поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Хæлар æма хæрам (Дзерæхи кадæнгæ)
Автор: 00mN1ck / 8 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Хицæн кадджытæ
(Дзерæхи кадæнгæ)

Сæ над еу фæууй сæ даргъ фæндагбæл
Етæ цæунцæ, дзубандигæнгæ.
Хæрам лæг цæуй фестæгæй бæргæ,
Хæлар лæг, раст лæг — йæ аласабæл.
Хуцауи уарзон мæгур хæлар лæг
Зæгъуй йе 'мбалæн: «Табуафси, мæ хор,
Атæ фæххуæцæ мæ фæллад бæхбæл!
Мæ ком ниссор æй фур æдонугæй...
Рæсог уазал дон ауæхæн бони
Фæндаггон лæгæн дзенет æй, дзенет!»
Æ бæх фездахуй фæснадмæ-донмæ,
Æргæпп кæнуй 'ма æ бæх февæруй
Хæлар зæрдæ лæг хæрам æмбалмæ.
Æнцад ниххезуй и арф мæскъæмæ,
И арф мæскъæмæ — сауæдонæмæ.
Ку 'ссатæг кæнуй æхе, ку схезуй,
Бæргæ ракæсуй æ фалæмбулай;
Рагъæуай-багъæуай, инуй идардмæ:
Е 'мбал фæттæхуй йæ аласабæл,
Йæ аласабæл, йæ фæллад бæхбæл.
Бæргæ ниххуайуй æ уæраги сæр:
«Ку мæ фæссайдтай æмбалдзинадæй;
Æмбалхуар ку дæ. Хуцау дæ фагæ:
Ци ма ин кæнон, ци ес мæ къохи,
Æз фестæгæй дæр бæргæ лæсдзæнæн.»
Цæунти фæууй Хуцауи раст лæг.
Рахæтуй сах хор изæрæрдæмæ;
Идардмæ зиннуй толдзæ бæласæ,
Омæ ниццæуй мæгур æфхуæрд лæг.
Бæласи буни æртæ бадæни,
Æртæ листæни фæрсæй-фæрстæмæ.
Ниддес уй лæгай — Хуцауи уарзон:
«Æз ани бæрæг æнæ рартасгæ
Нæ ниууадздзæнæн; мæ сайтани хай
Ами кæд бадуй — уæддæр нæ зонун», –
Зæгъгæ, ку схезуй бæласи сæрмæ.
Æрталингæ уй, фиццаг æстъалу
Куддæр сасодзуй, уотæ ба кæсуй:
Арс æрбацæуй, берæгъ æ фæдбæл,
Сæ фæсте робас — Сирдони думæг.
Астæугкæй сбадтæй æ дзæмбу сдæргæ
Гъолон æфцæг арс е 'стур бадæни;
Æ галеу фарсæй хуалхуар цъæх берæгъ;
Æ рахес фарсæй æ думæг телгæ
Нæ робас кæнуй «гуассæ-нисси» бадт.
Уæд арс райдайуй æ бæзгин хъурæй:
«Æз аци бонæ уæртæ хонсари
Дони билæбæл мура бæласæ
Охæн иссирдтон, мудæй е дзагæй!
Къуæрей фагæ мин уæддæр уодзæнæй!
Минасæгæнгæ 'ма фарни зар дæр
Гъæди никкæнун... идзаг мæ губун!
Офф-офф! мæ хортæ, æ муд куд хуарз æй!»
Берæгъ райдайуй: «Æз дæр абони
Æзинæй хуæздæр мæхе нифсастон.
Минасæ кæнун уалдзæгæй нурмæ:
Муртазатæбæл цæруй мæ фиййау,
Æгас фондз анзи хæтуй хъæрæуæй
Æ рахес цæстæй, бæргæ иннæ дæр
Ку батар уидæ, берæгъи нивæн...
Хъæрæймаг æ рази — сайгæ мæ кæнис!
Нæбал ди тæрсун! кæцæй нæ инуй,
Раст ецирдæгæй фæууй мæ лæбурд...
Мæхе бацæнцæ нард косæрттæгтæ,
Тъæпп хауй нур дæр фидæй мæ хитъин.
Фиййауæн хуасæ мæхецæй æндæр
Аци дуйнебæл ку неке зонуй.
Æ фусти астæу сау гулу сæгъæ,
Куддæр байсæрда æ хъæрæу цæстæ
Ой тогæй, уотæ мæнæн мæ ком — баст!
Ку не 'срессидæ мæ губун уæдмæ,
Цалдæнмæ уомæн хуасæ искиндæуа,
Ести радзорæ, нæ кæстæр хуæрæ!»
Робас ку дзоруй, æ губун хафгæ:
«Миститæ арæх — нæ лигъз будури,
Хуцауæй боз дæн — æз бон-изæрмæ
Гъазун æхцатæй, сугъзæринтæ 'ма
Кæдзос æвзестæй — дæлæ надгæрон
Они ку ссирдтон и къотæр рæбун,
Сæумæ дæр цæттæ 'й мæ гъазæн гъолæ».
Сирдтæ фестунцæ сæумæ рагиау,
Алке æ надбæл фæффудвæндаг уй.
Æрхезуй лæг дæр бæрзонд бадæнæй,
Сæумæ ку ссеруй æхца ходи дзаг,
Æхца ходи дзаг — робаси гъазæн.
Уайун байдайуй Хуцауи раст лæг
Уæлæ къолæмæ, уоми раеруй
Мура бæласæ; мура бæласæ.
Мудæй е 'дзаг æй, орс-орсид мудæй.
Æхе нифсадуй, æ хæтдзæ дæр ма
Хæссун байдайуй хъæрæу фиййауæн;
Муртазатæмæ æрхæццæ 'й нæ лæг,
Уоми фæндагбæл инуй фиййауи.
Салам ин раттуй: «О, дæ фонс берæ».
«Берæ фæццæрæ! Медæмæ, уазæг,
Мæ уосонгæмæ! Æдонуг кæд дæ?
Уæртæ гъосини хуарз тæнæг къумæл,
Æстонг одзæнæ — фид нæмæ арæх!
Фестæг лæг ку дæ, кæцæй фæндараст?»
«Атæ 'ма атæ», – зæгъгæ, радзоруй
Мæгур æфхуард лæг æ бæхи хабар.
«Хуцау ке кæна, — дзоруй хъæрæу лæг, —
Е хуарз ку хуннуй: æз дæр фондз анзи
Хæтун хъæрæуæй, мæ еу цæстæ ма
Бæргæ фæлгæсуй цъæх будуртæмæ
Мæ сау фустæмæ, гъолон сæгътæмæ;
Кунæг кæнунцæ мæ хуæздæр фустæ...
Мин сæ нимадтон — нур мин кæд æнцæ
Фараст инсæдзи цуппар гъæуаггин.
Еу гадздза берæгъ мæбæл исагъудæй,
Цард мæ нæ уадзуй, цæгъдуй мæ фусти!
Ме 'ннæ цæстæй ма æз ку скæсинæ
Есгæд — мæ маст ин уæд бахатинæ».
«Æз дин ку зонун дæ цæсти хуасæ!» —
Зæгъуй хæлар лæг уæд æ фусунæн.
Фиййау ниссурх уй: «Корун ди, уазæг,
Айуан ма кæнæ, дæуæй æфхуарддæр
Лæг кæд разиндтæй — уæддæр уомæй хъал
Дæ зæрдæ ма уæд! Уæллаг ци 'рхæссуй,
Ой неке зонуй æ сфæлдесонтæй!»
«Дæ сæгъти астæу сау гулу сæгъæ...
Æрбайæвгæрдæ, æ гъар тогæй дин
Дæ хъæрæу цæстæ æз байсæрддзæнæн,
Хуцау æ гъуддаг уотæ аразуй».
Лæг фæггæпп ласуй, æ гулу сæгъæ
Æрбайахæссуй, райкосарт кæнуй.
Сæгъæн æ тогæй Хуцауи раст лæг
Уайтагъд райсæрдуй фиййауи цæстæ,
Фиййау ракæсуй æ дууæ цæстемæй,
Кинау низзелуй уæд æ фур цийнæй,
Хинцун байдайуй æ хуæрзгæнæги.
И сæумæ ба ин æ фустæн се 'рдæг
Ку стумбул кæнуй раст лæги разæй.
Цæун байдайуй Хуцауи уарзон,
Хуцауи уарзон, кæдзосзæрдæ лæг,
Фембæлуй ибæл æ хæрам æмбал:
«Æз ба ма, — зæгъуй, — дæу ку агурдтон
Уæдæй ардæмæ, дæ бæх дин ластон.
Кæми дин адтæй еци фусти къуар?»
Раинсæдзоруй хæларзæрдæ лæг
Æ хуарз хабæрттæ. Хæрамзæрдæ лæг
Соцъагæнагæ 'й: «Цæуон ахсæви
Еци толдзæмæ, æз дæр бавзарон
Мæ нивæ, мæ хор! Хуæрзæбонæ бал!»
Фæннæхстæруй 'ма бæласи цонгбæл
Æрбадуй бæргæ — зæнхæмæ хæстæг,
Зæнхæмæ хæстæг нæл гогузи бадт.
Зæгъуй æ зæрдтæй — æз син сæ дзурдтæй
Еу дæр дзæгъæли нæ рауадздзæнæн».
Сах хор куд фæцæй нæ хуæнхти аууон,
Æрбацæунцæ, сæ гъирнун цæугæй,
Разæй гъунтъуз арс, е стур дзæмбуйæй
Сикъит ку скалуй æма нимбохуй,
Низзугъгъутт ласуй æ разæй дортæ,
Æхе ниггæлдзуй фæлмæн листæнбæл;
Æ фæдбæл робас мæтъæл-мæтъæлæй,
Нур райдайдзæнæй-уæд райдайдзæнæй
Тъиф-тъифæй кæун нæ гæди силæ.
Æрæгиау ба къулух-къулухæй
Гъæрзгæ 'ма нæтгæ нæ цъæх абæрег
Æрбацæйхилдæй, æ листæнмæ дæр
Æнхæст не схæццæ 'й, хъæбæр зæнхæбæл
Æрхаудтæй, æ къах æвзагæй стæргæ.
Зæгъуй гъунгун арс: «Рамардтæн судæй!
Фæццудтæн бабæй мæ еубонтиггон
Бæласæмæ, 'ма мудæн æ кой дæр
Нæбал ес, нæбал, фæммин æй къагъдæй.
Ухстбæл цума 'нцæ 'мæ сау артæнтæ
Отæ содзунцæ... гъе, уæууæй, уæууæй!»
Робас райдайуй кæунгъæлæсæй:
«А дууæ бони æз дæр агорун
Ме 'хцатæ, фал – фæмминсæхастæй,
Цæмæй гъаздзæнæн амæй æндæмæ?»
Берæгъ ниннæтуй: «Хæдзаруат бадæн!
Абони бабæй хъæрæу фиййаумæ
Багъузтæн æма, фустæн сæ нарддæр
Куддæр раскъафтон, уотæ мæ фиййау
Æ хъæрæу цæстæй ракастæй æма
Æ даргъ хъæрæймаг æ сау агъодæй
Æваст фелваста, фæггæрах ласта...
Æркæсетæ-ма, мæ рахес къахæн,
Мæ фæстаг къахæн æ фади гъолæ
Куд ниццæхмор æй... мæ тæрегъæдæй
Ку фæххæтидæ мæнау къулухæй!
Дес цæбæл кæнун... сумахæн дæр ма
Уæ муд, уе 'хцатæ хæтгæ лæг иссерæд,
Фал мæ фиййауи цæсти хуасæ ба
Ку неке зудта мæхецæй æндæр!
Хуцауи дессаг, ка ин æй загъта?
Игъосгæ нæмæ маке кæнæд, ма?
Искæсетæ ма бæласи сæрмæ».
«Уæлæ 'й!» — гъæр кæнуй цъæхснагхъур робас.
«Уæлæ 'й!» —нимбохуй гъолон æфцæг арс.
«Исхезæ 'имæ уæлæмæ, робас!»
«Ци ма мин кæнай? — зæгъуй ин робас, —
Мæ мæгур сæр мин ницъцъæлæ кæна?»
«Исхезæ имæ, нæ цурд лæборæг!»
«Кумæ уин хезон къулух-къулухæй!
Дæхуæдæг, баба, ма рауадзæ, ма!»
Арс дæр фæллæууй æ фæстæгтæбæл,
Хезун байдайуй хæрами фæдбæл,
Е дæр хезунæй ку нæ ауæрдуй,
Уæлдæрæй уæлдæр бæласи цъопмæ,
Ордæгæй æхе бæргæ нинтъохуй.
«Ма рауадзетæ!» — æмбохуй уæллаг.
Уæд е скъелæбæл нæ хæрам лæгæн
Робас ниххуæцуй æ циргъ æнсуртæй,
Берæгь дæр имæ къулух-къулухæй
Æхе батæруй. Лæу-лæуæй сæмæ
Æрхъæртуй арс дæр æма нимпурсуй
Мæгур хæрами! Дæ фудгол уотæ!
Хæрам бабун æй, хæрами фæндаг
Берæ нæ хæссуй, цубур æй, цубур!
Хæларзæрдæ лæг адæми рæнгъи
Цæруй дуйнебæл æ рæстдзинадæй
Адæми уарзгæ, Хуцауæй тæрсгæ.

«Дигорон кадæнгæ». Туйгъанти Махарбеги финст. Владикавказ, Типолитография 3.И.Шувалова, 1911, ф. 16—23.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru