Сырдон иу хæдзары уыд уазæгуаты æмæ йæ схуыссын кодтой тынг уазал уаты зымæгон. Уæд Сырдон куынæуал фæрæзта уазалæй, уæд сыстад йæ хуыссæнæй: æддæмæ куы ацæуин, уæд рацу-бацу кæнин æмæ хъармдæр уаид, зæгъгæ. Дынджыр куыдз дуары кæрон хуыссыд æмæ дзы нæ рауæндыд. Фæстæмæ та уатмæ бацыд. Æхсæв-бонмæ фæгæртт-гæртт кодта уазалæй уым. Райсом цармæ кæсы æмæ халас сæвæрдта цар. Уалынджы йæ фысымтæм хъæргæнæг æрбахъæр кодта: – Хъæубæсты зиан и. Уæд Сырдон рагæпп ласта æмæ йæ фысымимæ фембал и: æз дæр мардмæ цæуын, зæгъгæ, æмæ йæ фысымимæ зианмæ бацыдысты. Мæрдадзы лæууынц. Уалынджы мæрддзыгой устытæ æрбацæуынц æмæ дзы иу хъарæг кæны æмæ афтæ зæгъы йæ хъарæджы: – Дæ-дæ-дæй, уыцы уазал ранмæ дын чи цæудзæн! Уæд Сырдон йæ фысыммæ бакаст æмæ йын афтæ зæгъы: – Сымахмæ йæ хæссынц? Уæд æм йæ фысым дзуры: – Уый та дын цы ныхас у? – Уæдæ хъарæггæнæг афтæ куы хъарæг кæны: «Дæ-дæ-дæй, уыцы уазал ранмæ дын чи цæудзæн!» Уæд дæ уатæй уазалдæр дунейыл дæр куы никуы и.
Радзырдта йæ Таутиаты Дрис, 9 февраль, 1941 аз, Даргъ-Къох. Ныффыста йæ Наниты Васо. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф.247.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |