поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Уæхадæги фурт мæнгæй Гуймани зар (вариант)
Автор: 00mN1ck / 16 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Хицæн кадджытæ
(вариант)

Æстур Дигорæ æстур нихæси æстур æмбурд адтæнцæ.
Уорси сæрæй сæмæ уорс Елиай гæрæхтæ игъусуй,
Æд кæстæр æд хестæр æстур æмбурд уогæй дестæ-тæмæстæ кодтонцæ:
Ауæхæн хор ирд бони циуавæр Елиай гæрæхтæ æнцæ?
Уонæн сæ хестæр зонæнгин адтæй:
«Дес ма кæнетæ, Елиай гæрæхтæ нæ уодзæнæнцæ,
                                   цауæйнони хæтæли гъæртæ 'нцæ».
Уæд сæмæ сæ кæстæртæй æрбахабар уй:
«Айсоми Уæхатæги фурт мæнгæй Гуйман цауæни исевгъудæй сау хонхмæ».
«Бæрæг кæнун æй гъæуй, 'ма ка бабæрæг кæна?», – сæ хестæртæ дзорунцæ.
Туали фурт Хъасболат загъта.
«Æз æй бабæрæг кæндзæнæн».
Уайунтæ имæ байдæдта 'ма имæ исхъæрттæй.
Куйдари бæрзондбæл, сау айнæги сæри,
                                   уорс сиутæ сау дзæбодур кæстау кодта Гуйман.
Дзоруй имæ Хъасболат:
«Берæ дин Хуцау раттæд, Уæхатæги фурт мæнгæй Гуйман».
Мæнгæй æй ке худта, йе имæ гъулæг фæккастæй,
Дзоруй имæ йе дæр:
«Йеумæ нин æй Хуцау равардта, Туали фурт кисил Хъасболат».
«Дæ цæттæ сирдæн тас нæбал æй, фал дæлæ сау айнæги буни уорс сиутæ
                                   дууæ сау дзæбодури хезуй».
Цауæйнони зæрдæ нæрæмон кæми нæ фæууй,
                                   фæууагъта æ сирди мард 'ма имæ дзоруй Гуйман,
«Кæми?», – зæгъгæ.
«Дæлæ сæ билæй ниууиндзæнæ, сау айнæги буни хезунцæ».
Билæмæ бацæуй:
«Кунæ мæмæ зиннунцæ».
«Дæхе ниддæлгоммæ кæнæ 'ма сæ уæд ниууиндзæнæ».
«Рахаудзæнæн», – дзоруй имæ.
«Ма тæрсæ, дæ думæггагбæл дин хуæцдзæнæн æз».
Уæд сæ ниууинуй, 'ма æ топпи фелхъивди хæтдзæ 'й билæй
                                   рансонуй Хъасболат.
Куйдари бæрзондбæл йеу сау хой низзелæнтæ кæнуй,
Сау хой нæ уодзæнæй, Уæхатæги фуртæн æ сау Селæн æ хæтдзæ адтæй
                                    'ма йе уодзæнæй.
Куцæй æй рагæлста, уордигæй сау айнæги билæй æ сау Селæн сансау
                                   хуæцгæ ниццудæй.
Куйдари адаги думæги æй иссеруй,
Æ сау дзæмбуæй æй батилдта, ку нæ ин исæзмæлуй, æртæ хатти ниннеуй,
Æ дууæ сау дзæмбуй æ дууæ сау росеми æртæ хатти уæд ниссадзуй,
Уæд æй ниууагъта 'ма уайун байдæдта,
Æмбесæхсæви æ хæдзари дуармæ бахъæрттæй, æртæ хатти ниннеуй,
Æ сау ниййерæг рауайуй:
«Нæ цауæйнонбæл цидæр æрцудæй», – зæгъгæ.
Æ сау силæ 'й сау дзигготæй ниййахæссуй:
«Æмбесæхсæви гъæр ма кæнæ», – зæгъгæ.
Мади зæрдæ тæнæг æй, æхе ратудта 'ма ниффæдес кодта.
«Сау халон – гъæргæнæг, сау силæ – фæдесон».
Зменсæ æ мæрддзаг, кæсалгæ æ мæрддзогойнæ, уотемæй æй байвæрунцæ.
Хъодзастæмæ Гоба адтæй,
Уæхатæги фурт мæнгæй Гуйман
Сирди мæрдтæ хæссунмæ донбай адтæй.
Мæрдти дзенети фæббадæд, дзенет ин Хуцау раттæд.

Радзырдта йæ Тобойты Цицеу Дзæрæхмæты фырт, 5 апрель, 1927 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 311–312.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru