поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
1. УАСГЕРИ 'МА ÆНÆ ФИНДЗ МАРГЪУЗ
Автор: 00mN1ck / 28 октября 2007 / Категория: Хицан кадджытæ
Уасгерги фæууй Уæларвон цæрæг;
Дыууæ оши ин; уæллаг дзиллити
Цæруй сæ хестæр, дæллаг дзиллити
Цæруй сæ кæстæр, Къурпи бæрзондбæл.
Цæттитæ кæнуй æхе Уасгерги,
Цæунмæ гъавуй афæдзи балци.
Æ хестæр ошæ зæгъуй кæстæрæн:
«Исони бон æй нæ лæги нæхстæр,
Дæуæн ба нур дæр дæ хуйуйнæгтæ
Уæртæ лæуунцæ æрдæг кæрститæй,
Æрдæг кæрститæй — æрдæг худтитæн.
Ходуйнаг, мæ йарт! Курондзаутæ 'ма
Дондзау оштитæ зар 'скаёзддзæнцæ,
Ой нин базонгæй, нæ дууебæл дæр».
Кæстæр æмигир уæд æ медбилтæ
Баходуй æма дзиуап саразуй:
«Уанæбæрæг ма куд æхцул 'уисæ
Нæ лæгбæл, мæ хор, æнæ финдз Маргъуз
Куд æй алцæмæй, отæ ку уаидæ».
Нецибал дзоруй. хестæр ошæ дæр,
Фал баивæруй сау маст æ зæрди.
Æхсæвæй сцæуй æ хестæр ошæмæ
Уасгерги, уинуй мæтъæлæй бадгæй
Къæразгæ рæбун æ рæсугъд оши
«Ци кæнис? — зæгъуй. — Дæ хуарз цæгатæй
Маке 'рбахæссæд фуд хъонци хабар».
«Мæ хурфæ содзуи, мæ сæри хецау,
Мæстæй абонккæй: нæ Къурпи бадæг
Дæ хуарз æфшинæн айсоми зæгьун:
«Дæ хуйуйнæгтæ ратагъддæр кæнæ».
Хуæздæр дзурдæн мин отæ фæкодта:
«Æнæ финдз Маргъузи хузæн ку уайдæ
Алцæмæй æнхæст, уæд ибæл цума'
Куд æхцул уисæ — уæд æй дæхецæн
Хъури æгънæгæн бæргæ дарисæ».
Ходуй Уасгерги æма фæрохс уй
Аварæ омæн æ худтæй æваст:
«Цитæ мин дзорис... уæхе нимæри
Кунæг зæгъдтæлтæ сумах нæ кæнтæ».
И сæумæ фестуй æма ниццæуй
Дæллаг дзиллити кæстæр ошæмæ.
«Ку нæ разинна æнæ финдз Маргъуз,
Куд зæгъис, отæ — мæгур дæ къоппа,
Дæ сæри къоппа! Иодæ-бæтдзæнæн
Емиллæг бæхбæл, тъæпæн будурти
Радæуадздзæнæн еци хузæнæй.
Æцæг ку уа дæ дзурд — дæуæй адгиндæр
Нæбал одзæнæй мæнæн дуйнебæл».
Уасгерги сбадуй æ орс æвсорхъбæл,
Нийцæфтæ кæнуй æвзестæ æхсæй,
Будуртæ дауй омæн е 'хои къæрц,
Будуртæ дауй — хæнхтæ арауй.
Цæун байдайуй идард бæстæмæ,
Æ цуд не 'халуй сæумæй изæрмæ.
Изæри цæуй æхсæвæртæмæ.
Идардмæ уинуй арти цæститæ,
Йæ гъоши цæуй бæхгæши гъæртæ.
Идардæй сæмæ ку багъæр кæнуй.
Раимæ-уайуй фараст лæхъуæни,
Æ идонæбæл ин фæхуæцунцæ 'ма
«Медæгмæ иуазæг» — зæгъгæ, зæгъунцæ.
Нивгæрдунцæ ин æнæ бадт байраг,
Хуарз æн хинцунцæ. Сæумæ ку фестуй,
Ку рафæлгæсуй — будур нæ зиннуй,
Дзурд дæр не 'гъусуй бæхти гургурæй.
Сæ бæхгæстæ 'нцæ фараст фарасти,
Хъойрахти хæццæ, архъанти хæццæ.
Бæхтæ раздæхун туххæй комунцæ.
Фæрсуй Уасгерги: «Атæ кети 'нцæ?»
«Ани хецау æй æнæ финдз Маргъуз,
Æрнæмæ кæнуй анзæн еунæг цуд
Æма фæлласуй бæрцæлвид байраг».
«Æ цæрæн кæми 'й, кæми гьæубæсти 'й?»
«Хуарзæй-фудæй ин неци лæдæрæн».
Бæхбæл фæббадуй æвæсмард уазæг,
Бæхбæл фæббадуй, бон-сауизæрмæ
Цæун баидайуй уæларвон бæхбæл.
Галæргъæуттæ 'ма къамбецæргъæуттæ,
Идзаг фæздойнæ — хуæрдгун гъоцитæ
Зиннун баидайуй нæ хуарз бæлццонмæ.
Онæн сæ отар — æгас гъæубæстæ,
Се стæнтæн ахæст — æгас будуртæ,
Сæ нимæдзæ ш>ин туххæй ерунцæ,
Минтæй нимайгæ сæ гъомгæстæ дæр;
Уасгергий размæ æрцæунцæ.
— «Уæ фо,нс беурæ уа!» — «Берæ фаэццæрæ!
Изæр æй, уазæг, махæн нæ рæсти
Некæд фецауй фæллад бæхгин лæг.
Мах дин фусун ан, фусун, иуазæг».
Дууæ æхсæви 'й нæ рауадзунцæ,
Æвгæрдунцæ ин бонæн ионуг,
Хуарз æй уинунцæ хуæрдæй-ниуæстæй.
Етæ Уасгергий нæ фæсмæрунцæ.
Æ нæхстæрбæл син отæ ку зæгъуй:
«Аци минасæ ке фæрци кæнун,
Ой ку нæ зонун, ци уавæр лæг æй?»
«Махæн не 'лдар æй — æнæ финдз Маргъуз,
Æ фонши бæрæг райсунмæ анзæн
Еунæг цуд кæнуй, — идард кæмидæр
Цæруй æхуæдæг; исон рæфтæмæ
Ду фембалдзæнæ æ фийаутæбæл,
Онæн зундгонд æй æ гъæумæ фæндаг».
Райарфæ кæнуй, рафæндараст уй,
Цæун байдайуй уæларвон бæхгин.
Бонæ ку цæуй — е 'мбал æй сах хор;
Æхсæвæ цæуй — æ над амонæг
Арвæн е 'фшийнæ — рохс цæсгом мæйæ,
Сæумон æстъалу — æ сæумон æмбал.
Рæфти ныхъхъæртуй урух тагæмæ,
Донбæл бадунцæ фустæ 'ма сæгътæ,
Фустæ 'ма сæгътæ дори арæхæн.
И дони æрхæ бæлæсти æхсæн
«Ани хецау æй æнæ финдз Маргъуз,
Æрнæмæ кæнуй анзæн еунæг цуд
Æма фæлласуй бæрцæлвид байраг».
«Æ цæрæн кæми 'й, кæми гьæубæсти 'й?»
«Хуарзæй-фудæй ин неци лæдæрæн».
Бæхбæл фæббадуй æвæсмард уазæг,
Бæхбæл фæббадуй, бон-сауизæрмæ
Цæун баидайуй уæларвон бæхбæл.
Галæргъæуттæ 'ма къамбецæргъæуттæ,
Идзаг фæздойнæ — хуæрдгун гъоцитæ
Зиннун баидайуй нæ хуарз бæлццонмæ.
Онæн сæ отар — æгас гъæубæстæ,
Се стæнтæн ахæст — æгас будуртæ,
Сæ нимæдзæ ш>ин туххæй ерунцæ,
Минтæй нимайгæ сæ гъомгæстæ дæр;
Уасгергий размæ æрцæунцæ.
— «Уæ фо,нс беурæ уа!» — «Берæ фаэццæрæ!
Изæр æй, уазæг, махæн нæ рæсти
Некæд фецауй фæллад бæхгин лæг.
Мах дин фусун ан, фусун, иуазæг».
Дууæ æхсæви 'й нæ рауадзунцæ,
Æвгæрдунцæ ин бонæн ионуг,
Хуарз æй уинунцæ хуæрдæй-ниуæстæй.
Етæ Уасгергий нæ фæсмæрунцæ.
Æ нæхстæрбæл син отæ ку зæгъуй:
«Аци минасæ ке фæрци кæнун,
Ой ку нæ зонун, ци уавæр лæг æй?»
«Махæн не 'лдар æй — æнæ финдз Маргъуз,
Æ фонши бæрæг райсунмæ анзæн
Еунæг цуд кæнуй, — идард кæмидæр
Цæруй æхуæдæг; исон рæфтæмæ
Ду фембалдзæнæ æ фийаутæбæл,
Онæн зундгонд æй æ гъæумæ фæндаг».
Райарфæ кæнуй, рафæндараст уй,
Цæун байдайуй уæларвон бæхгин.
Бонæ ку цæуй — е 'мбал æй сах хор;
Æхсæвæ цæуй — æ над амонæг
Арвæн е 'фшийнæ — рохс цæсгом мæйæ,
Сæумон æстъалу — æ сæумон æмбал.
Рæфти ныхъхъæртуй урух тагæмæ,
Донбæл бадунцæ фустæ 'ма сæгътæ,
Фустæ 'ма сæгътæ дори арæхæн.
И дони æрхæ бæлæсти æхсæн
Онæй сау даруй кæрæй-кæронмæ,
Кæцæйдæр цæуй хæтæли цæгъдун,
Хæтæли цæгьдун — æнгом æрдзæфгъæр.
Зилдæй бадунцæ инсæй лæхъуæни
И хорæфтуди, бæлаши буни;
Еу ши ку цæгъдуй, дууæ ши кафуй,
Дууæ ши кафуй рагон кæсгон кавд.
Сæ осонгæмæ 'й ку бахонунцæ,
Уазал мешин нн æрбадавунцæ,
Æрбавгæрдунцæ нард хæрсгæ далис,
Æрбакъæр-къæр уй ухстбæл фезонæг.
«Маргъуз фæдзæхста махæн, — зæгъунцæ
Æрцæуæгкаги губун æфсадун.
Хуарзи хабар дæр, фудкойгæнæг дæр
Нæ царди астæу бæлццон лæг фæууй».
Æртæ 'хсæви 'ма æртæ даргъ бони
Етæ хинцунæй нæ ауæрдунцæ.
Цуппæрæймаг бон æ дзоргъа бæхбæл
Рафæндараст уй уазæг Маргъузмæ.
Къулдуни сæрæй кæсуй дæлæмæ,
Кæсуй дæлæмæ: урух будурбæл
Гъæу нитъæпæн æй, æ бæрæг астæу
Гъæуæн æрттевуй даргъ иуазæгдонæ,
Хорау æрттевуй и цъæх зæлдæбæл.
Æ бæх ордæмæ уæд нийаразуй,
Рæуæг бацæуй уазæги цудæй
Æма ниллæуй Маргъузи тургъи
Уæларвон бæхгин, æвæсмард цæуæг.
Раимæ-цæуй асæй рæстæмбес,
Æ уиндæ — неци, гурæй дæр отæ;
Сæгъдзар бор ходæ, цъæх цохъагин лæг.
Бæхæй Уасгергий æрхезун кæнуй,
Æ цъæх нимæт ин ишесуй æма 'й
Бахонуй, базбæл пилæстæг ширей
Æрбадун кæнуй хуарз иуазæги.
Дзоруй Уасгерги: «Маргъуз мæ гъæуй».
«Маргъуз дæ размæ 'й», — зæгъуй ин е
Ниддес уй иуазæг æхе нимæри:
«Циуавæйраг хуцауи дессаг —
Мæнæн мæ фусун; æ уиндæ — неци.
Хузæнæн ма ин финдз дæр ку уидæ,
Æ кой ба кæми 'й, æ фонс дæр ахит!».
Омæй дессаг дæр е 'уазæгдонæ:
Æрхи — æ фæрстæ, æ сæри астæу
Цирагъи бæсти сæумон æстъалу;
Домбайи шиутæ æ рагъæнтæ 'нцæ,
Онæбæл ауигъд æ тохæн гæрзтæ.
Сæнт орс пилæстæг æ бадæнтæ 'нцæ,
Онæбæл æфтуд рæсугъд дангъатæ.
Уалдæнмæ ибæл изæрæрдæмæ
Æмбурдтæ кæнуй беурæ адæмтæ,
Рæнгъæй дуармæ даргъ уазæгдони
Етæ лæуунцæ уазæги сæргьи.
Хинцун байдайуй фусун уазæги:
Сæумæ ин — орс гал, цъæх гал — æхсæвæ.
Æстæмæй-астмæ 'й некумæ уадзуй.
Игъæлдзæг огæй хуæрдæ-ниуæстæй
Уæгæ нæ кæнуй ндардæй бæлццон.
Æстæймаг бони зæгъуй Уасгерги:
«Фæлдад дзабурæй хъæбæрдæр нæрсуй
Уазæг æдзохдæр хуæрдæ-минасæй!..
Никки февулæд дæ беурæ фонс дæр;
Фал æз бадунмæ дæумæ нæ цудтæн.
Загътон мæ зæрдтæй: Маргъузи хæццæ
Лæбурди еу цуд ку фæккæнинæ;
Дæу фæрци, Маргъуз, нæхе бæстæмæ
Де знæгти фонсæй ку фæттæринæ».
Маргъуз радзоруй: «Мæ бæх, лæхъуæнтæ!»
Æрбаласунцæ губунгин бор бæх,
Губунгин бор бæх æ цæсти къеутæ
Халони æстæ; зулун къæхтæ 'ма
Дони хъаймагъæй æ дæлхъуртæмæ,
Къæндзæги буни æ еугур барцæ,
Байрæгути хуæрд æ цубур думæг,
«Гъе, уæууæй, Маргъуз, — дзоруй е 'уазæг,
Ци мæрдцæстæ дæ, дæхецæн дæр ма
Хузæнæн бæхбæл ауæрдгæ кæнис?
Омæй хуæздæр бæх нæбал исшердтай?
Райуадзæ, е ба хæта хæмпæлти,
Фагус æзмæнта æ даргъ сæфтугтæй».
«Нæ даргъ фæндагбæл бæрæг одзæнæй! —
Зæгъуй ин фусун. — Æ дангъа — æ цуд!»
Рабадунцæ 'ма ранæхстæрунцæ
Цудгин бæхтæбæл Маргъузи тургъæй.
И гъæдрæбунмæ ку бахъæртунцæ
Æ бæхæргъаумæ; дзоруй Уасгерги:
«Анæй мин радтæ сæ барæуæдзтæй,
Зæрдæ нæ коруй анæй хуæздæр фонс,
Ду дæр раздæхæ дæ хæдза'рæмæ,
Æз дæр цæудзæнæн мæ даргъ фæндагбæл».
«Сæрбæлттау дин уæд мæнард бæхæргъау,
Æгайтима сæ дæ сæрмæ хæсшис!
Де 'ннæ фæндæ ба дзæгъæл æй, уазæг,
Ме 'стæги гъæдæ федæр кæдæй æй —
Кæдæй байдæдтон лæбурди цæун,
Некæд раздахтæй æрдæг фззндагаэй
Æнæ финдз Маргъуз æ гъæугæронæй.
Зæгъдзæнæнцæ ми: лæбурди цæун
Нæбал бандиудта æнæ финдз Маргъуз.
Хазсгæ мард фæуун беурæ хуæздеер æй
Маргъузæн, мæ хор, уæхæн фудкойæй.
Дони урухбæл денгизи ордæг
Дууæ гъæуи 'нцæ мæ хъалондартæ;
Донæн æ еу фарс Тæтæр цæрунцæ,
Донæн еннæ фарс Туркаг сахар ес.
Ниуæстæй нæ хуарз фæххинцдзæнæнцæ.
Сугъзæринæй худ сæ еу тъæпæнæг,
Мæхе сласдзæнæн сæ тъæпæнæгмæ;
Рауадздзæнæн æз фæстаг ниуазæн,
Нæ Уасгергиæн æ даргъ цæрæнбон,
Мæ цæстæ дæмæ фæнникъолдзæнæн,
Тъæпæнæг дæмæ æз исдæддзæнæн,
Дæ бæхбæл цæфтæй мабал ауæрдæ...
Уæдта одзæнæй — хуцауи фæндæ»...
Фæннæхстæр унцæ, онæн сæ бæхтæ
Дони кæнунцæ бабузи накæ,
Урух сауденгизи етæ кæрдунцæ
Сæ реугудуртæй цъæх фелауæнтæ.
Сæ кæрæдземæн и дууæ бæхи
Рази барæ дæр нæбал дæттунцæ;
Идардбæл бадуй сæ дони финкæ,
Сæ пурфæй сах хор нæбал фæззинуй.
Ку бацæуæнцæ Тæтæри гъæумæ...
Дууæ дзилли дæр æрбамбурдунцæ;
Цæттæ дарунцæ хуæрдæ-ниуæстæ.
Сæ сугьзæрийнæ тъæпæнæг уæллæй
Æрæвæрунцæ Маргъузи фарсмæ;
Даргъ фингитæбæл уæд æрбадунцæ,
Фæссæ хинцунцæ дуккаг рæфтæмæ.
Ишистуй Маргъуз æ финги сæргъи,
Разæгьуй отæ æ кæдзос хъурæй:
«Фæууй афонæ и хуæрдæ-нуæстæн,
Фал ес афонæ сæ фæуунæн дæр!
Мах цæун гъæуй нæ даргъ фæндагбæл.
Фæндаггон лæгæн агъазгæнæг æй
Уæларви цæрæг бæхгин Уасгерги,
Æ цæрæн бон ин рауадзун гъæуй».
Æ галеу къохæй æнæ финдз Маргъуз
Уæзбун тъæпæнæг уæхæн фелвасуй,
Кæми фунхтонцæ нивонд гали мард.
Æ бæх Уасгерги ниццæфтæ кæнуй,
Фæххаун кæнуй æвсорхъи фæрстæй
Æркъедзæрттæ 'ма ой финдзи хъæлтæй
Æхшедæрфтæ 'ма курдбадзи цæхæр.
Ку балæборуй, Маргъузи къохæй
Уæд æрбаскъæфуй уæзбун тъæпæнæг —
Æ сæрæй бунмæ сугъзæрийнæй ху.д.
Ниббазуртæ уй иуазæги фæдбæл
Æнæ финдз Маргъуз губунгин бæхбæл.
Сæ фæсте адæм рафæдес унцæ,
Урух будури ниххæлеу унцæ.
Тæтæр зæгъунцæ: «Ци хъæбæр уаруй».
Етæ кæд æнцæ Маргъузи фæттæ,
Маргъузи фæттæ, æ хъæзин фæттæ,
Фæдесон лæгтæн сæ одхæсгутæ.
Турк дæр зæгъунцæ: «Арв нæбæл тохуй».
Арв дæр не 'рдтевуй — æ фæтæн церхъæй
Цæхæртæ хауй финдзой Маргъузæн.
Фæззигон шифтау тъæфилтæй бæргæ
Фæдесон адæн цæфæй хаунцæ.
Бундор низзилдæй они хæдзæртти,
Уазал кæнунцæ Маргъузи къохæй.
Ку бахъæртунцæ урух денгизмæ,
Барæй байдайуй æ бæх орамун.
Æвæсмард изæд — уæларвон цæрæг,
Æхе фæккæнуй Маргъузи фæсте.
«Уæууæй, ме уазæг, дæ бæх бастадæй».
Æ бæх фездахуй æнæ финдз Маргъуз
Æхе орамуй иуазæги фæсте.
Багæпп кæнунцæ ивулд денгизи,
Дæлæмæ 'здахуй æ бæхи иуазæг,
Цума 'й ласуй арф денгизи дон.
«Хæдзаруат кæнун, уæууæй, ме уазæг!
Ку мин фæллæшис и арф денгизи».
Æхе фæккæнуй Уасгергий дæллæй
Æнæ финдз Маргъуз æма саразуй
Уæд е 'хши гъæдæ æвсорхъи фарсмæ.
Æрбахъæртунцæ Маргьузи гъæумæ;
Дуккаг сæумæ ба ку ранæхстæруй
Цитгин иуазæг æ хæдзарæмæ.
Авд лæхъуæни нн — æ бæхти хæццæ,
Они хæццæ ин никки бафтауй
Тæтæри хæзна — уæзбун тъæпæнæг.
Æрдæг фæндагбæл сагъæс байдайуй,
Сагъæс байдайуй уæларвон бæхгин:
«Рагон æмбесонд мæбæл æрцудæй,
Хонхи адтæн 'ма дортæ нæ фæйидтон, —
Маргъузæн æ фий лухгонд цæмæн æй,
Омæн æ бæрæг ку нæ базудтон».
Æрдæг фæндагæй фездæхуй æма
Ниллæууй бабæй Маргъузи тургъи;
Цæуæг-æзмæлæт некæми зиннуй.
Ку багъæр кæнуй — цъæхдзæстæ кизгæ
Æрцæуй уæд иуазæги гъæрмæ.
«Маргъуз кæми уа? Гъæугæ мæ кæнуй».
«Уæлæ обайбæл хуцаумæ ковуй
Дони билæбæл æ оши мардбæл».
Иш-имæ цæуй уæларвон бæхгин
Æвсæндуаргин обайи размæ.
Хуцаумæ ковуй æнæ финдз
Маргьуз Намаз ку фæцæй, уæд имæ дзоруй
Рæсти Уасгерги, æвæсмард изæд:
«Гъулæг дин ма уæд, мæ дзæбæх фусум:
Хæссун мæ хæццæ дæ хуарзи хабар,
Фал æвгъау æй дæу хузæн лæгæн
Аци дуйнейбæл æнæ финдз хæтун;
Ку мин зæгъисæ дæ финдзи хабар».
Æ сæр бателуй æнæ финдз Маргьуз:
«Фудæбони лæг ке разиндтаисæ, —
Зæгъгæ ин зæгъуй, — ой дин, иуазæг,
Бæргæ базудтон дæ фæуиндæй дæр.
Дæ фæуиндæ 'ма дæ бæхбæлбадтæй.
Дуккаг мин адтæй — нæ фонс кæнунбæл
Барæй орæдтай дæ уайгæ бæхи,
Æртиккаг адтæй — денгизи астæу
Дони лæсæг мин дæхе ку окодтай.
Нур ба мæ къахис еу ма хатт дæр ма.
Кунæг не 'нгъæлис, æзнаги къохæй
Каэд лухгонд фæцæй Маргъузæн æ финдз.
Ма мин фæттæрсæ, мæ хуарз иуазæг!
Еу анз фæццудтæн идардмæ балци.
Ниууагътон ами нæуæг хунд осæ,
Фæстæмæ надбæл æвгъæди æсмаг
Цæун байдæдта мæ финдзи хъæлти;
Нæбал фæразтон... мæ хæдзарæмæ
Куд хæстæг — отæ хъæбæрдæр кодта.
Туххæй æрхъæрдтæн мæйдар æхсæви.
Æхсæвæртæбæл кæсун — мæ осæ
Хуссуй æхецæн гьæдздзоли буни,
Хуссуй 'ма кадæр омæн æ фарсмæ.
Мæ тог ширадæй — мæ церхъ фелвастон
Æррæуигътон сæ, — фæтæн пилæстæг
Урундухъ дæр ма фæддууæ 'мбеси 'й;
Æркастæн сæмæ листæгдæр æма —
Ехдон ниллæудтæй мæ тогдадзинти!
Æстур тæрегъæд æрхастон, иуазæг:
Æвгъæди бадтæй мæ осæ, мæгур,
Ме 'рбацудмæ хустæй фæрдуги хузæн
Æнæ тæрегъæд минкъи сувæллон.
Мæстæй фелвастон мæ циргъ сæр.дасæн,
Мæ финдз ой сахат æрбацъип ластон.
Хуцау равардта мæнæн дуйней фонс,
Фал мæхе одæн уæдæй ардæмæ
Нæ йес æнцойнæ, — аци обайбæл
Ковун хуцаумæ, мæ царди бæнттæ
Евгъуйун кæнун æрхунæй, мæ хор!»
«Лæгау фæллæууæ, лæгау, мæ фусун!
Ба-ма мæ хонæ марди уæлгъосмæ».
Ишесуй Уасгерги æ реуи дзиппæй
Бор фæрдуг æма омæй æрсæрфуй
Биццеуи мард дæр, и оши мард дæр,
Йæ фусунæндæр æ финдзи бунат;
Рабадуй осæ æ медбунати,
Æ сувæллон дæр дзедзе агоруй,
Маргъузи финдз дæр уæд банихæсуй.
Сæ кæрæдзебæл цийнитæ кæнунцæ.
Иронхи ши нæ уй сæ хуарз иуазæг.
Фæрсуй æй Маргъуз: «Ци бæстон лæг дæ?
«Уæларвон бæхгин Уасгерги ку дæн,
Дæу базонунмæ бæргæ рацудтæн».
Маргъуз нийдзулуй: «Хæстæган, — зæгъуй,
Нæ рохс базургин хуцауи дзурдæй:
Еу мадæ-фидæй игурд бæргæ 'нцæ
Дæ кæстдæр ошæ не 'фшини хæццæ».
Хорау ниррохсуй урух базургин,
Уæлдай цийнитæ куд нæ кæнонцæ
Сæ кæрæдзебæл! Маргъуз самайуй
Уæхæн кувдтæлтæ — æгас дзиллитæ
Æрæмбурд унцæ... Хуæрдæ, минасæ...
Кавд æма зардæн кæрон нæ фæууй.
Къурпи бадæгмæ кæстæр ошæмæ,
Æ орс æвсоргъæй уæларвон бæхгин
Æрфестæг уй 'ма «дæ бон хуарз» зæгъуй,
Бонхуарз ку зæгъуй — игъæлдзæг фæууй;
Дзоруй йæ ошæн Маргъузи хабар,
Дзоруй ин никки æ хуæри хабар,
«Салантæ, — зæгъуй, — æрветунцæ дин».
Зæгъуй æ осæ: «Мæ сæри хецау,
Барæй дин скодтон Маргъузи кой æз;
Мæхуæдæг коргæй нæ фæццудайсæ —
Ой бæргæ зудтон! Æгайтима мин
Нæ хæстæгути хæстæгмæ фæууидтай!»
Цæруй сæ астæу уарзондзинадæ,
Цийнитæ кæнунцæ сæ кæрæдзебæл.
Мæнæ, хуарз адæм, махæн дæр радтæд
Хуцау нæ астæу федуддзинадæ!
Сæци гонд рæхис-уарзондзинадæй
Федар баст куд уæн нæ фæди-фæдмæ.

«Дигорон кадæнгæ». Туйгъанти Махарбеги финст. Владикавказ, Типо-литография 3. И. Шувалова, 1911, ф. 28—41.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru