Уайдт æма, Хъубадти Тазæрет Донифарсмæ Минæвæрттæ, гъæйдт æма ку рарвиста: Ма кæнетæ, Дони фарс! Дигори бæлццæнттæ 'ма мин мæ бæлццæнттæ, Гъей, ма мæстæй маретæ, гъай-гъай-гъай!
Æ минæврттæ ин масти хæтдзæ Гъай-ай-гъа, æрбарвистонцæ, гъай! Хъубадти Тазæрет искувта: – А Хуцау, мæхе Хуцау! Хъубадти бундорбæл уæхæн игурд рантæсун кæнæ, Донифарсæн мин аци маст гъуддæгтæ, Гъай, зæрдæбæл ка бадара, Бахатун ка бафæраза! Уалæммæ Фæснæли сæри арви дуар баигон æй: Хъубадти Тазæретæн Иналухъ райгурдæй. Уæхъæци сæри хуæнхтæ ниххудтæнцæ, Лезгори сæри хуæнхтæ никкудтæнцæ. Донифарси Гагуон къубус æ бунтæй Æртæ хатти низмалдæй; Кобегкати хуарз Айдарухъ æ хуссæнуатæй Æртæ хатти рахаудтæй. Сæумæ раги фестадæй, Тулайон Тулабегмæ бадзурдта: – Æдосæ хъæбæр тухгин игурд, Нивгун игурд райгурдæй, Нæхе фарсæй æй Хуцау ма рацох кæнæд, Æма хæдзаргай нæ фарси рахæтæ! – Рахадтæй æма фæстæмæ фездахтæй: – Неци хабар е, – зæгъгæ. Уæдта Кобегкати хуарз Айдарухъ искувта: – Цæргæсатæй æй Хуцау ма рацох кæнæд: Губуни хуаллагмæ æздæхагæ æнцæ, Æма сæ хæтдзæ бафедаудзинан. Цæргæсатæй ку рахецæн уа, Уæд æй Хуцау Туйгъантæй фæккæнæд: Нард фингæ æма кæлгæ синонмæ æздæхагæ æнцæ. Уонæй ку рахецæн уа, Уæдта 'й Хуцау Абисалтæй фæккæнæд: Дæргъæхсарæ ма цубуркъох, нæлфуси муггаг æнцæ. Уонæй рахезгæй Хуцау æй Хъубадтæн сæ силгоймагæй фæккæнæд, Уæд æй енцег исхæсдзинан. Æма муггагмæ лимæн исуодзинан, Сæ нæлгоймагæй ку фæууа, Уæдта, н' астæу берæ маст гъуддæгтæ ес, Маст гъуддæгтæ сæ зæрдæбæл дарагæ 'нцæ, Разæй нæмæ лигъз дзордзæнæнцæ, Фал нин фæстегæй ба Не скъели уедæгтæ уадздзæнæнцæ. Кобегкати Айдарухъ рарвиста Тулайон Тулабеги Дигоргоммæ: – Бабæрæг кæнæ, кæбæл ци хуарз æрцудæй, – зæгъгæ. Мæцутæмæ бахæтдзæ 'й, æма, Фæснæли согдзаутæ заргæ рацудæнцæ. Басæфарста: – Цæбæл исхъал айтæ, Фæснæли согдзаутæ? – Цæмæннæ ма схъал уæн? Нæ зæронд æлдарæн лæхъуæн райгурдæй; Аллирдиги имæ бæхуæргътæ, Бæгæний уæргътæ 'ма имæ тохъулитæ фæццæунцæ, Уони хуæрун æма ниуазун махмæ кæсуй. Нигколти хуарз Иналухъ имæ иссудæй Сау гали хъури сурх дари басти хæтдзæ, Йенцег æй хæссуй. Тулайон Тулабег фæстæмæ бахæццæ 'й Донифарсмæ Хъæбæр истур зæрдæгъигæдзинади хæтдзæ: – Донифарс, не 'сæвд æрцудæй, – зæгъгæ, – Хъубадти Тазæретæн лæхъуæн райгурдæй, Уобæл ба Нигколти Иналухъ æхе ном исæвардта Ма 'й йенцег рахæссуй Донифарси фæсевæд рауадæнцæ Мæцутæмæ æ размæ. Загъта Тулайон Тулабег: – Æз дæр мæхе авдæнхæссæг ракæндзæнæн, Райæскъæфдзæнæн, æма мин Æнхусдзинадæ раттетæ! – Рахастонцæй, æма сæбæл Мæцути Тулайон Тулабег рамбалдæй Расинарфæ кодта: – Нивгун игурд уæд, зæгъгæ. – Æз дæр уин æй еу минкъи рахæссон, Уæ авдæнæ мæммæ дæр æрбадæттетæ! – Ма син æй раскъафта, Донифарси фæсевæд дæр ибæл сæхе никкалдтонцæ, Бахастонцæ 'й, Еу седзæргæс уосæмæ 'й равардтонцæ, Æма 'й хаста æхе лæхъуæни хæтдзæ. Хæссун æй байдæдта, æма бонæй-бонмæ Хъарæгунгæнгæ рацудæй. Донифарси битдзеути хæтдзæ Гъазунгъон ку фæцæй, Уæд уотæ тухгин адтæй, Æма гъазгæ-гъазгæ кæмæн æ цонг расæттидæ, Кæмæн æ къах расæттидæ! Донифарс ибæл марунвæндæ искодтонцæ. Æ йенцег мадæ к' адтæй, Е æй æхсæвигон рахаста æма 'й Хъубадти Тазæрети хæдзарæмæ бахаста. Æ хабæрттæ Тазæретæн æрдзурдта: – Донифарс æй марунмæ гъавтонцæ, Нур ба 'й æрбахастон, хæссун æй нæбал фæразтон, Æма дин нур ба берæ цæрæд! Уосæ раарфæ кодта, æма йин загъта Тазæрет: – Дæ фудæбæнттæ дин Хуцау дзæгъæл ма фæккæнæд! Фал æз дæр ковун: Фиццагидæр, Хъанухъти æфсæн дуар Куд нимморæ кæна, Йеци дуари сæститæй æ бæхæн Цуппар цæфхати куд искæнун кæна, Уæхæн игурд æй Хуцау фæккæнæд! Еци дзурд лæхъуæн æ зæрдæбæл бадардта. Йеу бон кæми адтæй, Уоми æ фиди гæрзтæ исбаста, Сбадтæй æ бæхбæл, Хъæбæр тугъдефтонгæй Донифарсмæ бацудæй. Сæ зæрдæ кæбæл фæрристайдæ, Уæхæн маст гъуддæгтæ син бакодта. Уæдта бацудæй æма Хъанухъти æфсæн дуар нимморæ кодта, Æ бæхæн си цуппар цæфхатей фагæ Дуари састæй рахаста. Сæ хæдзарæмæ сæ æрбахаста, Загъта: – Цотæ, аци æфсæйнаги сæститæ Мæ фиди зæронди размæ бахæссетæ: Мæнæ дин Хъанухъти æфсæн дуари сæстдзæгтæ! Йе дæр æхе раргъувта, Хъанухъти дамугъа ибæл фæййидта, Искувта: – Йеунæг Хуцау, дæхецæй боз! Нур ба ку рамæлон, Уæддæр нецибал кæнуй! Æгайтима мин Донифарсæн Маст бахатæг фæцæй! Еци бонæй аци бонмæ Донифарс Дигорæмæ тухæ кæнунмæ Нæбал æрцудæнцæ.
Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт 26 ноябры, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 13, ф.34–38.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |