поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Уази фурти зар
Автор: 00mN1ck / 26 августа 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
Уай, Нарти хестæр Уаз ку хундтæй,
Уай, Нарти Уазæн æртæ фурти ку адтæй.
Æртæ фурти, уæйдт æма, ку баиурстонцæ,
Нарти зæрæндтæ се 'уаргутæ,
Уæрæйдæ, уайтæ, уæрæйдæ, уай!
Уай, дууæ хестæр фуртæн уæзгæдæр хай.
Æ кæстæр фурт Ацæмæз ку хундтæй.
Уомæн фæлмастдæр хай,
Уæрæйдæ-уайтæ, уæрæйдæ, уай!
Уай, сæ фиди хæзна сугъзæринæ хæтæл
Æ хай ку фæцæй.
Уой хæтдзæ ниффардæг æй
Уæлæ Сау хонхмæ.
Гъæйдт æма, сугъзæринæ хæтæлæй
Сау хонхи бæрзондæй ку ниццагъта:
– Гъæйдт, Нарти зæрæндтæ,
Нарти иуарунтæ никкодтайтæ
Æма мæ мæ фиди мулкæй æнæ хай фæккодтайтæ,
Уæрæйдæ, уайтæ, уæрайдæ, уай!

Гъæйдт, мæнæ Сау хонхи
Ку цæруй Сайнæг-æлдар,
Уомæн еунæг кизгæ Агундæхан-рæсугъд,
Нарти уонæхсар фæсевæд имæ
Радугай Нарти зæрæндти фервистонцæ,
Уæрæйдæ, уайтæ, уæрайдæ, уай!
Сæ йеуемæ дæр нæ бакумдта!
Гъе нур ба æз иссудтæн
Мæ фиди хæзна сугъзæринæ хæтæли хæтдзæ
Æма'й уой цæгъдунæй мæхецæн
Ниссайдзæнæн бинойнагæн!
Сау хонхи бæрзондæй ниццагъта
Æ сугъзæринæ хæтæлæй,
Будур хъуæцæ кæнун райдæдта,
Уæдта цъæх æрттевун дæр райдæдта,
Туацъий хъамилтæй сæргин сæгтæ
Æмæ и гъæуæнзтæ и будуртæмæ
Æруæзтæ-æруæзтæ искъæрунтæ байдæдтонцæ.
Заманай цауæйнæнттæ сæмæ
Сæ фазæбæл бурун байдæдтонцæ.
Йеу ма дæр æй ниццагъта.
И будури и готæнттæ даргъ ауæдзтæ,
Фæтæн хумтæ кæнун байдæдтонцæ.
Итингдæр æй уæд ниццагъта.
Бæлæсти сæртæй саугъæдтон мæргътæ
Алли æвзагæй уасун уæд байдæдтонцæ,
Цæгатон æрситæ дæр имæ
Семун уæд баидæдтонцæ.
Агундæ-рæсугъд имæ уæддæр нæ кастæй.
Уæдта æ фиди хæзна сугъзæринæ хæтæл
Аст æвзагемæй ниййефтигъта æма ниццагъта:
Уорс хонх æма Сау хонх дууæ фурау истухтæнцæ.
Сау хонхи сирдтæ æма Уорс хонхи сирдтæ
Ниллæгутæмæ æрлигъдæнцæ.
Агундæ-рæсугъд дæр имæ фæрсагæй ракастæй
– Фудибон дин фæууа, Уази фурт Ацæмæз!
Дæ хæтæли гъæрæй нæ нæбал ниууадзуйнаг дæ? –
Йе дæр: – А, Хуцау мæ ку фесафта, – зæгъгæ,
Æма æ фиди хæзна сугъзæринæ хæтæл
Айнæги фарсбæл ниццавта
Æмæ æртæ 'мбеси фæххаудтæй.
Уонтæ бæрзонд æма сæргубурæй
Рараст æй сæ хæдзарæмæ
Нарти Уази фурт Ацæмæз;
Фæстæмæ ма дойрон рæбунæй йеу каст фæккодта.
Агундæ-рæсугъд рауадæй æма хæтæли сæстдзæгтæ
Æ дари къохмæрзæни æрбатухта
Æма сæ бахаста хæдзарæмæ.
Нарти Уази фурт Ацæмæз дæр æ ходæ фелваста:
– А, Хуцау, ма мæ фесафæ, – зæгъгæ.
Рацудæй Нарти Уази фурт Ацæмæз, æма йибæл
Сау хонхи бæрзондбæл цуппар бæхгини исæмбалдæй.
Сæ йеу адтæй Сау хонх бæрзондбæл бадæг сугъзæринæ Уасгерги,
Иннæ ба адтæй
Бестауи бæрзондбæл бадæг Уорс Йелиа,
Иннæ ба адтæй
Æргиунгæги бæрзондбæл бадæг Тæтæртупп,
Иннæ ба адтæй
Хъæрæуи хонхи бæрзондбæл бадæг Хуари Уацелла.
– Уæ, дæ фæндаг раст,
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз!
Цирдæмæ фæндараст
Уонтæбæрзонд æма сæргубурæй?
Йе дæр син загъта:
– Гъе, не 'зæдтæ, не 'даугутæ! –
Æ хабартæ син æрдзурдта.
Уасгерги йин загъта:
– Будури хуарздзинæдтæй йимæ
Æз неци æрбауадздзæнæн.
Хуари Уацелла йин загъта:
– Йеунæг æфсерæ дæр ин
Æз хуари нæмуг нæ ратдзæнæн.
Бестауи бæрзондбæл бадæг
Уорс Йелиа йин загъта:
– Ку нæ дин æй дæтта,
Уæд æй æз сау хуæнхти хæтдзæ
Листæг фунук никкæндзæнæн.
Цо æма Нарти Сосланæн зæгъæ,
Æма Нарти зæрæндтæ куд рацæуонцæ минæвар.
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз æрцудæй
Æма барвиста Нарти Сосланмæ минæвар:
– Уæлæ не 'зæдтæ, не 'даугутæ æрæрвистонцæ:
«Рацотæ Сау хонхи цæрæг
Сайнæг-æлдармæ минæвар!»
Иссудæнцæ Нарти зæрæндтæ æма Сау хонхи цæрæг
Сайнæг-æлдари йеунæг кизгæ
Агундæ-рæсугъди ракурдтонцæ
Нарти Уази фурт минги Ацæмæзæн.
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз
Ниффардæг кодта æхецæн бинойнагæн
Сау хонхи цæрæг Сайнæг-æлдари
Йеунæг кизгæ Агундæ-рæсугъди,
Сугъдæг налхъут-налмастæ æ уæле,
Уотемæй, сæрсæргæнгæ.

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъуырманы фырт, 25 ноябры, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 13, ф.30–33

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru