Мæнæ Габанты хъалтæ мæ размæ куы бадынц, Ой, ой, цы кæнон, ме 'мгæрттæ, ой! Ой, ой, ой, цæуылнæ мæ ауадзут, Габанты хъалтæ? Гъей, æз быдырæй мæ сывæллæттæн хор куы ласын, гъей! Ой, ой, Уыналгомы сын мæнæугом. Гъей, гъей, абоны бон Беккуызарты Саукуыдзæн мæлæн бон. Ныр размæ цон, æмæ мын Габанты хъалтæй фæндаг куы нæ ис. Гъей, гъей, ныр фæстæмæ лидзон Габанты хъалтæй, Æмæ мæ сæрæн æгад куы у. Ой, тох, æз нал фæцæудзынæн фæстæмæ нанайы цурмæ, Ой, тох, кæрдзынтæ хæрынмæ, ой. Ой, тох, цæуылнæ мæ ауадзут, Габанты хъалтæ, Гъей, гъей, æз дæлæ быдырæй мæ сывæллæттæн хор ласын, ой. Ой, ой, уæдæ сын загъта, Уыналы аргъуанæн дурæй дзæнгæрæг, Ой, ой, Беккуызары-фырт ныдздзуры, гъей-мардзæтæ, Гъей, гъей, Габантæм чи фæуыдзæн хурæй хъæргæнæг. Ой, ой, гуырдзиаджы дукани сын нас æмæ æрхуыйы быгъуытæ, Гъей, гъей, Беккуызарты Саукуыдз, дам, бадзуры: – Ой, ой, фехъусын кæнут Габанты фæсивæдæн: Гъей, гъей, дæлæ Беккуызарты Саукуыдз, ой, Ой, ой, уæ хъал фæсивæды, ой-мардзæтæ, ныккодта, Арс æмæ нæлхуыйы пырхытæ. Ой, ой, уæларвæй сын, зæгъ, кæлмæрзæн æрхауди, Гъей, гъей, Беккуызарты дынджыр хъамайы цæфæй, гъей! Ой, Габаны-фыртæн йæ бæрзæй æрхауди. Ой, ой, ма мыл фæхудут, мæ хъæубæсты фæсивæд, Габанты хъалтæ мæ, зæгъ, нал уагътой мæ хæдзармæ цæуын.
Радзырдта йæ Бидеты Цоцка, 1936 аз. Ныффыста йæ Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 3–21, папкæ 71, ф. 20.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |