поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Мазухъай зар
Автор: 00mN1ck / 25 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Уæлæ и Дигорæ рамбурд унцæ Мадзасгæмæ.
Уоми фæндæ, фæнди сæртæ ку кæнунцæ,
Хъайи фурт Гегки* разæгъуй:
– Дигорæ! Сау Гезе нæ ку нæбал уадзунцæ цæрун,
Нур ба нимпурсæн, фонс си фæккæнæн!
Исарази æнцæ Дигорæ, ма Гегки разæгъуй:
– Арази бæргæ ссайтæ, фал нæ гъуддаг æрдæг æй:
Йе нæмæ баделон лæг нæййес,
Йе бабæй нæмæ цæргæссон лæг нæййес.
Нур ба уæ кæд фæндуй, Дигорæ,
Уæд уонæй багорæн!
– Арази ан, – зæгъгæ, разагътонцæ.
– Мадта кæмæй багорæн:
Хъубадтæй зæгъианæ, æма
Æнæууæнк адæм æнцæ,**
Туйгъантæй зæгъианæ, æма
Йетæ ба фæлмæнвад æнцæ.***
Абисалтæй зæгъианæ, æма
Йетæ ба дæргъæхсарæ æма цубуркъох æнцæ****
Хъарабугъатæ зæгъианæ, æма
Хæреси галау лæхлæбæз æнцæ.
Таймазтæй зæгъианæ, æма
Исонизæр сабатизæр, æма
Уоститæн урдугистæг уодзæнæнцæ.
– Хъантемуртæй лæг фæууæд! – загътонцæ.
– Хъантемуртæй ба кæмæй зæгъæн?
– Туалий фурт Мазухъа фæууæд! – загътонцæ.
Гегки загъта: – Нæуæг лæг æй,
Балци адтæй 'ма зинадæ кæндзæнæй, – зæгъгæ, загъта. –
Уæддæр æй æз мæхемæ есун еци гъуддаг, зæгъгæ, загъта.
Æхсæви имæ æ хуссæнмæ бадзурдта Гегки:
– Дигорæ æрæмбурд æнцæ, стæри цæунцæ,
Разæйцæуæгæн дæ агорунцæ.
Йе ба загъта:
– Иттæг арази дæн Дигори хæтдзæ,
Фал тахгитæй* рæвдзæ нæ дæн.
– Йетæ ба дин мæнмæ, – зæгъгæ йин загъта.
– Хæтæли хуаллагæй дæр рæвдзæ нæ дæн, – загъта.
– Йе дæр дин мæнмæ, – зæгъгæ ин загъта.
– Арази дæн, цæун уæ хæтдзæ.
Æнгъудмæ схъæрттæй:
Ранæхстæр æнцæ ма Къергеси лæгæтмæ схъæрттæнцæ,
Се 'хсæвеуат уоми.
Уоми ба сæ базудтонцæ Гезе.
Сæумæ ба уоми цапауæлæ бахастонцæ,
Хъантемури-фурт уоми мард фæцæй.
Уоми сæбæл истухтонцæ 'ма
Сæ гъæухаст ракодтонцæ æма раздахтæнцæ.
Мадзасги æрæнцадæнцæ ма загътонцæ:
– Гъе нур ба Хъантемурти Туали
Дигори зæрæндтæй ку 'й,
Куд ин фегъосун кæнæн,
Æ йеунæг лæхъуæни йин ке рамарун кодтан?
Гегки загъта: – Æз имæ цæун гъæргæнæг, – зæгъгæ.
Æрцудæй йимæ.
– Уæ, алли бон æгас цо, Гегки, – йимæ исдзурдта Туали.
– Куд айтæ, ци айтæ,
Кутемæй æрцудайтæ,
Ци фæцæй уæ фæндаг?
– Куд фæууа, – зæгъгæ, загъта, –
Дæ йеунæги дин рамарун кодтан!
Йе дæр рохсаг уæд! – æррæстæ загъта.
– Уомæй фæстæмæ куд айтæ?
– Уомæй фæстæмæ ба сæ гъæухаст ракодтан,
Ма дин сæ Дигорæ саггаг кодтонцæ.
Туали ба нæ бакумдта:
– Фонсæй ке рахастайтæ,
Хæзнайæй ке рахастайтæ,
Уæ мæгур, уæ хъал уæд,
Басæиуаретæ,
Уотемæй арази дæн тог райсунмæ.
Гъæу ба бахæссетæ сæ бунатмæ
Æд силæстæг, æд нæлæстæг æма
Сæ æрæвæретæ сæ гъæуи æма
Сæбæл хъалон ниввæретæ;
Цалдæн махæй муггаг уа,
Уалдæн хъалондар куд уонцæ, уотæ.
Дигорæ еци æгъдаубæл исарази æнцæ,
Гъæу Хъантемуртæн байзадæнцæ
Хъалондарæн сæ тогмæ.
Фонсæй, хæзнайæй ба Дигорæ баиурстонцæ.

Радзырдта йæ Тугъанты Тæтæрхъан, 22 январь, 1921 аз, Дзæу¬джыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папкæ 13, ф. 138–140.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru