Стамбулмæ цæудзыстæм, Гуд-гуды-гудала. Урс дзул дзы хæрдзыстæм, Гуд-гуды-гудала. Дари хæлæфтæ кæндзыстæм, Гуд-гуды-гудала, Дари хæдæттæ кæндзыстæм, Гуд-гуды-гудала. Паса-мæйттæ кæндзыстæм, Гуд-гуды-гудала. Адджын цай цымдзыстæм, Гуд-гуды-гудала. Сырх мæнæу дзы хæрдзыстæм, Гуд-гуды-гудала. Муссæйы хъæбул амæла, Гуд-гулы-гудала. Дæлæты цом, уæлæты, Гуд-гулы-гудала.
Радзырдта йæ Гусаты Хатъо. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 116.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |