Сослан будурмæ рацудæй æма уинуй: Фæндагбæл мегъи пъæсту æрбацæуй. Мегъи пъæстуйæн æ сæрти тæхуй сау халæнттæ, Æ фæсте ба зиннуй готони ауæдзæ. Нийимæцæуй, æма разиннуй Æлбеги фурт минги Тотраз. Мегъи пъæсту – æ бæхи коми тулфæ, Сау халæнттæ – æ бæхи къубарæ, Готони фæд – æ бæхарци фæд. Саргъбæл уæлгоммæ хуссуй сувæллон Æлбеги фурт минги Тотраз. Уæлæмæ имæ схезуй Сослан æма ин Æ тæрних кардæй æрцæвуй. Фитдзаг цæфмæ ин неци сбæрæг уй. Дуггагмæ дæр неци сбæрæг уй, Æртиггаг цæфмæ битдзеу райгъал уй: – Ци кæнис, Сослан? Уæдæй ардæмæ мин мæ тæрних Дæ кардæй ку хуаис! – Æз ку неци, йарæби, æз ку цæун мæхе фæндагбæл,– Зæгъгæ, Сослан, хуарзау нæбал фæууй. Æлбеги фурт минги Тотраз æ бæхарцæбæл Сосланæн æхе дæр æ бæхи дæр ку исесуй. Бæхарцæ ин æ саргъæй е 'фтаугути астæу бацæвуй, Отемæй æй дзæвгарæ ку фæххæссуй. Сослан разæгъуй: – Рамæуадзæ аци хатт, Дæ хуарз фидистæн, Æлбегистæн. – Æмгъуд нин фæууæд, – зæгъуй Æлбеги фурт минги Тотрадз, – Уæрппи бæрзондмæ, абони майрæмбон – Иннæ майрæмбонмæ. – Сослан дæр æй, Уасхæ нæ астæу, зæгъгæ, 'й, баууæндун кæнуй. Сослан æрбацæуй æ хæдзарæмæ мæстгунæй, Æ фур мæстæй ку 'рбадуй, уæд сире къелай бун ниттонуй. – Ци кæни? – зæгъгæ, 'й бафæрсуй æ осæ. – Ци ма кæнон? Къаннæг битдзеутæ дæр ма ми Гириз кæнун байдæдтонцæ: Æлбеги фурт Минги Тотразæн æмгъуд равардтон, Абони майрæмбон, иннæ майрæмбони Уæрппи бæрзондбæл куд фембæлæн. Сослани осæ зонæнгин адтæй: – Омæн, – загъта, – неке неци кæндзæнæй, Еугур æндон болат æй æ фæсонтæй фæстæмæ. Æ фæсонтæ ин кунæ ниццæвай, Уæд ин неке неци бафæраздзæнæй. Омæн æ бæх дæлуймонти хаст æй, Дæ бæхбæл бабæттæ алли хузи муртæ, Æма дæхе ку баримæхсай, дæ рæзти рафецаугæй Йе рух ратдзæнæй сæхердæмæ, уæд базмæлун кæнæ Дæ бæхи æ мурти хæтдзæ. Дæ мурти гъæрæй æ бæх нæбал фæллæудзæнæй. Æмгъуди бони Сослан гъазæн туппури аууон къагъд ку скæнуй, Къагъд ку скæнуй, æхе ку баримæхсуй, Уалинмæ æрцæуй Æлбеги фурт минги Тотраз, Рагъæуай-багъæуай кæнуй, ку некæми неци уинуй. – Арт де 'рдиги фæууæд, Сослан, – зæгъгæ 'ма, Сæхердæмæ ку раздæхуй. Йе 'рух ку рахатуй гъæуæрдæмæ, Уæд æ бæхи муртæ ку базмæлун кæнуй Сослан, Бæх дæр ку фæттæрсуй, минги Тотрази ку раскъæфуй, Хъæзи фæттæй æй цæвунтæ уæд Райдайуй Нарти Сослан. Æлбеги фурт минги Тотраз Æ идони ласæнтæ ку 'рбатонуй, Æ бæхи гъостæмæ уæд ку фæллæборуй. Æ бæхæн баорамуни мадзал ку нæ йеруй, Уæд бæхæн йе 'фсæри къæдзæмæ ку балæборуй, Йе 'фсæри къæдзæ ин ку срæдовуй, Уалинмæ хъæзи фæттæй Сослани цæфтæй Æ фæсонтæ ку байдзаг унцæ, Уæд рахауй Æлбеги фурт минги Тотраз Æма æ од ку исесуй. Æ мадæ рарветуй дууæ лæхъуæни æ фурти агорæг: – Абони Уæрппи бæрзондмæ син адтæй æмгъуд – Мæ фурт æма Нарти хуарз Сосланæн. Баминæй бæрæг кæнтæ! Дууæ лæхъуæни Уæрппи бæрзондмæ схæццæ унцæ. Идардмæ сæ ниууинуй Сослан æма Баслæхъæй æ сæр истохуй, Басæфæрсуй: – Кумæ цотæ? – Абони Æлбеги фурт Тотраз Уæрппи бæрзондмæ тохунмæ рацудæй Сослани хæтдзæ, 'ма си ка фæммард æй, Ой бæрæг есунмæ цæуæн мах. – Дзæгъæл цуд ку кæнтæ, Æлбеги фурт Æ бæхбæл гъазгæй урух будурти Ниффардæг æй уæдæйти, Сослани мард ба Уæлæ берæгътæн хуалиæн байзадæй. – Дæ цæрæнбон берæ, мах ба уой туххæй Дзæгъæл хъиамæт ку кодтан. Æрбаздæхунцæ фæстæмæ Тотрази мадæмæ, Хуæрзæнгорæггаги имæ ку бацæунцæ, Зæронд осæ син æрцæттæ кæнуй Нард фидтæй дзаг тумбул фингитæ, Дони арæхæн син алли ниуæзтæ. Уæддæр мади зæрдæ зонæнгин кæми нæй! Æнцад нæ фæууй зæронд осæн æ зæрдæ: Сæ уæллæй æрбабадуй æма сæ бафæрсуй: – Уæхуæдтæ 'й фæййидтайтæ æви уин есге загъта? – Мæнгæ зæгъун ходуйнаг æй, нæхуæдтæ 'й Нæ фæййидтан,фал нин еци хуарз хабар Загъта йеу бæхгин. – Ци уавæр æй? Еци бæхгини уи неке бафæсмардта? – Листæг имæ фæккастæн, – загъта йеу, – Æма ниддеси дæн, – баслæхъи тухт æ сæр, Фал æ йеу цæсти дууæ гагуй адтæй. – Æ ростæмæ февналуй, æ уæргутæ æрцæвуй, Тотрази мадæ 'ма никкæуй: – Сослан адтæй е, Сослан! Омæй æндæр Хуцауи скондæй дууæ гагуй æ еу цæсти Некæмæн йес. Фæццотæ йимæ æма, кæд Разæй цæф æй, уæд æй уæлмæрди байвæретæ; Хуцауи унаффæй уайтагъддæр Рабаддзæнæй фæстæмæ. Кæд фæстеггæй цæф æй, уæдта 'й Æрхæссетæ ардæмæ, æма йибæл мæхе Кæунæй бафсадон. Фæццæунцæ, 'ма, Тотрази мард куд рахæссунцæ, Отæ сæбæл Сирдон фембæлуй. – Кумæ 'й хæссетæ? – Дæлæ уæлмæрдтæмæ. – Ой бæсти 'й хæссетæ æ хæдзарæмæ: А, лæги къохæй мард ка нæ фæцæй, Уæхæн æй, барæй æхе бæргæ рамардта Хъал битдзеу: кæсетæ, æ бæхи æфсæртæ Куд рарæдувта. Хæссетæ 'й ой бæсти Æ зæронд мадæмæ, йе ба ин кæд йести Хуцауæй ракора. Отемæй Æнæ хай фæцæй уæлмæрдтæй Æлбеги фурт Тотраз. Нæбал йин адтæй Аци дуйнемæ раздæхæн, æма æ зæронд мадæ Æ йеунæг фурти мардбæл кæунæй æхе Ниттуппуртæ кодта.
Радзырдта йæ Саулаты Дзæрæх, 1901 аз. Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 13, папкæ 6, ф. 47–50.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |