поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
УС КУРЫН. 3/3
Автор: 00mN1ck / 6 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Фыццаг заманы-иу ус чи æрхаста, уый дыууæ къуырийæ раздæр æргом нæ кодта йæхи, æмæ йын-иу сарæзтой дзесхо. йæ хæдзары бинонтæ-иу бахсыстой бæгæны, сцæттæ-иу кодтой арахъ æмæ фыскусæрттаг. Афтæ-иу сцæттæ кодта къухылхæцæг дæр. Æрæмбырд-иу кодтой къухылхæцæджы хæдзармæ фæсивæды æмæ сæ-иу уым хорз федтой, фæзарыдысты-иу. Лæппуйы бинонтæ дæр-иу арвыстой, чындзхæстæг чи уыдис, уыдонмæ æмæ сæ иу æрхуыдтой. Къухылхæцæджы хæдзарæй фæсивæд лæппуйы семæ ракæнынц заргæйæ, æхсæвыгон, æмæ йæ æркæнынц йæ хæдзармæ. Хæдзары дуарæй куы бахизынц, уæд фæдзурынц, уазæг уæм фарнимæ фæцæуы, зæгъгæ. Хæдзары бадты адæм дæр сыстынц æмæ æмдзырдæй фæзæгъынц: амондджын уазæгæй хуыцау фæкæнæд, алæбон æгас нæм æрцæуæд! Ахæм сахат топпæй дæр фæгæрæхтæ кæнынц. Къухылхæцæджы хæдзарæй семæ æрхæссынц чъиритæ, физонæг, нозт æмæ сæ скувынц. Афтæ скувынц, сæхи хæдзары кæй сцæттæ кодтой, уыдон дæр. Дзесхойæ фæстæмæ лæппуйæн йæ хæдзармæ æргом цæуын худинаг нал вæййы.

Фæстагмæ афтæ райдыдтой, æмæ чындзæхсæв цы бон скæнынц, уыцы бон, цалынмæ ма чындзæхсæвы адæм фæбадынц, уалынмæ фæсивæд ацæуынц къухылхæцæджы хæдзармæ, ус кæмæн æрхастой, уый рахонынмæ. Уым ахæрынц, аназынц, азарынц, стæй сыстынц æмæ заргæ рараст вæййынц, лæппуйы семæ ракæнынц, афтæмæй. Æрцæуынц чындзæхсæвы бадты адæмы цурмæ заргæ, лæппу се 'хсæн, афтæмæй. Семæ æрхæссынц чъиритæ, физонæг æмæ нозт, хистæртæм сæ бахæссынц, æмæ сæ уыдон скувынц. Куывд куы фæвæййынц, уæд уыцы фæсивæд лæппуйы заргæ бакæнынц хæдзармæ æфсинты цурмæ. Уым дæр та скувынц æмæ йын фæндаг раттынц уыцы бонæй фæстæмæ æргом цæуынæн.

Уырдыглæуджытæ хъазтмæ бахæссынц æртæ чъирийы, фи-зонæг æмæ гоцъобййы дзаг арахъ æмæ сын раарфæ кæнынц, уæ хорз æгъдау, уæ хъæлдзæгдзинадæй уæ бузныг стæм, зæгъгæ.

Нуазæнтæ сæм фæцæуы чындзæхсæвы бадты адæмæй дæр.

Куы æризæр вæййы, уæд хъазт бауромынц. Чызджытæй чындзы чи нæма федта, уыдон иууылдæр йæ размæ бацæуынц æмæ йæм ракæс-бакæс фæкæнынц. Чындз æнцад фæлæууы, никæмæ ницы фæдзуры.

Чызджытæн къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын, науæд, чи сæ æрхуыдта, уыдон къафеттæ балхæнынц æмæ сын сæ бай-уарынц. Уый фæстæ сæ фæстæмæ сæ хæдзæрттæм акæнынц.

Куы æрталынг вæййы, уæдмæ къухылхэёцæг, чыидз кæцæй æрхастой, уырдыгæй æрбахæссы арахъ кæнæ бæгæны хызисæнмæ. Хызисæн та саразынц афтæ: чындз йæ фыды хæдзарæй куы фæцæуы чындзы, уæд ын йæ уæлæ хыз æркæнынц, æмæ дыккаг æхсæвмæ ист нæ вæййы. Сцæттæ кæнынц хæрд, нозт æмæ æрбамбырд кæнынц сыхæгты, стæй чындзхæсджытæй искæйты. Равзарынц иу лæппуйы хызисæг. Фæсивæд бацæуынц уатмæ, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын та чындзæн йæ дæлæрмттыл ныххæцынц, афтæмæй сындæггай рараст вæййынц хæдзармæ, фæсивæд та семæ заргæ, дамбацатæ æмæ топпытæй гæрæхтæгæнгæ фæцæуынц. Дуарæй куы бахизынц, уæд та фæдзурынц, фарн уæм фæцæуы амондимæ, зæгъгæ. Уæд сæм бадты адæм радзурынц: «Ой, амонд йемæ, афтæмæй рацæуæд». Бацæуынц, æрлæууынц Сафайы рæхысы цур æмæ сæ зарын бауромынц. Чындзы сæрыл къухылхæцæг æркæны цæвдарæй адылийы æрдæг. Лæппуйы къухы раттынц хъæдын уæхст. Скувынц та æртæ чъирийæ нуазæнимæ. Куывд куы фæвæййынц, уæд уый фæстæ лæппуйæн фæзæгъынц, сис ныр хыз, зæгъгæ. Лæппу бакъахдзæф кæны чындзы размæ, йæ худ сисы æмæ райдайы дзурын афтæ: «Фарн, фарн, фарн, фараст лæппуйы æмæ иунæг цъæх

чызг! «Фарн, фарн, фарн, фараст лæппуйы æмæ иунæг цъæх чызг! Фарн, фарн, фарн, фараст лæппуйы æмæ иунæг цъæх чызг!» Стæй уæхст æмæ, чындзы сæрыл цы адылийы æрдæг

вæйиы цæвдар, уыдон ратты къухылхæцæгмæ, æмæ сæ уый къæйрæбын цары аххæрæджы сæр батъыссы. Уыцы рæстæг фæсивæд худтæ фæцæвынц къухылхæцæгыл, фыдæбонæй йæ фæмарынц, цæвдарæн йæ иннæ адылийы æрдæг чызисæгæн раттынц. Уæдæй фæстæмæ уыцы лæппу чындзмæ хойы цæстæй фæкæсы, хæлар загътам, зæгъгæ. Чындзы йе 'мдзуарджын æмæ йæ къухыдхæцæг сындæггай ракæнынц фæстæмæ йæ уатмæ, фæсивæд семæ заргæ цæуынц, афтæмæй. Чындз хыз фæстæмæ нал ныккæны, йæ цæсгом æмбæрзт нал вæййы.

Хæдзары бинонтæ хуыссæнмæ сæхи куы æруадзынц, уæд лæппу йæхи æрбайсы йæ уатмæ, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын дæр йемæ, афтæмæй. Чындзæн кæд æфсымæр йе æндæр исчи ахæм йемæ, æрбацæуы, уæд чындзы уагы схуыссы, æмæ лæппу фæстæмæ ацæуы йæ къухылхæцæджы хæдзармæ. Чындзы цур чызджытæ куы вæййынц, уæд сæ хатыр фæкурынц, цæмæй ацæуой æмæ лæппуйы чындзимæ иунæгæй ныууадзой уаты. Чызджыты чындз дæр нæ фæуадзы æддæмæ. Кæд фыдуаг чызджытæ уой, уæд нæ ныууадзынц иунæгæй лæппу æмæ чындзы, науæд æмæ сæ куы ныууадзой, уæддæр бæстыхаймæ искуыцæйты хъусæнтæ саразынц, цæмæй сæм сусæгæй хъусой, уый тыххæй. Сынтæджы бын, йе æндæр ран чи бамбæхсы, ахæмтæ дæр вæййы чызджытæй.

Къухылхæцæг, æмдзуарджын, чызг æмæ лæппу хибарæй куы баззайынц æмæ чындзыл хæлын кæрц куы вæййы, уæд æй иумæ халын райдайынц. Хæлын кæрц у æнгом къандзол, æмæ йæ дыууæ быдæй æнгом цæлхынцъытæ кæнынц, цæмæй зын халæн уа, уый тыххæй, æмæ сын æхсæв-бонмæ тыххæй хæлд фæвæййы. Науæд та иу æхсæв дæр хæлд не 'рцæуы. Уыцы хæлын кæрц хæлд куынæ æрцæуа, уæд чындзмæ æвналын худинаг у лæппуйæн, æмæ чындзы иу æхсæв аирвæзын кæны. Кæд æмæ уыцы æхсæв хæлд æрцæуы хæлын кæрц, уæд чындз æмæ лæппуйы иунæгæй ныууадзынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын. Фæсивæд фыдуаг куы вæййынц, уæд æхсæв-бонмæ хурхæй фæмарынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны. Чындз йæхæдæг дæр хатыр фæкуры, цæмæй йæм хызисæн æхсæв лæппу ма бавнала, уый тыххæй, Æмæ æмдзуарджыны йæ цурæй нæ фæуадзы æддæмæ. Лæппу куы фæтæригъæд кæны чындзæн, уæд ын бахатыр кæны. Уый чындзæн кад вæййы. Хæлын кæрц куы халынц, уæд ын хъуамæ йæ быдтæ ма аскъуыной. Скъуыд куы æрцæуой, уæд уый худинаг у, уымæ гæсгæ сæм февналынц хъавгæ. Хæлын кæрц хъуамæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын бахæссой, чи йæ балхынцъытæ кодта, уыдонмæ къафеттимæ. Æрæгмæ йæ куы хæссой, уæд сыл фæхудынц, æвæццæгæн, сын халын нæ комы, зæгъгæ. Тагъд æй куы бахæссынц, уæд та сын вæййы сæрæндзинадыл нымад.

Хæлын кæрц хаттæй-хатт афтæ æнгом бабæттынц, æмæ чын-дзæн йæхицæн зын скæны, тыхджын æй цæлвасы, æмæ йæ бон нал вæййы, уæлдайдæр æдзухæй лæугæ кæй фæкæны æнæ фезмæлгæйæ, уымæ гæсгæ. Æмæ уæд бамбарын кæны чызджытæй искæмæн, хæстæгдæр æм чи вæййы, ахæмæн, мæ бон нал у лæууын, зæгъгæ. Чызджытæ йæ уæд æндæр агъуыстмæ акæнынц, науæд та хъазт уырдыгæй æндæр ранмæ раивынц æмæ иууылдæр рацæуынц æддæмæ. Чындз кæмæн бамбарын кæны, уыи ныллæууы, æмæ хæлын кæрц сыхалынц, науæд æмæ зынхалæн куы уа, уæд ын йæ быдтæ алыг кæнынц.

Фæлæ, чи йæ бабаста, уыдон чындзы аххосджын фæкæнынц, ома, лæгмондаг уыд æмæ йæ уымæн айхалын кодта, зæгъгæ. Зындзинад ын сарæзтой уыцы хæлын кæрцæй, уый хъуыды дæр нæ фæкæнынц.

Чындзы æрхаст гæнæн æмæ амал цас вæййы, уымæй фæаразынц бæрæгбон рæстæгмæ. Уæд хæстæджытæ дæр рæвдз вæййынц хуынтæ æрхæссынмæ, æмæ чызгæрвитæгæн дæр æмæ чындзхæссæгæн дæр æнцондæр вæййы. Стæй адæм дæр æвдæлондæр вæййынц сæ куыстытæй.

Чындзхаст арæхдæр фæцаразынц хуыцаубонмæ, пысылмæттæ та фæстагмæ райдыдтой марæмбоны хæссын.

Лæппу чызг куы æрхæссы æмæ йыл фыццаг æхсæв йæ зæрдæ куы фæхуды, чызг нал у, зæгъгæ, уæд æй арвиты йæ хæдзармæ æмæ йæ ирæд фæстæмæ фæцагуры, уæ чызг чызг нал уыдис, зæгъгæ. Æмæ се 'хсæн бирæ хъаугъатæ рауайы. Се 'хсæн бацæуынц адæмтæ æмæ та сæ ног бафидауын кæнынц, куыд хуыздæр уа, афтæ. Кæд чызг сраст кæны йæхи, нырмæ чызг уыдтæн, зæгъгæ, уæд æй лæппу фæстæмæ æрхæссы, науæд баззайы æмæ æндæр моймæ ацæуы.

Уагъд ус мой куы фæкæны, уæд, чызгæй дæс хатты хуыздæр куы уа, уæддæр йæ ирæд чызджы ирæды æмбис йеддæмæ нæ вæййы. Стæй усгур лæппу уагъд усы куы фæуарзы, уæддæр æй, хатт, нæ ракуры, æнæцыд чызг æрхæссын кадджындæр у, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ, уагъд устытæ арæхдæр фæкурынц, йæ ус кæмæн амæлы, ахæм лæгтæ, ирæд сын къаддæр куыд фæхъæуы, уымæ гæсгæ. Стæй сæ алцы хъуыддæгтæ дæр бирæ æнцондæр æххæстгæнæн вæййынц. Уæвгæ æнæус лæппутæй уагъд ус чи æрхæссы, ахæмтæ дæр вæййы: ирæд къаддæр бафидыны тыххæй.

Вæййы æндæр хуызы ускуырдтытæ дæр: цардхъал лæг йæ фыртæн йæхи æмхуызон цардхъал лæджы чызджы ракуры, лæппу дæр æмæ ма чызг дæр гыццылтæ куы вæййынц, уæд. Иуæй-иу хатт та авдæнмæ бафидауынц. Дыууæ лæджы кæрæдзимæ се 'ууæнк раттынц искæй цур, куыд бахæстæг кодтой, ууыл. Лæппу æмæ чызг куы сдынджыртæ вæййынц æмæ кæрæдзийы куы базонынц, уæд фылдæр хатт се 'хсæн уарзондзинад нæ вæййы, афтæмæй лæппу æрхæссы чызджы, сæ фыдæлтæ куыд бафидыдтой, уымæ гæсгæ.

Лæппу йæ усимæ æрмæст 1—2 азы бæрц куы фæцæры, науæд та ноджы къаддæр, æмæ афтæмæй куы амæлы, уæд ус хъуамæ ацæуа йæ цæгатмæ. Фæлæ кæд лæппуйæн баззайа æфсымæртæ, уæд уыдон иуæй-ну хатт бауынаффæ кæнынц, сæхицæй йæ ис-кæмæн куыд бауромой афтæ, ус кæмæн нæй, ахæмæн. Уымæн æмæ йыл бафыстой бирæ ирæд æмæ та сæ се 'нæус æндæр æфсымæрæн дæр уыйас ирæд фидын хъæуы. Сæ уынаффæ бамбарын кæнынц сæ чындзæн. Уый дæр йе 'фсымæртæн фехъусын кæны, мæ лæджы бинонтæ ахæм уынаффæ бакодтой æмæ цы бакæнон, зæгъгæ. Кæд уыдонæн дæр фæндон вæййы, цæмæй сæ хæстæгдзинад ма фехæла, уый, уæд æм æрбацæуынц æмæ сæ фæндон бамбарын кæнынц, æмæ йæ уæд æнæус æфсымæртæй иу йæхицæн ус скæны, æцæг ма исты куыд бафида чызджы æфсымæртæн, афтæмæй. Кæд æмæ æфсымæртæн фæндон нæ вæййы, уæд се 'хсæн бирæ хъаугъатæ рауайы. Чындзы æфсымæртæ йæ уадзгæ нæ фæкæнынц дыккаг æфсымæрæн усæн. Лæппуйы æфсымæртæ та йæ сæ хæдзарæй нæ фæуадзынц, мах ыл хъæбæр ирæд бафыстам æмæ хъуамæ мах хæдзарæй ма ацæуа, зæгъгæ. Баззайы усæй дыккаг æфсымæрæн, æцæг кæрæдзимæ нал фæцæуынц иукъорд рæстæджыты. Тых баурæды фæдыл-иу стыр фыдбылызтæ дæр æрцыдис. Ахæм усконд ирон адæмы æхсæн кадджын нæ вæййы. Арæхдæр æй кодтой пысылмæттæ.

Ирон лæг ус куы æрхæссы æмæ йын зæнæг куы нæ фæцæуы, уæд дæснытыл фæзилы, цæмæй йын хос скæной æмæ йын цот рацæуа, уый тыххæй, æмæ йæхи бахæрын кæны. Куы нæ ныккæны уæддæр зæнæг, уæд та райдайы моллоты фæрсын. Моллоты фæрсынæй дæр куы ницы рауайы, уæд лæг цот ныккæныны тыххæй ракуры дыккаг ус, номылус. Æмæ кæд хорз сылгоймаг уа, уæд нæ бакомы номылусы бынаты æмæ фыццаг усы хуызæн йæхи фæтæры æгъдауыл, уæлдайдæр ын цот куы рацæуы æмæ йæ цот истæмæн куы фæбæззынц, уæд. Науæд æмæ баззайы номылусæй. Цы цот ын рацæуы, уыдон фæхуыйнынц кæвдæсæрдтæ, ома номылусы фырттæ æмæ æгад вæййынц. Фыццаг ус фæцæры æхсины цардæй, дыккаг ус та, хæдзары цыдирæддæр куыст вæййы, уый фæкæны, суанг ма лæджы куыстытæ дæр. Лæг дæр æмæ фыццаг ус дæр раздæр куы амæлой, уæд бынтæ баззайынц дыккаг ус æмæ йæ цотæн. Фæлæ ма вæййы кусæгæн хаст номылус дæр. Уый бынтон æгад вæййы бинонты æхсæн дæр æмæ хъæубæсты æхсæн дæр.

Ирон адæм ус æрæгмæ курынц, уымæн æмæ ирæд бафидын зын у. Ис ахæмтæ, 50—55-аздзыдæй чи ракуры ус. Уыдон арæхдæр æрхæссынц кæнæ сæхимæ гæсгæ зæронд чызджытæ, кæнæ та уагъд устытæ. Фæвæййы ахæмтæ дæр, æмæ уыцы азты æрыгон чызг чи ракуры. Уый ахæм чызг вæййы, йæ фыд мæгуыр кæмæн у æмæ йæ чызджы ирæд мондагæй чи ратты, кæд мыл ирæдæй исты бахæцид, зæгъгæ. Чызджы фæндон фарст нæ вæййы. Бирæ лæгтæ баззадис æмæ баззайы æнæ устытæй, ирæд бафидын йæ бон кæй нæ вæййы, уымæ гæсгæ.

Ахæм митæ бирæ æрцыдис, æмæ-иу чызджы йæ бинонтæ моймæ куы радтой йæхи нæ фæндгæйæ, уæд-иу уый йæхи марынмæ æрцыдис, æз уыцы лæппумæ нæ ацæудзынæн чындзы, зæгъгæ. Фæлæ-иу æй лæппу дæр æндæр ранмæ ацæуын нæ уагъта, мæ куырд усы ныууадзын мæ сæрмæ не 'рхæсдзынæн, зæгъгæ. Афтæмæй фынддæсгай азтæ чи фæбадтис, ахæм чызджытæ дæр уыдис.

Ног чындзы митæ æмæ æгъдæуттæ. Чызг чындзы куы æрцæуы, уæд фæуайсады, хæдзары бинонтæй дзы хистæр чи уа, уыдонмæ се 'ппæтмæ дæр, стæй сыхы зæронд устытæм, зæронд лæгтæм, фæсивæдмæ (нæлгоймæгтæм) æмæ хъæубæсты хистæр адæммæ. Хæдзармæ нæ фæцæуы. Раздæрты заманы, устытæ ма цы хæдзары уыдаид, уыдон сæ чындзы афæдзæй раздæр хæдзармæ нæ кодтой, фæкæсæг цы хæдзары нæ уыдаид, уым та — иукъорд мæйтæй раздæр. Чындзы бæстыхайы иунæг нæ уагътой талынджы, хæйрæг æй фæсайдзæн, зæгъгæ.

Дыууæ-æртæ къуырийы фæстæ хæдзары æфсин сцæттæ кæны нозт, кусæрттаг ын раттынц, æмæ скæны чындзмæдзæуæггаг. Æрхоны хъæубæсты, сыхбæсты устыты, æмæ хæрд, нозт куы срæвдз кæны, уæд бацæуынц бæстшхаймæ æмæ сæ кувынц чындзы цур, æмæ уæдæй фæстæмæ чиндз нал фембæхсы йе 'фсинмæ. Хъуамæ йæм æй дзурын дæр скæнын кæной, кæд хæдзары æндæр сылгоймаг нæ уа, уæд. Устытæ сбадынц, æмæ сæ хорз фенынц. Чызджытæ æмæ лæппутæ уаты хъазт саразынц æмæ фæкафынц. Устытæ минас конд куы фæвæййынц, уæд уыдон дæр хæдзармæ бахæссын кæнынц фæндыр æмæ райдайынц кафын.

Чындзы цалынмæ хæдзарнæ бакæнынц, уалынмæ йын хæринаг фæхæссынц уатмæ, фылдæр хатт ын дон дæр фæхæссынц, кæд йæхæдæг искæимæ талынджы не 'рбахæсса, уæд. Хæдзары сывæллæттæ куы уа, уæд уыдонмæ чындз фæкæсы, иннæ устытæ та хæдзары куыстытæ фæкæнынц.

Чындз изæр хъуамæ цырагъы рухсæй хæдзары бинонтæн бакæна сæ уæттæ. Райсомæй бон куыд нæма срухс уа, афтæмæй хъуамæ дуæрттæ ныммæрза, стæй, хæстæгдæр цы уынг уа, уый дæр, æмæ уæд, ууылты чи ацæуы æнахуыр адæймагæй, уыдон фæзонынц, уыцы хæдзары ног чындз кæй ис, уый Ног чындзы цалынмæ хæдзармæ бакæнынц, уалынмæ фембæхсы хистæртæм.

Лæппуйы хæстæджытæ чындзæн фæхæссынц хуынтæ. Бирæ хуыцаубон нæ ацæудзæн, хуынтæ кæд не 'рцæуынц, æмæ уæд уазджытæн саразынц хъазт æмæ æндæр буцдзинæдтæ. Фæсивæд фелхæнынц къафеттæ æмæ сæхимæ фæдзурын кæнынц чындзы. Къафеттæ куынæ балхæнай, уæд афтæмæй дзурын кæнын худинаг у. Дыууæ къуырийы фæстæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын æрбацæуынц иу æхсæв æмæ хæдзары бинонтймæ бауынаффæ кæнынц «чындзы чырын скъахын», ома, чындз йема цы лæвæрттæ æрбахаста, уыдон байуарын. Æртæ чъирийы скувынц,. цæмæй алкæмæн дæр йæ лæвар хайыр фæуа, уый тыххæй. Къухылхæцæг байгом кæны бинонты æхсæн чырын, дзауматæ сисы, кæй номыл цы дзаума вæййы, уый бамбарын кæны æмæ йын æй ратты. Кæд лæвæрттæ сæ зæрдæмæ нæ фæцæуой, уæд чындз алы бон дæр уайдзæфы ныхас фæхъусы бинонтæй.

Фæсивæд бауынаффæ кæнынц, цæмæй, æмæ, ус чи æрхаста, уыцы æмгармæ æгъдау бакæнæм. Бамбарыи кæнынц лæппуйæн. Кæд æмæ сын фæндаг радта, уæд сæхи барæвдз кæнынц, лæвæрттæ сцæттæ кæнынц чындзæн. Бацæуынц иу изæр, æрбадынц уаты. Лæппу дæр æмæ чындз дæр уым хъуамæ уой. Лæппуйæн йæ ус фæсивæд цур хъуамæ скæна йæ дзабыртæ, æмæ зæнгæйттæ, йæ куырæт æмæ цухъа, рон ыл бабæтта æмæ йын йæ худ ныккæна. Кæд ус уыдæттæ бакæнын бауæнда фæсивæды цур, уæд ын, цы лæвæрттæ балхæдтой, уыдон раттынц æмæ усы банымайынц хорзыл æмæ йын арфæтæ фæкæнынц.

Чындз хъуамæ райсомæй ста бинонтæн се 'ппæты разæй, изæр та хъуамæ хуысса æппæты фæстæ. Бинонтæй исчи æддæ куы уа фæсахсæвæрмæ кæнæ бонмæ дæр хъæубæсты мидæг, йе æндæр хъæуы дæр æмæ йын йе 'рцыд куы зона, уæд хъуамæ ма схуысса. Куы схуысса, уæд уый худинагыл нымад у. Чындзæн йæ рæстæг куы æрцæуы хæдзармæ кæнынæн, уæд бамбарын кæнынц къухылхæцæгæн æмæ йæ æрбакæнынц хæдзармæ, æмæ уæдæй фæстæмæ хæдзармæ фæцæуы, хæдзары куыстытæ фæкæны — хæдзар фæмæрзы, дон фæхæссы, хъуццытæ фæдуцы. Кæр-дзын кæнын та фæстæдæр райдайы.

Хуынтæхæсс ын. Ирон адæммæ хуынтæ хæссыны æгъдау тынг фидар у. Хуынтæ фæхæссынц, дзырдæн зæгъæм, лæппу цы хæдзарæн райгуыры, уыдонæн, йæ низæй цы рынчын фервæзы, уымæн, бæлццоны ссыды фæдыл æмæ аф. д. Фæлæ уæлдай фылдæр хуынтæ фæхæссынц ускуырды хъуыддаджы фæдыл. Уыцы хуынтæн сæ зынгæдæртæ ахæмтæ сты.

Фидыд куы æрцæуы, уæд лæппуиы бинонтæ бауынаффæ кæнынц, кæй ракуырдтой, уымæн хуын аххæссын. Сцæттæ кæнынц арахъ, бæгæны, алыхуызон чъиритæ æмæ æндæр хæринæгтæ, кæрчытæ кæнæ гогызтæ фыхæй. Фыс-кусæрттаг чи самал кæны, ахæмтæ дæр вæййы. Чындзæн балхæнынц къабайаг, кæлмæрзæн, цъындатæ æмæ къухæхсæн сапæттæ, стæй æндæр лыстæг истытæ. Уыдон куы сцæттæ вæййынц, уæд фæхабар кæнынц 'чызджы .бинонтæм, гъе уыцы бон уæм хуын фæхæссæм, зæгъгæ. Æрæмбырд кæнынц, чызджытæ, лæппутæ.

Дыууæтæ иумæ вæййынц 10-æй фылдæр. Хуындзаутимæ иу чындзæн æнæ уæвгæ нæй. Кæд сæхимæ уа, уæд уый, кæд нæ уа, уæд та сæ хæстæджытæй. Хуыидзаутæ араст вæййынц хуынимæ. Кæд, уæрдон кæдæм цæуа, ахæм ранмæ хæссой, уæд уæрдоны ацæудзысты, кæннод та фистæгæй.

Куы бахæццæ вæййынц хуындзаутæ, уæд чындзы хæдзарæй сæ размæ рацæуынц æмæ сын æгасцуай фæзæгъынц, мидæмæ сæ бакæнынц. Адзурынц, кæмæ æмбæлы, уыдонмæ, хуын куыд феной, стæй уазджытæм куыд фæкæсой, уый тыххæй.

Кæмæ адзурынц, уыдон фенынц хуын, æмæ бауынаффæ кæнынц: цас адæммæ арвитой хонæг. Арвитынц æндæр сыхтæм дæр, кæд дзы бирæ минас уа, уæд та æгас хъæубæстæм.

Уазджытæн саразынц хъазт. Цалынмæ, хонæг кæмæ арвы-стой, уыдон æмбырд кæной, уалынмæ хъуамæ фысымтæ хорз феной хуындзауты.

Хонæг кæмæ арвитынц, уыдон куы æрæмбырд вæййынц, уæд сын хуын сæ размæ рахæссынц æмæ йæ иууылдæр фенынц. Хистæрмæ раттынц æртæ чъирийы æмæ нозт. Уый скувы, дыууæ хæстæджы хорз цæмæй фæцæрой, уый тыххæй. Уый фæстæ хуынд адæмы сбадын кæнынц.

Хуынд адæм хæрд, нозт куы фæвæййынц, уæд раарфæ кæнынц æмæ ацæуынц. Фысымтæ та уазджыты дыккаг хатт хорз фенынц, чызг уа, лæппу уа. Фæстагмæ ма уазджытæ скафынц, стæй цæуынафон куы вæййы, уæд сын сæ хуындзау дзауматæ срæвдз кæнынц, æмæ уазджытæ хæрзæхсæв фæзæгъынц.

Фысымты фæсивæд æмæ сыхæгты фæсивæд саргъы бæхтыл сбадынц æмæ уазджыты дарддæр сæ фæндагыл ахæццæ кæнынц кады тыххæй. Ноджы алы лæппу дæр йæхицæн хæс фæхоны уазæг чызджытæн кад скæнын — фелхæнынц сын къафеттæ кæнæ æндæр истытæ, æмæ афтæмæй ахицæн вæййы хуыны хъуыддаг.

Чындзæн ма хуынтæ фæхæссынц лæппуйы хотæ æмæ хæстæджытæ дæр.

Раздæр цы бæрæгбон æрцæуа, уыцы бæрæгбоны рæстæджы ног чындзæн йææцæгат хъуамæ срæвдз кæной хорз хуын æмæ йæ арвитой, сæ чызг чындзы кæдæм ацыдис, уырдæм, йæ бæрæгбоны хай йын, зæгъгæ. Сæхимæ цы кусарт уа сæ бæрæгбонмæ, уымæн ын хъуамæ йæ агъд æнæхъæнæй арвитой. Хуындзаутæ куы бацæуынц, уæд чындз дæр йæхицæй ныббуц вæййы, æгад нæ дæн, зæгъгæ. Хуындзаутыл фысымтæ хорз бацин кæнынц, хонæг арвитынц сыхæгтæм. Сæ размæ сын рахæссынц хуын æнæхъæнæй æмæ йæ скувынц чындзы цæрæнбонты тыххæй. Хуындзаутæн раарфæтæ кæнынц, нуазæнтæ сын фæдæттынц. Чызг-хуындзаутæ дзы куы вæййы, уæд сарашнц хъазт. Фысымтæ сын арфæйы чъири цæвæрынц сæ тæбæгъы. Къухылхæцæджы бинонтæ алы хуыцаубон дæр хуын фæхæс-сынц чындзæн, цалынмæ йыл иу дыууæ мæйы бæрц рацæуы, уæдмæ, нæ хо, у, зæгъгæ. Афтæ йын фæхæссынц æмдзуарджыны бинонтæ дæр, стæй хæстæджытæ, хæлæрттæ.

Хосгæрдæн куы æрцæуы, уæд сиахсæн йæ каистæ æрбахæс-сынц хосдзауы хуын. Чызджы мад сцæттæ кæны йæ сиахсæн цухъа, зæнгæйттæ, сæрак дзабыртæ, нымæтхуд, буцдæрæн урс къуымбилæй, æмæ æндæр лыстæг дзауматæ, цы йæ бон вæййы, уыдон. Æрæмбырд кæнынц фæсивæды. Арвитынц сæ, цы хуын сцæттæ кодтой, уыимæ сæ сиахсы хæдзармæ. Чызджытæ фæн-дырæй фæцæгъдынц, лæппутæ та заргæ фæкæнынц, афтæмæй бацæуынц сиахсы хæдзармæ.

Сиахсы бинонтæ дæр фæзонынц, уæзджытæ сæм кæй æрбацæудзæн, уый, æмæ сæхи сцæттæ кæнынц. Уазджытæн уал раздæр скæнынц хъазт. Хъазтмæ æрæмбырд вæййы бирæ адæм, кафгæ чи нæ фæкæны, уыдон та кæсгæ фæкæнынц.

Кæмæ арвыстой, уыдон куы æрæмбырд вæййынц, уæд сæм хуын æнæхъæнæй рахæссынц. Фенынц æй иууылдæр, æмæ хистæртæ арфæтæ фæкæнынц хуындзаутæн.

Æрбадын кæнынц хуынд адæмы, бахæссынц хистæртæм чъиритæ æмæ нозт. Скувынц худаистæй æмæ лæугæйæ, цæмæй дыууæ хæстæджы бирæ азты кæрæдзийы уарзой, уый тыххæй. Куывд куы фæвæййынц, уæд сæ сбадын кæнынц æмæ сын æрæвæрынц, хуындзаутæ цы хæрд æмæ нозт æрбахастой, уыдон æмæ сæ хорз фенынц.

Уазджыты дæр фысымтæ хорз фенынц кафт уæд æмæ æндæр уæд—алцæмæй дæр. Сæхимæ куы раст кæнынц, уæд сын фæсивæд фелхæнынц къафеттæ, ноджыдæр семæ ацæуынц æмбис фæндаджы онг бæхтыл, уазджытæ хъахъæд цæмæй æрцæуой, уый тыххæй.

Хуыны вæййы къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæн дæр æртыгай уæлибæхтæ æмæ кæрчытæ, нозт. Уыдон дæр, сæ бон цы вæййы, уымæй сбуц кæнынц уазджыты.

Чи-иу кæмæй куырдта чызг. Цалынмæ ирон адæмы æхсæн чырыстон æмæ пысылмон динтæ нæма уыдис, уйлынмæ æнæ къуылымпыйæ чызджытæ куырдтой сæ кæрæдзийæ, æцæг хъæздыджытæ кæрæдзимæ сæхи хæстæгдæр æвæрдтой. Уый тыххæй, æмæ мæгуырдæр лæппуйæн, иуæй, ирæд бирæ бафидын тагьд йæ бон нæ уыд, иннæмæй та чызг дæр мæгуыр цард кодтаид. Уымæ гæсгæ-иу, хъæздыг хæдзары лæппу удæй мæгуырдæр куы уыдис, уæддæр чызг раздæр уымæн лæвæрдтой, чызг йæхæдæг мæгуырдæр лæппуйы фылдæр куы уарзтаид, уæддæр.

Фæлæ ирон адæмы æхсæн чырыстон æмæ пысылмон динтæ куы стыхджын сты, уæд кæрæдзийæн куыдфæстæмæ чызджытæ нал лæвæрдтой — чырыстæттæ пысылмæттæн, пысылмæттæ чырыстæттæн. Тынгдæр нал лæвæрдтой пысылмæттæ. Уыдон сæ диныл тынгдæр хæст уыдысты æмæ афтæ дзырдтой, мах, дам, сыгъдæгдæр дин кæнæм, пысылмæттæ, дам, хуыйы фыд нæ хæрынц, сæн нæ нуазынц, стæй сæхи дæр сыгъдæг дарынц.

Ноджы ма паддзахы хицаудзинад йæ къабузтæ арф куы ауагъта нрон адæмы æхсæн, уæд йæхицæн хъузæттæ сарæзта ирон лæгтæй. Цæмæй йын уыдон кæддæриддæр æххуысгæнæг уыдаиккой, уый тыххæй сæ йæхимæ æрбахæстæг кодта. Бирæты дзы æфсадмæ айста, радта сын пъагæттæ æмæ дынджыр тъæпæнтæ зæхх, иннæты та мæнгарддзинадæй сфидар кодта уæзданы бынаты, цыма уыдон иннæ адæмы хуызæн ие сты, фæлæ цавæрдæр сыгъдæг туг æмæ стæгæй конд сты, уыйау. Уыцы «уæздæттæ» æмæ иугай зæхджынтæ тыхджын кæнын куы байдыдтой, уæд уый хæлды хос фæцис адæмы цардæн, адæм æртæ дихы фесты: уæздæттæ, кæвдæсæрдтæ æмæ фæрссагадæм.

Уыцы уавæрты кæвдæсард лæппуйæн уæздан мыггаг сæ чызджы никæд радтаиккой, æмæ йæ хъуамæ кой дæр макуы скодтаид.

Уæздæттæ æмæ фæрссаг адæм сæ кæрæдзийы чызджыты уæвгæ кургæ кодтой, æцæг ахæм хабæрттæ арæх нæ цыди, уый тыххæй æмæ, уæздан лæг фæрссаг лæджы чызджы куы куырдта, уæд ыл-иу уæздæттæ худгæ кодтой, дæ сæрмæ та йæ куыд хæссыс, зæгъгæ. Кæд æмæ фæрссаг лæг куырдтаид уæздан лæ-джы чызджы, уæд-иу уый та уæздæттæ рарвит-барвит кодтой сæ алы хæстæджытæм, æмæ йын-иу куы сразы сты, уæддæр-иу сæ ирæдыл сæвæрдтой уæлдай уæлæмхасæн. Гъемæ-иу лæппу уæддæр, уæздан лæджы чызджы ракуырдтон, æгайтма мæ уæздан адæм сæхимæ хæстæг исынц, зæгъгæ, йæхицæй ныббуц ис. Кæвдæсард мыггæгтæ куырдтой сæ кæрæдзийæ. Кæд хорз лæппу уыдаид, уæд-иу ракуырдта фæрссаг мыггаджы чызг дæр. Кæвдæсард лæппуйæ хорз, сæрæн чи уыд, ахæм-иу иуæй-иу хатт аскъæфта уæздан лæджы чызджы, æмæ-иу чызг æмæ лæппу кæрæдзийы уарзгæйæ фæцардысты. Фæлæ-йу æрцыдис ахæм хъуыддæгтæ дæр: уæздан мыггаджы фæсивæд-иу бауынаффæ кодтой, нæ чызгæй уыцы кæвдæсард мыггаджы æхсæн цот куы рацæуа, уæд нын худинаг у, исчи дзурдзæни, уыцы кæвдæсард мыггагмæ уæздан мыггаджы хæрæфырт ис, зæгьгæ. Æмæ-иу сæрæн кæвдæсард лæппуйы сæхиуыл æрæууæндын кодтой, хуыцау нæ саккдг кодта кæрæдзийæн хæстæгæн, зæгъгæ, стæй-иу æй уый фæстæ æууæнкæй амардтой. Хатгай-иу чызджы дæр маргæй истæмæй амардтой, куыд ничи сыл фæгуырысхо уыдаид, афтæмæй, кæвдæсардимæ фæцардæй нæ фæхудинаг кодта, зæгъгæ.

Йæхи хуыздæр мыггагæй чи хуыдта, уыдон-иу цауддæр мыггæгтæй истой гæртæмттæ—чи æхсаргард, чи хъыримаг, чи цы, чи цы, йе та хорз саргъы бæх, кæннод сын-иу сæ хъуыддаг халгæ кодтой, æмæ-иу усгур дæр барæнæбары сразы ис. Ахæм хъуыддаджы тыххæй-иу нæ бавгъау кодта йæ хорз дзаума, науæд йæ буц саргъы бæх.

Лæгæн гыццылдæр хæстæг чи æййæфтаид, уыдонæй чызг ничи куырдта — уый уыдис стыр худинагыл нымад. Ахæм чызджы чи ракуырдтаид, уымæн-иу цот куы нæ кодта, уæд-иу адæм загътой, хуыцауы æбуалгъ хъуыддаг бакодта, ард басаста, æмæ йын зæнæг уымæн нæ кæны.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru