поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Уæлагирон седзæргæс уоси зар
Автор: 00mN1ck / 8 января 2011 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Ири цæргутæ Уæллагири æрбамбурдæнцæ
Бæхæвзурст æма лæгæвзурстæй;
Æстæмæй-астмæ сæхе исцæттæ кодтонцæ:
Цæуæн, фæццæуæн уæртæ фæрнуг фонсгин Дигорæмæ
Се стур фусти дзогтæ
Æма галæргъæуттæ æртæрæн.
Еу седзæргæс уосæн еунæг лæхъуæн адтæй,
Е дæр еци адæми хæтдзæ цæун сфæндæ кодта
Æ мади сосæгкæй.
Сæ цæунбони æнгъуд ку 'рхæццæй,
Уæдта лæхъуæн мадæн загъта:
– Рагъæн рæуæг æма губунæн дзæбæх хуаллаг рацæттæ кæнæ!
Мадæ имæ дзоруй:
– Ци кæнис, мæ еунæг æнгъæлдзау?
Кумæ цæуни фæндæ кæнис?
– Мæнæ Ири хуæнхтæ лæгæвзурстæй
Дигорæмæ цæунцæ фонс кæнунмæ,
Æма æз дæр цæун.
– Ма кæнæ, мæ еунæг æнгъæлдзау!
Ка цæуй,
Етæ сæ хæдзари байзадæнцæ
Æртигæйттæй, дугæйттæй,
Дæуæн ба дæхе фонс дæр
Дзæгъæли байзайдзæнæнцæ!
– Гъæй, нана, зæгъгæ, йин е загъта,
Æз дин лæгæй лæгмæ æрхæсдзæнæн
Дигори фонсæй уæлдай хæйттæ!
– Ма кæнæ, мæ йеунæг æнгъæлдзау!
Дæхе хæйттæ дзæгъæлæй байзайдзæнæнцæ;
Æз дæр æнæ дарæгæй, мæгурæй,
Неугæй байзайдзæнæн.
Коммæ нæ бакастæй,
Рандæй Ири æстæйрон адæми хæтдзæ
Дигорæмæ фонс кæнунмæ.
Бацудæнцæ Дигорæмæ:
Бони цъæхи син сæ фусти дзогтæ
Сæ галæргъæуттæбæл рагъæр кодтонцæ.
Дигоргом дæр истур фæдес фæцæнцæ.
Истур тугъд сæмæ æрцудæй Ири хæтдзæ.
Тухгæнæг адæм истур цагъд æрцудæнцæ,
Мæгур седзæргæси лæхъуæн дæр фæццæф æй
Ма йеу дори бунмæ бацудæй,
Йеу бони фæсте йеци дори фæсте
Лæхъуæн цæфæй гъарæнгитæ кодта:
– Мæнæн нана уотæ ку загъта:
Есге хæран фонс дæ нæ гъæуй,
Дæхе фонс дзæгъæлæй байзайдзæнæнцæ, зæгъгæ.
Нур ба мæбæл дæ дзурдтæ
Ци хъæбæр æрцудæнцæ, нана!
Кæугæ-неугæ дзæгъæлæй дæ
Ку ниууагътон æцæгдзинадæй!
Тæходуй, тæходуй, нана,
Æз ма дин дæ цæсгом
Ку фæййидтаинæ уæддæр!
Уæлигæс лæхъуæн æрбацудæй, –
Цæф лæхъуæни гъарæнгитæ фегъуста,
Æхемæ сæ æрбайста.
Мæгур седзæргæсæн æ еунæг лæхъуæн
Ку не 'рбацудæй:
– Гъæйтт, мæ йеунæгбæл, цидæр æй,
Цидæр æрцудæй, загъта.
Лæгæмбæрцæ тæскъæ рабидта.
Тæскъæ æ рагъи, уотемæй
Дигоргоммæ æрбахæццæ 'й.
Æ йеунæги мард агурдта,
Уотемæй йибæл еу раууæн баталингæ 'й.
Дор æ нивæрзæн уогæй,
Уотемæй æхсæвæ бонмæ уоми фæцæй.
Сæумæ уæлигæс лæхъуæн уæлитæ раскъардта
Хонсари æрбацудæй заргæ.
Йеци седзæргæс уосæ уæлигæсмæ фегъуста
Æ дзурдтæбæл йин фæггурухсæй;
Исимæ цудæй æма ин загъта:
– Нана дæ рунтæ бахуæра,
Ци рæсугъд зартæ кæнис,
Ракæнай сæ мæнæн дæр!
– Зар нæ 'й, зæгъгæ, загъта и битдзеу, –
Еу бонæ дæлæ йеци дори бунæй кадæр гъарæнгитæ кодта,
Æз дæр имæ игъустон
Æма сæ мæ зæрдæмæ райстон.
Уосæ дæр дори бунмæ ниууадæй,
Æ еунæги мард дори бунæй райста.
Тæскъи медæгæ 'й февардта
Æргъомбаст æй æрбакодта,
Уæллагирæмæ 'й æ хæдзарæмæ рахаста.

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 18 апрель, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папка 13, ф. 99–100.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru