дæ хъæлæсы тъыссын!
     Ацыди мад. Ныццыди Сосланмæ æмæ йын загъта:
     – Нæ дæм уæндын дзурын, фæлæ хъулæй хъазынмæ рацу Созырыхъойы лæппуимæ – мæ лæппуимæ.
     Сослан загъта:
     –Ау, уымæн ном куы нæма ис, уæд мæ уыимæ хъазгæ чи базона, уый ма мын мæ къухмæ сыкъа куыд ратдзæни!
     Мад йæ лæппумæ ссыди æмæ йын загъта:
     – Сослан демæ хъулæй хъазынмæ нæ цæуы.
     Лæппу йын загъта:
     – Ацу дыккаг хатт æмæ йын зæгъ, хъулæй хъазынмæ мæм куыд рацæуа. Мæн авдæны бабæдт.
     Авдæны йæ куы бабаста, уæд йæ мад ацыди Сосланмæ æмæ йын загъта:
     – Æнæ хъазгæ дын нал ис, нæ дæ уадзы æнæ хъазгæ æнæном лæппу.
     Сослан усæн загъта:
     – Æз уый куы рамбулон, уæд æй дасгæ нæ акæндзынæн, фæлæ йын йæ хурх ракæндзынæн.
     Цалынмæ мад йæ хæдзармæ цыди, уалынмæ лæппу йæ авдæн фæйнæрдæм атыдта. Райсомы хъазтмæ ацыдысты. Сослан раздæр ацыди æхсæны фæзмæ. Нартыхъæу иууыл æрæмбырд сты. Лæппу йæ мадæн загъта:
     – Кæм сты мæ фыды хъултæ? Уæдæ цæмæй схъомыл, кæд ын хъултæ нæ уыди, уæд?
     Мад ын загъта:
     – Уæлæ цары лагъзы сты дæ фыды хъултæ.
     Рахаста йæ фыды хъултæ æмæ ацыди хъазтмæ æхсæны фæзмæ. Зæххыл адæмы мыггаг нал баззад, иууыл æрæмбырд сты Сослан æмæ Созырыхъойы æнæном лæппуйыл. Сослан загъта Созырыхъойы гыццыл лæппуйæн:
     – Амбулдзынæн дæ æмæ дын дæ хурх ралыг кæндзынæн.
     Уæд ын æнæном лæппу афтæ:
     – Суил, Сослан, мæ хæдзар! Мæ хурх дæр дæ бар уыдзæн æмæ мæхæдæг дæр, куы мæ амбулай, уæд. Фæлæ дæ æз куы амбулон, уæд дæ маргæ нæ акæндзынæн, фæлæ дæ ацы адæмы 'хсæн адасдзынæн. Уилгæ, Сослан, хæрæджы зæронд, суил!
     Сослан суылдта, йæ хъултæй æртæ бæлоны атахти, æмæ загъта:
     – Куыдзы хъыбыл, уыдон æрцахс, æндæра дын дæ хурх лыг кæнын!
     Æнæном лæппу суылдта, æмæ йæ хъултæй æртæ хъæрццыгъайы атæррæстытæ ласта. Æртæ хъæрццыгъайы бæлæтты ацахстой æмæ сæ фæстæмæ Сосланмæ æрхастой:
     – Уый дын дæ бæлæттæ!
     – Суил ноджы, хистæр дæ, – загъта Сосланæн æнæном лæппу.
     Сослан суылдта, æмæ йæ хъултæй æртæ сæгуыты агæппытæ ласта. Созырыхъойы лæппу суылдта æмæ йæ хъултæй æртæ бирæгъы агæпп кодта, сæгуытты асырдтой æмæ сæ ацахстой.
     – Гъе, Сослан, иу уылды бар ма дын ис. Суил, хæрæджы зæронд! – дзуры та йæм лæппу.
     Суылдта Сослан, æмæ алы хъулæй дæр еууы къод акалди, нæмыггай ныппырх сты быдыры.
     – Гъеуыдон æруидз, куыдзы хъæвдын, кæннод дын дæ хурх лыг кæнын! – загъта Сослан.
     Лæппу суылдта йæ хъултæ: цалдæр мины дзы къуырттон кæрчытæ æд цъиутæ агæппытæ кодта, æмæ сæ бирæйы нæмыг дæр нæ фæцис, афтæ сæ æруыгътой. Лæппу загъта:
     – Сослан, амбылдтон дæ. Ацы адæмæн сæ хъуынтæ куыд уыдысты, афтæ сæ фестын кæн, кæннод дын дæ хурх лыг кæнын!
     Сæ хъуынтæ куыд уыдысты, афтæ рæсугъд сын сæ фестын кодта Сослан адæмæн. Адæм цинæй амардысты.
     Лæппу загъта Сосланæн:
     – Ам ме 'рцыдмæ бад, æз уал мæ хæдзармæ ауайон.
     Йе 'рцыдмæ бадти Сослан, адæмы дæр нæ ауагъта Созырыхъойы лæппу. Лæппу ацыд æмæ йæ мадæн загъта:
     – Мæ фыды сæрдасæн мын æрхæсс!
     Лæппу сæрдасæн райста, йæхæдæг æй фехæлдта.
     – Сослан, æрбад-ма мæ быны, кæддæра дасын æнцон у, уый дын фенын кæнон.
     Сослан лæппуйы бын æрбадти, афтæмæй йæ дасы, къуымых сæрдасæн æрдæг лыгтæ фæкодта йæ рустæ Сосланæн. Даст æй куы фæци, уæд ын загъта Созырыхъойы лæппу:
     – Ацу, зæронд хæрæг, æмæ туг калгæйæ дæ рæсугъд усы фарсмæ æрбад. Уый дæ фæрсдзæн, цы кодтай, уымæй.
     – Уыцы куыдзы хъыбыл мæ ныххудинаг кодта, афтæмæй тугкалгæйæ ссыдтæн, – загъта Сослан йæ рæсугъд усæн.
     Ус ын загъта:
     – Исты хос дын куы скæнон, мæнæ лæг, уæд мын цы ратдзынæ?
     – Цы дын раттон, мæ бинойнаг дæ, æмæ алцы дæр дæ къухы ис, фæлæ мын исты хос скæн ацы худинагæн.
     Сосланы ус хорз æхсæвæр скодта æмæ загъта:
     – Ныр къулбадæг усы æрбакæнæм, æмæ йæм дæ мады номæй дзур!
     Æрбахуыдтой къулбадæг усы, æмæ йын Сослан загъта:
     – Абонæй фæстæмæ мæ мады хуызæн уыдзынæ æмæ мын исты хос скæн, уыцы лæппу мæ ныххудинаг кодта.
     Къулбадæг ус ын загъта:
     – Исты дын схос кæндзынæн, фæлæ мæ ма схъæр кæн. Уымæн йæ фыдæн ахæм бæх ис, авд азы æддæмæ уагъд нæу, авд скъæты дуæрттæ йыл æхгæд сты. Созырыхъойы лæппуйæн зæгъ: «Стыр быдыры бæхтыл схæцæм». Уымæн «нæ» зæгъæн нæй, æмæ бæх æрцагурдзæн йæ мадæй. – Уый ахæм бæхы мыггаг у, æмæ дæ дынджыр бирæгъдзарм кæрц дæ уæлæ скæ: уыцы бæх бирæгъы тæф куы бамбара, уæд лидздзæн, æмæ-иу ды лæппуйы цæв.
     Ацыди Сослан стыр быдыры дынджыр обаумæ. Лæппу ссыди æмæ йæ мадæн загъта:
     – Мæ мад, мæ фыдæн бæх нæ уыди, бæх?
     Мад ын нæ хъæр кодта йæ фыды бæх, фæлæ йæ лæппу нал уагъта. Уæд ус загъта:
     – Гъе, уæууæй-гъе, фыдæбон йæ бацамонæгæн... Уыцы бæх фыдбылызы бæх у æмæ сафдзæни мæ лæппуйы.
     Лæппу загъта:
     – Ралас мын æй, райсом мын Сосланимæ æнæ хæцгæ нæй!
     Уæд ын мад загъта:
     – Ма 'рцу йе 'ввахс, бахæрдзæн дæ, мæхæдæг æй раласдзынæн.
     Нартыхъæуæн загъта:
     – Дард æрлæуут, æндæра уæ бахæрдзæн!
     Мад бацыд æмæ бæхы раласта. Ауыдта лæппуйы æмæ йæм йæ цæстытæ сдзагъултæ кодта. Ус загъта бæхæн:
     – Уый дæ барæджы лæппу у, фæлæ йæ ма амар, бадгæ дыл кæны.
     Ус æрæууæндын кодта бæхы лæппуйыл, сифтыгъта йын æй æмæ йæ æрбаста дуармæ. Йæ фыды кард æмæ топп цæттæйæ рахаста. Лæппу йæхи сифтонг кодта: кард уæд, топп уæд, нымæт уæд, Нартыхъæу æрæмбырд сты, кастысты йæм, мæты бацыдысты: «Гъе-уæууæй, нæ хорз гуырд сæфдзæни, ацы фыдбылызы бæх æй сафдзæни!» Лæппу куы сбадти, уæд æм фæстæмæ дзуры бæх:
     – Гъе лæппу, фæлæудзынæ мын барæгæн?
     Лæппу йын загъта:
     – Ды мæ хæсгæ акæн, уыййеддæмæ мæ фæлæууыны мæт ма кæн.
     Уæд ын бæх загъта:
     – Уæдæ мæ ныр ахæм цæф ныккæн, æмæ дæ армытъæпæнæй чъылбыс куыд ысхауа æмæ мæ агъды фарсæй уафсхор.
     Лæппу йæ ныццæфтæ кодта, æмæ бæх сынтау атахти дынджыр обаумæ. Сослан æм кæсæнцæстæй кæсы, дардмæ йæ суыдта æмæ загъта:
     – Уыцы куыдзы хъыбыл рацæуы быдыры!
     Лæппу хæстæг кæнын куы байдыдта, уæд Сослан йæ бирæгъдзарм кæрц тилы. Бæхыл бирæгъдзæрмтты тæф куы сæмбæлди, уæд зыгъуыммæ цæуын байдыдта, лæппумæ нал хъуыста. Бæх зулмæ цæуы, æмæ йын лæппу йæ уидоны рохтæ æрбарæдывта. Сослан æй уыны, фæлæ кæм æййафы уыцы бæхы: маргъы хуызæн тæхгæ кодта. Лæппу йын йæ барцмæ фæлæбурдта æмæ йæ æрбарæдывта, фæлæ уæддæр бæх нæ лæууы. Лæппуйæн гæнæн нал уыди, æмæ йын йæ дыууæ хъусмæ фæлæбурдта æмæ йын сæ стыдта. Уæддæр бæх нæ лæууы: бирæгъдзæрмттæй тæрсы. Ницыуал гæнæн уыд лæппуйæн, æмæ йын йæ дзыхы йæ къухтæ атъыста бæхæн. Афтæмæй йæ урæдта æмæ йын йæ дзоныгъы стджытæ æрбасаста, фæлæ бæх уæддæр нæ лæууы. Уалынмæ йæ æййафын байдыдта Сослан æмæ йæ топпæй фехста. Фехста йæ, æмæ йæ тæккæ фæсонты сæмбæлди нæмыг лæппуйæн. Лæппу бæхæй ахаудта. Бæх йæ хъæтæфæй згъорын байдыдта æмæ суанг Нартыхъæумæ бахæццæ. Æрæмбырд сты Нартыхъæу æмæ йæ тугæй нал базыдтой уыцы бæхы. Бæх Созырыхъойы дуармæ æрлæууыди. Ус æм ракасти æмæ загъта адæмæн:
     – Цæугæут фæдисы, æмæ кæд чъылдымырдыгæй цæф уа, уæд æй ма рахæссут – лидзгæ кодта; кæд риуырдыгæй цæф у, уæд æй рахæссут.
     Ацыдысты йæм фæдис æмæ йæ 'рбахастой. Ус рацыди æмæ йæ федта, – чъылдымырдыгæй цæф уыди, – æмæ загъта:
     – Ахæссут æй, ай мах мард нæу, лидзгæ кодта!
     Уæд ын Нарты Уырызмæг загъта:
     – Лæппуйы аххос нæу, бæх ын нал лæууыд, æмæ йæ Сослан фæсте фехста!
     Баныгæдой йæ уæд уæлмæрдты.

Радзырдта йæ Малиты Тасо. Йæ ныффыссæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 52, папкæ 22, ф. 67–73.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru