Бæгъиатæ сæ кардæй хъæдтæ самадтой, Тæгиатæ мæнгардæй лæгтæ рамардтой.
Аспиатæ сæ хостæ Бæлтамæ нылластой. Аспиатæ сæ хоты Хатуйы марæггаг гæртаммæ нылластой. – Хосхæрæн уæтæртæ сæ ривæды дарджытæ. Ыскæнут мыл, мæ хотæ, тæригъæды хъарджытæ.
Къардойнаг салдатмæ халат, худ разындис, Цураты Мысостмæ налат туг разындис, Æууæнкæй мæ рамардта. Пылиты Хату бадзуры: – Ныккæнут мыл, Иры чызджытæ, тæригъæды хъарджытæ.
Радзырдта йæ Плиты Лади. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт, 1938 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 35.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |