Нартæбæл фуд æстонг анз искодта. Ци бахуардтайонцæ, йе сæмæ нæбал адтæй. Цауæни хаттæнцæ 'ма сирди фидæй сæ царди æгъдау евгъуйун кодтонцæ. Уæд еу бон кæми адтæй, уоми Нарти Хæмиц цауæнæй еу сикъей мард æрхаста; æхе бинонтæ дæр си хуардтонцæ, уæдта си адæмæн дæр фæллæвæрттæ кодта, 'ма уотемæй сикъей мард фæццæй. Æ синхон къæсибадæг уосæ дæр имæ фенгъæл кастæй, 'ма ин си неци рарвиста. Уæдта имæ æхуæдæг æрбацудæй, куд синхон, уотæ, æ сикъей æстгутæ 'ма æ цари гæппæлтæ ин сосæггай сæхемæ æрбахаста 'ма ин си хинæ искодта. Æстгутæ 'ма цари гæппæлтæ арти бакалдта 'ма загъта: – Абонæй фæстæмæ дин Хуцау Æфсатий фонсæй хай мабал бакæнæд, æхстмæ нæ, фал дæ цæстæй карк дæр куд нæбал фæууинай, уотæ. Еци бонæй фæстæмæ Хæмиц цауæни хаттæй, сирди муггагæй æ цæстæ дæр нецибал фæууидта 'ма й базудта, цидæр хинæ ин ке скиндæй, уой. Æндæр къæсибадæг уосæмæ фæццудæй фæрсунмæ; е ин загъта: – Мæнмæ ба цæмæн æрцудтæ, – дæ размæ дæ синхон къæсибадæг уосæ дæмæ фенгъæл кастæй, дæ сикъей мардæй ин ратдзæнæ, зæгъгæ, 'ма ин си ку нæ рарвистай, уæдта дин хинæ искодта. Ниддæбаста, дæ сикъей марди æстгутæ 'ма гæппæлтæ дин сосæггай æхемæ æрбахаста 'ма сæ арти бакалдта. – Мадта мин мæ баст исуæгъдæ кæнæ, – зæгъгæ, корун байдæдта къæсибадæг уосæй Хæмиц. – Хуасæ дин байамондзæнæн, – зæгъгæ, загъта къæсибадæг уосæ, – æртæ уæлвицги ма хумæллæги сæхъун райсæ тæбæгъи 'ма сау гъæдæмæ фæццо. Фиццагидæр ци стур бæласæмæ исхъæртай, уой буни сæ исковдзæнæ. Дууæ уæлвицги дæ фæйнæ фарсемæ рагæлдздзæнæ, æртиггаги ба бахуæрдзæнæ. Хумæллæги сæхъун ба ниддумдзæнæ 'ма зæгъдзæнæ: «Абонæй фæстæмæ мæ баст ихалд куд уа, уотæ, уæдта, аци хумæллæги сæхъун тæбæгъæй куд фæццохæй, уотæ ми ме 'лгъист æма мæ хинæ куд фæццох уонцæ, уотæ». Къæсибадæг ин цидæриддæр загъта, уони бакодта Нарти Хæмиц. Уæдта æ кард, æ топп райста, 'ма сау гъæди цауæни рацудæй. Гъæди еу сахат фæццудæй, уæдта еу æрдози цъæх зæлдæбæл сæгти къуар хезгæ ниууидта, 'ма сæ фехсон, зæгъгæ, уотæ ба арви гъæри хузæн еу гæрах фæццудæй, 'ма сæгтæн сæ тæккæ баргъондæр ка 'дтæй, е уоми райзадæй. Хæмиц дæр дес кæнуй: «Мегъæ дæр ку некæми ес, уæдта арви цæф дæр куд уодзæнæй, æндæр есге æй рамара, æма лæг дæр ку некæми зиннуй». Уотæ ба гъæдбунæй еу минкъæй лæг фæззиндтæй, саги æрбавгарста, æ фæстаг хурфидзауматæ ин фелваста 'ма сæ бæласи сæрмæ фехста. Анæмæ дæр, зæгъгæ, æнгъæлдзаутæ ес, æма атæ ба уони хай. Нарти Хæмиц берæ къуæцæлтæ рамбурд кодта, нийймæцудæй, æ сирди мардбæл ин къуæцæлтæ бакалдта, æхуæдæгка имæ дзоруй: – Берæ дин Хуцау ратта Æфсатий фонсæй! – Ке дæттун мин сæ гъæуй, мæхе ку æнцæ, уæд? – зæгъгæ, е дæр имæ дзоруй: Мæнкъæй лæг саг ракосарт кодта, арт ракодта, ургтæ æма фидти дзæбæхтæй цуппар ухсти райдзаг кодта æма сæ артмæ фезонæг фунх ракодта. Дууæ си Нарти Хæмици размæ æрбайвардта, дууæ ба си æхуæдæг хуæрун байдæдта. Уайтагъддæр мæнкъæй лæг дууæ ухстей дзаг фезонгутæ рахуардта. Нарти Хæмиц ба еунæг ухст дæр туххæй фæцæй. – Хуæргæ цæмæннæ кæнис? – зæгъгæ, дзоруй мæнкъæй лæг Хæмицмæ. – Куд тагъд рафсастæ? Устур лæг уогæй куд мæнкъæй бахуардтай? – 'Ма æртиггаг ухсти дæр æхемæ æрбайста æма уой дæр бахуардта. Нигки дæр саги фæстаг къалеуи æд фарс æркъуæрдта, райфезонæг кодта æма уой дæр бабæй рахуардта. Нарти Хæмиц устур дестæ кодта, ци дессаги лæг æй, мæнкъæй уогæй, ци берæ хуæруй, дзæгъгæ, 'ма 'й базудта, хумæтæги лæг ке на'дтæй, уой. – Куд дæ фæндуй, Нарти Хæмиц, – зæгъгæ, имæ дзоруй мæнкъæй лæг, – еумæ цауæни ку рахæтианæ, уотæ дæ фæндуй? – Рахæтæн, – зæгъгæ, загъта Хæмиц дæр. – Мадта дæ бæрцитæ рахæссай ардæмæ, – зæгъгæ, æма ин æ бæрцдæтти æ топпи ефтигъдтæбæл æхе топпихуасæй фæйнæ мæнкъæй ракодта æма ин загъта: – Мæнæ аци комбæл ду цо, æз ба иннæ комбæл цæудзæнæн, 'ма сирдбæл ку сæмбæлай, уæд имæ гъавгæ-еу ма бакæнæ, фал æй уомæй æррæстæ ефтигъд уотид бадарисæ, уæдта имæ фат æхуæдæг цæудзæнæй. Фæйнæ комеми рандæнцæ цауæнгæнгæ. Фæйнæ сæдæ сирди рамардтонцæ. Мæнкъæй лæг сæ куд маргæ цудæй, уотæ син сæ къобæлттæбæл уæрдæхтæ æфтаугæ цудæй. Уæдта сæ еу рауæнмæ æрæмбурд кодта 'ма сæ æ рагъи сæ бунатмæ æрхаста. Нарти Хæмиц ба æ сирди мæрдтæ къæрттитæгæнгæ цудæй, 'ма син сæ ургтæ фелвасидæ; уотемæй син сæ ургтæ нимæти æрцурхта 'ма сæ туххæй бунатмæ æрхъæртун кодта. Бунати сæ уæззау гæлст æркодта, 'ма имæ мæнкъæй лæг дзоруй: – Ци дин æнцæ атæ, ци уæззау гæлст сæ æркодтай? – Сæдæ сирди, – зæгъгæ, – рамардтон, 'ма син сæ ургтæ мæ хæтдзæ æрхастон. – Уæд дæ сирди мæрдтæ ба кæми 'нцæ? – Кæмити сæ рамардтон, уомити сæ ниууагътон. – 'Ма сæ дзæгъæли цæмæн ниууагътай? Берæгътæн æнæуой дæр берæ ку ес, рацо мæ хæтдзæ, 'ма мин сæ байамонæ, кæми 'нцæ, уой. Хæмиц æ хæтдзæ рацудæй 'ма ин сирдти мæрдтæ амонгæ. Е дæр син сæ къобæлттæбæл уæрдæхтæ æфтаугæ 'ма сæ еу рауæнмæ æмбурд кодта. Уæдта сæ æ рагъи ракодта, уони дæр сæ бунатмæ æрхаста. Дууæ сæдæ сирди марди ку æрæмбурд кодта еугурæй дæр, уæд сæ, мæнкъæй лæг ка 'й, е æртæ хайи-æмбеси кæнун байдæдта. Хæмиц дес кодта, дууæ æмбалемæй æндæр ку нæ ан, æмæ æртиккаг хай кæмæн кæнуй, зæгъгæ. Æвæдзи, æхецæн дууæ хайи кæнуй, æма ацал-ауал анзи мæнбæл уæхæн æфхуæрд ку некæд симбалдæй. Хуæздæри хай ми ку некæд неке райста, уæд а куд æй, зæгъгæ, æхе меднимæр загъта æхецæн. Хæйттæгонд ку фæццæй, уæдта мæнкъæй лæг фæрсуй Нарти Хæмици: – Æз æма дæуæй ка хестæр æй? – Ка ни хестæр æй, зæгъгæ, уотæ ба мин цæмæн бафæразтай, æз зæронд лæг ку дæн, ду ба ма лæхъуæн ку дæ? – Мадта ди æз минкъий хестæр дæр нæ дæн, фал ди æгас фæлтæр хестæр дæн. Хуцау, зæгъгæ, фитдзаг фæлтæри исфæлдиста Гумирити æма ин æгæр устуртæ фæццæнцæ; уæдта дуггаг фæлтæри ба исфæлдиста Уадмирити; уæдта æртиггаг фæлтæри ба исфæлдиста Елиати ма ин етæ æгæр тухгин фæццæнцæ; цуппæрæймаг фæлтæри ба исфæлдиста мæнæ мах, Кæмбæдати, 'ма ин мах ба æгæр мæнкъæйтæгонд фæццан. Мах фæсте ба фæндзæймаг фæлтæри исфæлдиста сумах, Нæртон адæми, гъе 'ма æз дæуæй дæн хестæр æгас фæлтæр, фал уæддæр хестæри хай дæттун дæуæн. 'Ма фитдзаг дæ хестæри хай исесæ, уæдта райсæ де 'мбали хай дæр. Уотемæй Хæмиц райста дууæ хайи, Кæмбæдай-фурт ба еу хай 'ма 'й йе 'рагъи ракодта, уотемæй æ хæдзарæмæ рарастæй. Ку раевгъудæй, уæд еу сахати фæсте ба Хæмиц æ фæсте уайун байдæдта, 'ма 'й Кæмбæдай-фурт фæстæмæ ку рауидта, уæд æ сирдти мæрдтæ æривардта 'ма 'й хезуй: æвæдзи мæбæл, зæгъгæ, æ зæрдæ естæмæй фæххудтæй. Ку имæ æрхъæрттæй, уæдта 'й фæрсуй, ци хабар дæмæ ес, мæ фæсте ма ку уайис, зæгъгæ. – Еу гъуддагбæл ма дæ фæрсун феронх дæн, кæмæй дæ, циуавæр дæ, уой мин зæгъæ, кенæ ба некæмæй байрагæс уодзæнæй, æз уойбæрцæ сирдтæ ке рамардтон, уой, æма син уæд ци зæгъдзæнæн? – Æз дæн, – зæгъгæ, загъта, – Кæмбæдатæй, Елиати хуæрифурт, цæрæн зæнхи буни. – Мадта ма ди еу гъуддаг корун. Мæнкъæй уогæй, уотæ хъаурæгин ка 'й, кæд уæмæ уæхæн силгоймаг ес, уæд мæ сумахæй стæггагæ ку уайдæ, уотæ мæ фæндуй. – Ес нæмæ, – зæгъгæ, загъта, – фал ин æнхæст афонæ нæма 'й, хъæбæр æведауцæ 'й, хæфси цъари æй, æма ку не сарази уай. – Дæтгæ мин æй ракæнæ 'ма мæ сумахæй стæггагæ фæууæд, 'ма й Хуцау цъифи золкъи цъари дæр фестун кæнæд. – Мадта дин махæй стæггагæ лæвар фæууæд, 'ма абони майрæмбонæ 'й, иннæ майрæмбони ба дæ киндзхонти хæтдзæ дæ бинойнаг фæлласдзæнæ. Берæй æрцæунæй ма баауæрдетæ. Иуазæги хуаллагæй уин рахъæртдзинан. – Мадта ма мин, ируæд ци уодзæнæй, уой ку зæгъисæ. – Ируæд ба дин уодзæнæй сæдæ сугъзæринæ гъоли. Нарти Хæмиц æ нимæт фæггæлста, æ курæти думæггаг фæхъхъел кодта, райихалдта, сæдæ сугъзæринæ гъоли си исиста ма сæ Кæмбæдай-фуртæн банимадта æ къохмæ. – Уæд уæмæ цæугæ ба кумæ фæккæндзинан? Кæми цæретæ, уой дæр ма мин ку байамонисæ. – Мæнæ мæ биде фæрсмæ дардзæнæн, 'ма гъæди бæлæстæ лухгæнгæ цæудзæнæй, етæ еуæрдæмæ хъантæгæнгæ цæудзæнæнцæ. Лигъз будурмæ ку рахъæртæн, уæдта мæ еу къах фæрсмæ дардзæнæн 'ма зæнхæ ауæдзæгæнгæ цæудзæнæй сауæнгæ мулдзугути гобати уæнгæ. Гъе, уоми ба дин зæнхи буни мæ хæдзарæ. Уотемæй сæ кæрæдземæн хуæрзæбон загътонцæ. Кæмбæдай-фурт æ сирди мæрдтæ йе 'рагъи фæккодта 'ма æ хæдзарæмæ фæдгæнгæ рандæй. Хамиц дæр æ сирди мæрдти ургтæ нимæти ратухта ма Нартæмæ фæдеси рандæй. Æ хабар син радзурдта. Нарти адæми æ хæтдзæ æрбахудта сирди мæрдтæмæ, 'ма сæ фæххастонцæ еугурæй дæр сæхемæ. Нарти адæм куд нæ дес кодтайонцæ, уой бæрцæ сирдтæ, зæгъгæ, ка рамардта, 'ма 'й фарстонцæ Хæмици. Е дæр æрдзурдта, куддæриддæр адтæй сæрæй бунмæ, уой, циуавæр лæг ибæл исæмбалдæй, 'ма дууæ сæдæ сирди куд рамардтонцæ, куд сæ байурстонцæ, уой, уæдта син сæ кизги бинонтæн куд ракурдта 'ма имæ иннæ майрæмбони хонунмæ куд цæун гъæудзæнæй, уой. Майрæмбон ку æрхъæрттæй, уæд Нарти адæм Хæмицæн дууæ сæдæ киндзхонемæй уосæ хонунмæ рацудæнцæ. Кæмбæдай-фуртæн хуæрзбон ци рауæн загъта, уордæмæ æрбацудæнцæ; уордигкæй ба гъæди цагъдбæл рацудæнцæ, будурмæ ку рахъæрттæнцæ, уæдта куд загъта, уотæ ауæдзæ фæззиндтæй; ауæдзæбæл цæун байдæдтонцæ 'ма еу мулдзугути гобатмæ бахъæрттæнцæ. Загъд син куд адтæй, уомæ гæсгæ уоми æрлæудтæнцæ; сæ бæхтæй куд æрхизтæнцæ, уотæ ба сæмæ Кæмбæдати фæсевæд мулдзугути гобати бунæй исгæппитæ кодтонцæ, сæ нимæттæ, сæ топпитæ, æндæртæ син зæнхи бунмæ ниййистонцæ, уæдта син дуар исигон кодтонцæ 'ма син сæ бæхти дæр æма сæхе дæр уордæмæ никкодтонцæ. Æртæ бони ма хуарз фæмминасæ кодтонцæ, уæдта син Кæмбæдатæ загътонцæ: – Кæдмæ дæр нæмæ минасæ кæнайтæ, иуазæги хуаллаг дæр нæмæ берæ ес, уæдта уæбæл гъигæ дæр не содзинан, фал уæ гъенур цæуни барæ ес. Хæмици киндзхонтæ цæуни унаффæ искодтонцæ. Сослан къохбæлхуæцæг куд адтæй, уотæ кизгæмæ бацудæй ма дзоруй: – Кæми 'й мæ хуæрæ? Дуйне рæсугъд силгоймæгтæ си æрæмбурдæй – уосæй, кизгæй. Сослан æнгъæл кæсуй, мæ хуæри мин байамондзæнæнцæ, зæгъгæ, 'ма еуемæ дæр бакæсуй, иннемæ дæр, уæдта имæ дзорунцæ: – Анæй дæ киндзæ неке æй, фал уæртæ гобæнтти æхсæн бадуй. – Гириз мæбæл цæмæн кæнтæ, – зæгъгæ сæмæ дзоруй Сослан, – мæ киндзæ кæци æй, уой мин цæмæннæ байамонетæ. – Мæнæ дæ киндзæ, – зæгъгæ, 'ма имæ гобæнтти æхсæнæй хæфсæ фелвастонцæ. Фитдзаг сæ гириз кæнун æнгъæл адтæй, фал си ку баруагæс æй, æцæгæй сæ киндзæ хæфси цъари 'й, йе, уæд æндæмæ рацудæй 'ма Нарти киндзхонтæмæ гъæрæй дзоруй: – Нурмæ дæр Хæмиц æнæ уосæй уомæн байзадæй, æма рагæй дæр гириззаг адтæй, нур ба Нарти адæми бустæги фæхходуйнаг кодта. Хæфсæ ракурдта 'ма нин уой Нарти æхсæнмæ хонун кæнуй. Алке æ бæхбæл рабадæд 'ма æ хæдзарæмæ цæуæд! Кæмбæдатæ ба загътонцæ: – Хæмиц, нæ дин загътан, нæ кизгæн афонæ нæма 'й, 'ма нуртæккæ хæфси цъари 'й, зæгъгæ? Загъд дин куд адтæй, бонæ ин хæфси цъарæй рахезæн нæййес, æхсæвæ ба, цид, рахездзæнæй, 'ма имæ кæд уотемæй фæддарунмæ дæ нифс нæ хæссис, уæд æй ма корæ. Нарти киндзхонтæ фæххæлеу æнцæ, алке æ хæдзарæмæ рандæй. Хæмиц ма æхуæдæг еунæгæй æризадæй, 'ма ин Кæмбæдатæ загътонцæ: – Гъа, мæ хор, мæнæ дæ сугъзæринæ гъолтæ дæр райсæ, мах уонæмæ гъæуагæ нæ ан. Уæдта дæ уоси дæр хонæ, 'ма дæ зæрдæмæ ку нæбал бацæуа, уæдта 'й уæртæ уоци туппурмæ æрхондзæнæ 'ма 'й уоми ниууадздзæнæ. Хæмиц æ бæхбæл рабадтæй, 'ма ин æ фæсабæрцæмæ хæфси дæр багæлстонцæ. Уотемæй сæхемæ исцудæнцæ. Хæмицæй уотæ, кæд хæфсæ рахаудтæй, зæгъгæ, йе ба саргъи къудур æма æфтауги æхсæн балæстæй. Æ бæх рафснайдта, саргъ ба медæмæ байста 'ма исхустæй. Хæмиц ку рафунæй æй, уæд и кизгæ хæфси цъарæй ралæстæй, 'ма авари кизги дзигкотæй хорау фæррохсæй. Хæмиц фегъалæй æма имæ дзоруй: – Ци изæд дæ, ци идауæг дæ? – Изæд дæр, идауæг дæр нæ дæн, фал дæн, Кæмбæдатæй ци кизгæ ракурдтай, е, бонæ мин хæфси цъарæй ралæсæн нæййес, æхсæвæ бабæй мин Хуцауи фæлдесондæй хæфси цъари лæууæн нæййес. Хæмиц нийдзулдæй, нийбæл цийнæ й'ма имæ дзоруй: – Рацо,мадта, мæ хæтдзæ æрхуссæ. Е ба ин загъта: – Уотемæй дæ хæтдзæ нæма ниххусдзæнæн, фал мæмæ æрæвдесай, уосæ хонуни дарæси рæвдзитæй дæмæ цитæ ес, уони. Хæмиц æ хуссæнæй фæггæпп кодта 'ма имæ æ кири дуæрттæ фæййигон кодта, 'ма дзи куд н'адтайдæ хъумаци дзæбæхтæ 'ма туни дзæбæхтæ – æ битдзеуи дзаманæй уосæ хонуни уæнгæ ке фембурд кодта. И кизгæ кæрдæн райста'ма кæрдунмæ февналдта; æхсæвæ-бонмæ, сæдæ лæгей сæ къахæй сæ сæрмæ цидæр гъудæй фæлустæй, уони кæрдгæ дæр, хуйгæ дæр бакодта. Дуггаг æхсæвæ дæр, гъе, уотæ. Уотемæй дууæ сæдæ лæгей фæлуститæ ку сцæттæ кодта и кизгæ, уæдта загъта Хæмицæн: – Нур ба адæмæн райуарæ, сæ хуæздæртæ син, ка куд мæгурдæр æй, уонæн. Куд ин загъта, уотæ сæ Хæмиц дæр райурста, ' ма адæм дес кодтонцæ, Хæмицæн еци хъæппæлтæ кæми адтæнцæ, зæгъгæ. Уотемæй Хæмиц æ уоси хæтдзæ цæрун райдæдта, бонæ и уосæ хæфси цъари бадтæй, æхсæвæ ба рахезидæ. Уотемæй сæбæл цæйбæрцæ рацудæй, уæдта Бориати Борæфæрнуг хуарисæр кодта æма Нарти адæммæ хонæг рарвиста. Хæмиц æхе кувдмæ цæуни рæвдзæ ракодта 'ма имæ и уосæ дзоруй: – Мæн дæр дæ хæтдзæ хæссæ. – Ходуйнаг æй, – зæгъгæ имæ дзоруй Хæмиц дæр. – Нарти æгъдауæй не 'нгъезуй лæгæн æ уоси хæтдзæ цæун кувдмæ, 'ма мин уой ку базононцæ, уæд мин се 'хсæн рацæуæн нæбал ес. Н' адтæй, уæддæр ниллæудтæй, дæ дзиппи мæ, зæгъгæ, ниввæрæ, æхсæвæ ба нимæт, зæгъгæ, мæ уæле æрæмбæрздзæнæн 'ма мæ нæ базондзæнæнцæ. Гæнæн нæбал адтæй, Хæмиц хæфси æ дзиппи рацавта 'ма Борæти Борæфæрнугмæ кувдмæ рандæй. Бон-изæрмæ кувди фæббадтæнцæ, фæмминасæ кодтонцæ, изæрæй ба алке исхустæй. Хæмиц дæр исхустæй, æ уосæ æ хæтдзæ, уотемæй, стур нимæт сæ уæле æрæмбарзтонцæ. Уæд Сирдон рагæй дæр Нартæн фидбилиз куд н' адтæй, сайтанти хуæрифурт адтæй, 'ма Хæмицæн æ уосæ кувди æ хæтдзæ ке адтæй 'ма æхсæвæ ба æ хæтдзæ ке хустæй, уой зудта, 'ма ин уонити Нартæ цæмæй базудтайонцæ, уой бакодта. Битдзеути исардудта, цæмæй и хуссæг адæмбæл сæ хуссæнтæмæ бугътæ калдтайонцæ. Битдзеутæ дæр, ци лæхæ-бугътæ адтæй, уони адæмбæл сæ хуссæнтæмæ калун байдæдтонцæ, 'ма иуазгутæ еугурæй дæр хъаугъа кæнун байдæдтонцæ, ци æнæконд æма æнæгъдау æнцæ, зæгъгæ, Нарти кæстæр фæсевæд. Уæд син Сирдон, зонæнгин адтæй, 'ма уотæ: – Куцæй ма уæбæл ма гириз кæнонцæ Нарти битдзеутæ дæр, Нарти хуæздæртæ кувдтитæмæ сæ уостити хæтдзæ æхсæвеуатæй цæун ку байдæдтонцæ. – Уой ба ци хонис? – зæгъгæ, Нарти адæмæй алке æ хуссæнæй ралæуирдта. Хæмиц ба æхе æ хуссæни нигъгъос кодта. Еугурæй дæр æй базудтонцæ, Хæмиц æ уоси хæтдзæ æхсæвеуати Борæти Борæфæрнуги кувдмæ ке исцудæй 'ма ке фæхходуйнаг æй, уой. Хæмиц æ уоси хæтдзæ еци сахат сæ хæдзарæмæ æрцудæй 'ма йин загъта: – Абонæй фæстæмæ мин дæу хæтдзæ цæргæ нæбал æй. – Нарти астæу дæу туххæй стур ходуйнаг фæддæн 'ма дæ уæхемæ ласун! Уосæ ба ин загъта: – Ма мæ ласæ, уадзæ мæ, берæ мæ нæбал гъæуй, уæдта мæ хæфси цъарæй рахездзæнæн... Еу бон дæр, дууæ бони дæр, æртæ бони дæр дæбæл фæхходдзæнæнцæ, уæдта дæ феронх уодзæнцæ. Нæ ин бакоммæ кастæй Хæмиц: – Аци ходуйнагæй дæ хæтдзæ цæрунмæ неци бакæндзæнæн, – 'ма æ бæхбæл саргъ февардта. Рабадтæнцæ ибæл æ уоси хæтдзæ, 'ма йин кумæ амунд адтæй æ хонунбæл, уордæмæ 'й æрхаста. Уоми дæр бабæй ин æ уосæ загъта: – Ма кæнæ, ма мæ цох кæнæ, фæсмон дæмæ цæудзæнæй. Фæнддзæнæй ма дæ, фал мин раздæхæн нæбал уодзæнæй, мæйæй æндæр мæ нæбал гъæуй, уæдта мæ хæфси цъарæ рагæлдздзæнæн, 'ма дæмæ адæм хицæ дæр ма кæндзæнæнцæ... Мадта мæмæ дæ дууæ уони æрбадарай. Хæмиц имæ фæстæмæ æхе рахатта æма имæ йе уонтæ бадардта, осæ уæззау адтæй, йе 'нгъудмæ ма адтæй еугурæй мæйæ, 'ма Хæмици дууæ уоней астæу нитту кодта 'ма, æ губуни ци сувæллон адтæй, е æ дууæ уоней астæу цъар æма фиди астæу равзурстæй, æхуæдæгка дæлзæнхæмæ ниллæуирдта. Хæмиц фæстæмæ æрбаздахтæй сæргубурæй, йе уонти астæу къубус дардта, уотемæй. Сатана зонæнгин адтæй 'ма й уайтагъддæр базудта, Хæмици дууæ уоней астæу къубуси сувæллон ке адтæй, уой, уæдта 'ма циуавæр æй æма 'й цæйбæрцæ гъудæй игурунмæ, уой дæр. Хæмиц фулдæр бæнттæ хъанæй лæудтæй, уæззау уосæ æ зайунмæ хæстæг хъан куд фæууй, уотæ, 'ма æ мæйи бон ку æрхъæрттæй, уæдта имæ Сатана æ хуссæнуатмæ бацудæй, 'ма 'й цума нæ зудта, уотæ 'ймæ дзоруй: – Ци кæнис, ци, Хæмиц, дæ сæйгæ ци даргъ ниццæй? – Ма-гъа, мæнæ мæ дууæ уоней астæу цидæр сункъæ искодта 'ма мæ фезмæлун нæбал уадзуй. – Равдесай, æз ба дин æй фæууинон æма, кæд исцæттæ 'й, уæд æй фæкъкъæртт кæнон. Хæмиц имæ æ дууæ уоней астæу бадардта. Фæййинæйкъæртт кодта Сатана 'ма битдзеу фелваста. Иннæ авармæ 'й бадавта 'ма 'й бузурти ратухта, æхуæдæгка ин ном равардта Батраз. Сæ синхонти уосæ сæмæ æрбауадæй 'ма Сатанамæ дзоруй: – Æз ба уин уæ сувæллонæн дзедзе бадарон, – зæгъгæ, 'ма имæ бауадæй, дзедзе ин æ гъæлæси рацавта, æма ин Батраз æ дзедзе ратудта 'ма ин æй ранихъуардта. И уосæ кæугæ фелвæстæй Сатанамæ, уæ битдзеу мин мæ дзедзе ратудта, зæгъгæ. Сатана дæр сувæллонмæ бауадæй 'ма имæ дзоруй Батразмæ: – Еци мæгур уоси цæмæн бафхуардтай? Æ дзедзе ин фæстæмæ исгæлдзæ! Сатанай дзурдмæ ин æнæ игъосун н'адтæй 'ма ин æ дзедзе æ губунæй фæстæмæ исгæлста, раинæйнихастонцæ фæстæмæ; уосæ сæхемæ рандæй. Еци хабар адæмбæл ку æригъустæй, уæд æй базудтонцæ, Батраз хумæтæги игурд ке н' адтæй, уой. Батразæн æ нæуæг игурди дзамани Æхсæртæгкатæ æма Бориатæ стур æзнагæй цардæнцæ. Бориати Борæфæрнуг æхуæдæг нæ нифс кодта Хæмицмæ, фал ибæл æ хуæрифурт Сау Айнæги бадæг Сау Албæги сардудта. Уæдæй фæстæмæ Сау Албæг Хæмици рамарунмæ агурдта. Еу бон кæми адтæй, уоми сæ кæрæдзебæл исæмбалдæнцæ, 'ма, Сау Албæг йе 'фсоргъæбæл куд бадтæй, уотемæй æй æрсурдта. Хæмиц имæ æхе куд фæззилдта, уотæ 'й кардæй ниццавта, 'ма ин æй Хуцау йе 'ндон дæндагбæл рауайун кодта, – кардæй йеу къæртт фæххаудтæй. Нигкидæр æй ниццæфтæ кодта 'ма 'й уотемæй рамардта. Æхуæдæгка 'й бæхи саргъбæл рабаста 'ма 'й рауагъта. Бæх Хæмици мард ку æрхаста, уæд æй Æхсæртæгкатæ уайтагъддæр базудтонцæ, сæ лæгбæл Бориати ардудæй Сау Албæги бæллæх ке æрцудæй, уой. Хæмици фурт Батраз гъазунгъон ку рацæй, уæд еу бон ку адтæй, уæд Бориатæмæ кувд адтæй, 'ма е дæр Сатанамæ дзоруй, æз дæр, зæгъгæ, Бориати кувдмæ цæун. Сатана ба 'й нæ уагъта 'ма цæмæй нæ фæццудайдæ, уой туххæй ибæл еу гебенатæ ракодта, æхуæдæгка ибæл фунук бакалдта. Батраз уæддæр нæ ниллæудтæй, 'ма Бориати Борæфæрнуги кувди исмедæг æй. Берæ сувæллæнттæ дзи адтæй 'ма гъазтонцæ, нисан искодтонцæ, хæснæбæл сæ хъæппæлтæ æрæвардтонцæ, ка 'й фергъæва, уой куд уонцæ, зæгъгæ. Нисан æхстонцæ 'ма 'й неке фергъавта. Уæдта 'й фæстаг ба Батраз фехста 'ма 'й фергъавта. Сæ хъæппæлтæ син рамбурд кодта,'ма син сæ раскъафта. Нарти битдзеутæ дæр æ фæсте ниббазуртæ 'нцæ, нæ хъæппæлтæ нин фæххæссуй, зæгъгæ. Е дæр сæмæ фæстæмæ фездахтæй 'ма син сæ тæккæ устурдæри, раздæр имæ ка æрхъæрттæй, уой райахæста, æ къæхтæй æй низзилдта 'ма 'й фехста. И битдзеу фагуси стур калдбæл исæмбалдæй, æ сæр размæ уотемæй, 'ма дзи иннердигæй ралæуирдта, æ еу къах раморæй, уотемæй. Иннетæн дæр кæмæн æ цонг раморæ кодта, кæмæн æ астæуи стæг раморæ кодта, уотемæй фæстæмæ кæугæ раздахтæнцæ сæ хæдзæрттæмæ. Кувди адæммæ бахабарæй, нæ битдзеути хъæппæлтæ еу битдзеу фæххæссуй, сæхе ба син, зæгъгæ, ниттатхуалитæ кодта. Гæр, æма е ка уодзæнæй, зæгъгæ, уæдта син Сирдон уотæ: – Ци зонун, уомæй е, Хæмицæн хæфсæй ци битдзеу байзадæй, е уодзæнæй. Сирдон æ фæсте рацудæй 'ма имæ дзоруй: – Уæлæ дæмæ кувди адæм дзорунцæ. Батраз, Бориати Борæфæрнуги авд лæхъуæней хъæппæлтæ æ дæлагис, уотемæй кувди адæми сæргъæмæ бацудæй. Алли лæгигъæдæй дæр æнхæст адтæй, сæ фингæмæ син февналдта, 'ма дзи цидæр адтæй, уони сæрæй бунмæ рахуардта. Еугурæй дæр имæ гъæла кæсæгæнгæ байзадæнцæ; ниддес æнцæ, уæдта имæ сæ еу дзоруй: – Мадта кæд уотæ лæгигъæдгун дæ, уæдта дæ фиди марæгæн ести бакæнæ. – Еци загъди хæтдзæ Батраз битдзеути хъæппæлти зæнхæбæл фæккодта 'ма исцирен кодтонцæ. Дорин къæпхæнтæ къахæй ниггуппитæ кодта, 'ма етæ дæр гургурæй исцæфстæнцæ, æхуæдæгка сæхемæ фæтътъæбæртт кодта, 'ма æ къахдзæфтæ дæр æ фæсте исцирен кæнионцæ. Сæхемæ æрхъæрттæй 'ма мæтъæл бадт тъæрæбæл æрбакодта. Сатана имæ дзоруй: – Ци кæнис, есге дæ бафхуардта? – Ка мæ бафхуардта? Адæми битдзеутæ еугурæй дæр цæкутæ хуæрунцæ, 'ма мин нæ равардтонцæ, мæнæн ба цæкутæ дæр некæд искодтайтæ. – Цæкутæ дæ уой бæрцæ дæр ку гъæуидæ! Нуртæккæ дæр дин ракæндзæнæн. 'Ма устур къæйæ артбæл февардта. Къæйæ ку ссурх зинг æй, уæд Сатана 'ма сæ косæг уосæмæ фæллæбурдта 'ма син сæ къохтæ тæвдæ къæйæбæл нилхъивта. – Тагъд мин, мæ фиди марæг ка'й, уой зæгъетæ! – Хуцау си ма сбоз уæд, дæуæн уой ка загъта, – зæгъгæ имæ дзоруй Сатана, – дæ фиди дин рамарун кодта Бориати Борæфæрнуг æ хуæрифуртæн, Сау Айнæги бадæг Сау Албæгæн. – Цæргæ ба кæми кæнуй? – зæгъгæ'й фæрсуй Сатанай. Кæми цæруй, уой дæр ин байамудта, фал ин загъта: – Уотемæй ибæл зин фæххуæстгæнæн æй, фал æ дууæ æфсоргъи, гъе, еци рауæнмæ сауæдонæмæ ку раласа дон ниуазунмæ, уæд æй, гъе, уордæмæ бабæрæг кæндзæнæ. Уæдта ин æхе кардæй фæстæмæ мæлæт дæр нецæмæй ес. – Хуарз, – зæгъгæ, загъта Батраз. – Уæд мæ фидæн ба неци байзадæй, йе бæх, йе ба тохæн дзаумаутæ? – Дæлæ бæх, æма æ дууæ гъоси зиннунцæ фагуси хурфæй, гъе уой рартайæ 'ма дин е бæх. Батраз искъæтæй æ фидæ Хæмици бæх Арфæни раласта, дони 'й рартадта, саргъ ибæл февардта, æ кард æрбаста, рабадтæй, 'ма ин Сатана кумæ ниййамудта, уордæмæ рандæй. Сауæдони дондарæнмæ куд исхъæрттæй, уотæ ба Сау Айнæги бадæг Сау Албæг дæр æ дууæ æфсоргъей хæтдзæ æрхъæрттæй. – Ци агори? – зæгъгæ имæ дзоруй Сау Албæг. – Дæу уæнгæ исцудтæн, – зæгъгæ, загъта Батраз. – Нарти адæмæй уотæ игъосун, 'ма 'мæн карди хузæн ма цума дæумæ ес, уотæ. – Равдесай, циуавæр æй дæ кард? Батраз æ кард фелваста, 'ма имæ сау Албæг ку 'ркастæй, уæд загъта: – Мæн карди размæ дæу кард равдесунмæ дæр нæ бæззуй. – Рамæмæйæвдесай мадта. Сау Албæг æ кард æрдæгмæ исласта, дестæ ибæл кæнуй Батраз. – Æ кæрони уæнгæ ма 'й исласæ. Еугур ласт æй искодта, 'ма дин æ кæрони ба æ комæрдигкæй еу рауæн къæртт хаудт. Батраз ин æ кæронбæл фæххуæстæй, 'ма æ дууæ æнгулдзи сæ кæрæдзей иссердтонцæ, æхуæдæгка 'й фæрсуй: – Аци хуарз кард дин цæбæл фæкъкъæртт æй? – Цæбæл фæкъкъæртт æй? Нарти Хæмиц мæрдти мæ сау хæрæги дæндæгутæ ку бахуæридæ! Маргæ'й ку кодтон, уæд æй ку æрсурдтон, уæд мæмæ æхе куд фæззилдта, уотæ 'й ниррæуигътон аци кардæй, 'ма æ еу дæндаг æндон адтæй, 'ма уобæл фæкъкъæрттæй. Еци загъдмæ ба Батраз нæбал фæллæудтæй, æ зæрдæ исирадæй 'ма кард æхердæмæ æрбакъуæрдта 'ма æ хуæцæн Сау Албæгмæ райзадæй, кард ба уомæ бафтудæй. Æхе кардæй æй Батраз цъинккитæ кæнун байдæдта 'ма 'й рамардта. Æ еу цонг ин æрлух кодта, æхе ба ин æ еу æфсоргъæбæл бабаста 'ма 'й раскъардта. Сау Албæги цонг æ фæсабæрцæ хурдзини ниввардта, уотемæй æрцудæй сæхемæ. Сау Албæги цонг Сатанамæ бахаста 'ма ин загъта: – Дæ саутæ исесæ. Мæ фиди марæги, Сау Албæги рамардтон.Мæнæ а ба æ цонг, æ бæрæггæнæн. Сатана ибæл нæ баууæндтæй 'ма Уæлппи хонхмæ фæууадæй 'ма уордигæй Сау Айнæгмæ ракастæй. Æцæгдзинадæй, æ хуæртæ 'ма уоси богъ-богъ арви нæрунау игъустæй. Сæ сугъзæрийнæ дзигкоти тонаутæ ба син, дунгæ хорбони сагисæтæ куд фæххæссуй, уотæ хаста. Сатана уонити ку рауидта, уæд дзи байрагæс æй, Батраз Сау Албæги ке рамардта, е. 'Ма фæстæмæ сæхемæ ку æрцудæй, уæд æ саутæ исиста, æхуæдæгка Батразæн загъта: – Дæ фиди дин мæрдтæмæ ионг гъæуаггинæй нæ рауагъта, 'ма ин æ цонг фæстæмæ фæххæссæ. – Куд ин æй фæххæссон, марун мæ кæнис? – Ма тæрсæ, неке дæ рамардзæнæй, – Сатана ибæл æ зæрдæ дардта. Батраз æ бæхбæл фæстæмæ рабадтæй, 'ма Албæги цирти билæбæл куд æрæвардтонцæ, уотæ ин æ цонг исхъæртун кодта. Æ бæхæй æрхизтæй, арцæ зæнхи никъкъуæрдта 'ма 'й уобæл бабаста. Æхуæдæгка, Албæги цонг æ къохи, уотемæй, мардмæ мæрдæгъдаугæнгæ бацудæй: – Мæ фиди мин ионг гъæуаггинæй нæ рауагъта, 'ма 'й æз дæр ионг гъæуаггинæй нæ цæун кæнун мæрдтæмæ, – 'ма ибæл æ цонг ниввардта. Адæм гъос-гъосæй дзорунцæ: саг фæрæтмæ æрцудæй, зæгъгæ. Фал си ка лæдæргæдæр адтæй, е сæмæ дзоруй: – Атæ ка æрбандиудта, е хумæтæги лæг нæй. 'Ма ин дæлæ æ бæхи арцæбæл исхуæцетæ; кæд уой исласайтæ, уæд уæ ци фæндæуа, уой кæнетæ, кенæ ба сабур лæууетæ. Фæсевæд бæхи арцæ исласун радгай равзурстонцæ ма си 'й æзмæлун дæр неке фæккодта. Уæдта имæ Батраз æхуæдæг ниццудæй, расин арфæ кодта сæ кæстæреуæгдзинадæн, арцæ фелваста, æ бæхбæл рабадтæй 'ма никъкъуæрдта сæхемæ. Еу бон кæми адтæй, уоми бабæй Батраз бæхбæл фуддæйрагæн Бориати рæзти æрцудæй, сæ уоститæ'й куддæр рауидтонцæ, уотæ сæ лæгтæн балæдæрун кодтонцæ, уæ тоггин Батраз фæццæуй, зæгъгæ. Бориати Борæфæрнуги авд лæхъуæни дæр сæхе рарæвдзитæ кодтонцæ топпитæй, æндæрæй, сæ бæхтæбæл рабадтæнцæ 'ма й фæстегæй сорун райдæдтонцæ. Æрæйæййафтонцæ 'ма имæ дзорунцæ: – Хæтунмæ кæд цæуис, Хæмици фурт Батраз, уæд мах дæр дæ хæтдзæ цæуæн. Хæмици фурт Батраз ба син загъта: – Мæ хæтдзæ уæ уотемæй рауадздзæнæн: мæнæ ами æрлæудзæнæн, мæ гъæлæс уæмæ бахæлеу кæндзæнæн, 'ма 'й авдемæй дæр фехсдзинайтæ. Кæд æй фергъæвайтæ, уæд уæ уадзун мæхе хæтдзæ, кенæдта нæ. Æрлæудтæй 'ма сæмæ æ гъæлæс бахæлеу кодта. Авдемæй дæр æй топпитæй фехстонцæ, æма фæттæ еугурæйдæр æ гъæлæси исæмбалдæнцæ. Авд фатей дæр æ гъæлæси фæууорæдта æма сæ æ гъæлæсæй фæстæмæ ракалдта. Топпи фат дзи нæ хизтæй Батрази. Уæдта бабæй сæмæ дзоруй: – Фæттæ мæмæ уотæ берæ нæййес, 'ма мæ авд фати дзæгъæли нæ фесафдзæнæн. Фал авдемæй дæр кæрæдзей фæсте æрлæууетæ, 'ма раззаг æ гъæлæс бахæлеу кæнæд, фат имæ фехсдзæнæн, 'ма 'й раззаг æ гъæлæси райахæсдзæнæй. Куд син загъта, уотæ кæрæдзей фæстети рæнгъæй æрлæудтæнцæ, сæ раззаг ба æ гъæлæс бахæлеу кодта. Батраз сæ фехста, 'ма фат раззаги гъæлæси исæмбалдæй, фæстаги мæкъурæй ба ралæуирдта. Авд æнсувæри дæр фæйнердæмæ æркалдæнцæ. – Ци'нцæ атæ, фонс æнцæ æви ци 'нцæ? – 'ма син сæ мæрдтæ сæ бæхтæбæл бабаста, уотемæй сæ раскъардта. Бориати Борæфæрнуг æ авд фуртей мæрдтæ ку фæууидта, уæд нирдеуагæ кодта, 'ма 'й базудта, Хæмици фурт Батрази бæллах сæбæл ке сæмбалдæй, уой. Цæйбæрцæ афæнттæ рацудайдæ, уæдта Бориати Борæфæрнуг æ авд фуртемæн хист кæнун унаффæ искодта 'ма, бæгæни кæнунмæ сог гъæдæй куд ласта, уотæ ба ибæл Хæмици фурт Батраз фембалдæй 'ма имæ дзоруй: – Согæй ци кæнис, зæронд лæг? – Мæ авд фуртемæн хист кæнун унаффæ искодтон 'ма сог ласун бæгæни кæнунмæ. – Уæ, мæнæ зæронд куй, бакæсæ-ма имæ, гъæздуг æй 'ма ин хиститæ кæнунмæ дæр рæстæг ес! – Батраз æй æ кардæй ниссихта 'ма ин æ сæр рахаун кодта. Уомæн дæр бабæй æ мард æ уæрдуни сæрбæл исæвардта, сахемæ 'й æрхъæртун кодта 'мæ сæмæ багъæр кодта: – Мæнæ уæ согдзау æрхъæрттæй 'ма имæ ракæсетæ. Раимæкалдæнцæ 'ма, сæ мард ку æруидтонцæ, уæд нирдеуагæ кодтонцæ. Сæ мард бабæй бафснайдтонцæ. Уæд бабæй еу бон кæми адтæй, уоми бабæй сæмæ Батраз æрбацудæй 'ма Борæфæрнуги уосæмæ дзоруй: – Еу мæнкъæй мин мæнæуæ инайæ кæнуйнаг йес, 'ма дæ ностæлти хæтдзæ рацæуайтæ, мах ба 'й раинайæ кæнæн. Сæ разæй сæ зæронд уосæ æма авд ностей ракодта 'ма сæ кокойни синдзæмæ æркодта. Уоми ба син ностæлтæн сæ дзигкотæ кæрæдзебæл бабаста, зæронд уосæмæ ба даргъ æхсæ равардта, 'ма сæ кокойни синдзи ратæрæ-батæрæ кæнун райдæдта бæгъæмбæдтæй; сæ къæхти тог алли пазбунæй пурх кæнун байдæдта 'ма сæ гъе уотемæй сæ хæдзарæмæ рарвиста. Уотемæй Æхсæртæгкати Хæмици фурт Батраз Бориати Борæфæрнугæй æ фиди тог райста. Батразæн æ фидæ æма æ мади æфхуæрд нигкидæр æ зæрдæбæл æрлæудтæй; Нарти адæми æрæмбурд кодта 'ма син загъта: – Мæ фидæ Хæмици дæр мин бафхуардтайтæ, мæ мади дæр мин фæссурдтайтæ, 'ма, уин ке зæгъон, уой мин ку не сæнхæст кæнайтæ, уæд уин æнæ ниццæгъдун нæййес. Дзалгъæдæй мин æфсой куд искæнайтæ, царвæй мин æхсæрфæмбæлттæ куд искæнайтæ, донгомæй мин хуфини дон куд исхæссайтæ, хъумацæй ба мин æвзалу куд искæнайтæ, уотæ. Нарти адæм ин дзурд равардтонцæ, ци зæгъис, уони дин еугурæй дæр искæндзинан, зæгъгæ. Ка загъта: æз дзалгъæдæй æфсоййаг иссердзæнæн; ка ба загъта: мæнмæ ба æдта царв берæ ес 'ма æз ба царвæй æхсæрфæмбæлттæ искæндзæнæн; ка ба загъта: мадта мæнмæ ба хъумац берæ ес æма дзи æвзалу искæндзæнæн. Уотемæй Нарти адæми æ разæй ракодта Хæмици фурт Батраз 'ма сæ Уарппи хонхи бæрзондмæ искодта, бацæуæни риндзæбæл æрлæудтæй. Ка цæмæй зæрдæ байвардта, уобæл косун райдæдта. Дзалгъæдæмæ ка рандæй, йе æфсой аггаг гъæдæ не ссердта; донхæссæг хуфини дон фелвасидæ æма ин æркæлидæ; æхсæрфæмбæлттæй зæрдæ ка ивардта, е дæр царв æрбатумбултæ кæнидæ, ухстбæл сæ рацæвидæ, 'ма сæ артмæ куддæр æрбадаридæ, уотæ ба фæддон уидæ; хъумац берæ кæмæ адтæй, е дæр æ хъумац содзун байдæдта, 'ма й ку расодзидæ, уæдта 'й дунгæ раскъæфидæ, уотемæй е дæр æвзалу не скодта. Ма сæ дзурдтæй еунæг дæр не сæнхæстæй. Батраз сæмæ исмæстгун æй 'ма сæ цæгъдун байдæдта. Уæд еци дзамани изæдтæ 'ма идаугутæ зæнхæбæл цардæнцæ адæми хузи, 'ма, ку фæттарстæнцæ, нур Батраз нæ еугурæй дæр цæгъддзæнæй, зæгъгæ, уæд фæйнердæмæ фæттахтæнцæ 'ма Гори федармæ исæмбурдæнцæ. Батраз уордæмæ дæр сæ фæдбæл исхъæрттæй, 'ма сæмæ бацæуæни амал ку не ссердта, уæд æхе дзармадзани фати райвæрун кодта, 'ма 'й фехстонцæ. Дзармадзани фат мæсуги фарси балæуирдта, медæгæй мæсуги къагъд адтæй, 'ма Батраз уордæмæ ниххаудтæй. Ниццийнæ кодтонцæ нæртон адæм, изæдтæ, идаугутæ, Батразæн къагъдæй исхезæн нæбал ес, зæгъгæ. Къагъди'й рамарæн, зæгъгæ, загътонцæ æма ибæл дортæ, гъæдтæ калун байдæдтонцæ. Батраз дæр, къагъд куд идзагдæргæнгæ цудæй, уотæ ба æ сæрмæ хезгæ цудæй 'ма уотемæй фæууæлбилæ'й. Ку æй рауидтонцæ изæдтæ, уæд, цæгъдуй нæ, зæгъгæ, ниппæр-пæр кодтонцæ арвмæ, зæнхæбæл ниллæуун некæмибал бандиудтонцæ. Хуцаумæ сæ гъаст бахастонцæ. Хæмици фурт Батраз нæ фæццагъта, зæнхæй нæ фæссурдта, нур ба нæмæ ардæмæ дæр ку сцæуа, уомæй дæр си тæрсæн 'ма нæ багъæуай кæнæ. Хуцау ба син загъта: – Æ райгурци ин мæнæй мæлæт лæвæрд нæййес 'ма ин мæн бон неци 'й, фал Елиатæ æ мади мади æрваддæлтæ 'нцæ æма ин уони бон ку неци исуа, уæд ин неке бон неци исодзæнæй. Изæдтæ Елиатæмæ æрцудæнцæ'ма син сæ хабар радзурдтонцæ. Етæ ба загътонцæ: – Мах нæ еу къохæй иннæ къохи куд æрбалух кæндзинан? Е не 'стæг, нæ тогæй ку æй. Фæстæмæ бабæй Хуцаумæ исцудæнцæ изæдтæ 'ма ин гъаст кæнунцæ нæуæгæй. Елиатæ дæр, зæгъгæ, Батрази рамарунмæ нæ арази кæнунцæ, не 'стæг, нæ фид, дан, æй, зæгъгæ. – Цотæ, – зæгъгæ, фæстæмæ бабæй сæ Хуцау рарвиста Елиатæмæ, – 'ма син зæгъетæ: «Раймаретæ Хæмици фурт Батрази, кенæдта, зæнхæй ардæмæ ку схеза, уæд сумахæн дæр фидбилиз исодзæнæй». Æрсæмæцудæнцæ нæуæгæй Елиатæмæ изæдтæ 'ма син, Хуцау ци загъта, уой загътонцæ. Исарази 'нцæ Елиатæ Батрази рамарунбæл. 'Ма 'й гæрæхтæ кæнун байдæдтонцæ дугъосуг аги асæ æрхи фæттæй 'ма ин, æ сæр ка 'й, уой, мæнæ гæгъæди куд уа, уотæ нитътъæпæн кодтонцæ. Батразæн æ сæр еугурæй æрхийæй конд адтæй, æ тæккæ бæрæгастæу хуари нæмуги асæ адтæй хъанз, 'ма фæтти цæфтæ уомæ ку рахъæрттæнцæ, уæд Батраз рахъан æй. Ку 'рахъан æй, уæд ма Хуцаумæ уотæ скувта: – Хуцау, ку рамæлон, уæд къудургæлмæ куд ниууон 'ма ме смагæй, мæ фалæмбула мæ сæрти цидæр изæд, цидæр идауæг ратæха, етæ куд мæлонцæ æма зæнхæмæ куд кæлонцæ. Хуцауæй ин лæвæрд адтæй искурдиадæ, æма æ сæрти ци изæд ратæхидæ, йе смагæй фæммард уидæ æма æрхауидæ. Изæдтæ бабæй Хуцаумæ нæуæгæй багъаст кодтонцæ: – Батразæн нин йе 'гас фидбилиз адтæй, фал нин æ мард ба нигкидæр стурдæр фидбилиз ку разиндтæй. Дуйней, йе смагæй бабæй ку фæццæгъдуни ан. – Мæнæй ин искурдиадæ лæвæрд æй, 'ма ин мæ бон неци'й, фал цотæ, 'ма ин зæгъетæ: «Софиай зæппазмæ дæ бахæсдзинан 'ма нæ ниууадзæ». Æримæцудæнцæ 'ма ин загътонцæ хабар. Иссинарази æй, фал син загъта: – Атемæй мæ не сфæраздзинайтæ. – 'Ма бабæй Хуцаумæ искувта: «Хуцау, хумæллæги голлаги уæзæн мæ фестун кæнæ». – Куд искувта, уотæ фестадæй, æма 'й æмбурдæй рахастонцæ, Софиай зæппазмæ 'й бахастонцæ, 'ма 'й дуарбæл байесæн, зæгъгæ, æ сæр размæ, уотемæй, уæдта сæмæ дзоруй: – Æгас ма ку дæн, 'ма мин мæ къæхтæ раздæр байесетæ. Æ къæхтæ размæ, уотемæй æй зæппази дуарбæл куд бацæйистонцæ, уотæ æ астæумæ куд бахъæрттæй, уотæ ба йе 'рæмбуйникъæдзтæ фæйнердæмæ фæккодта, 'ма 'й размæлун кæнун нæбал бафæразтонцæ. – Амæй медæгдæр мæ мабал есетæ. – 'Ма искувта Хуцаумæ: – Мæ астæуæй дæлæмæ мæхецæй куд нæбал уа, мæ астæуæй уæлæмæ ба цæрæг уод куд уон! Куд искувта, уотемæй байзадæй Батраз, фал син загъта изæдтæн: – Астæуæй уæлæмæ цæрæг уод ку уодзæнæн 'ма уæд цæргæ цæмæй кæндзæнæн? Изæдтæ ба ин загътонцæ: – Хуæруйнаг æма ниуазуйнаги муггаг цидæр ес, уомæй Хуцау æма изæдти ном цæмæй не ссирдæуа, етæ дин агъаз куд кæнонцæ, 'ма уонæй дæ цард куд уа, уотæ. Хæмици фурт Батраз ниццийнæ кодта: – Мадта айдагъ фиййаути месинтæ дæр мæ фагæ æнцæ. Етæ месин цумгæй Хуцауи ном некæд иссердтонцæ. Гъе, уæдæй абони уæнгæ хуæруйнаги сæрæй Хуцауи ном цæмæйдæр не ссеронцæ, уой хъаурæ Нарти Хæмици фурт Батразмæ цæуй.
Ныффыста йæ Толасты Андрей, 1 август, 1930 аз. Йæ радзурæг бæрæг нæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 428–439.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |