поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нæртон Борæты дугъ
Автор: 00mN1ck / 19 сентября 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Нарты цотæй Борæтæ авд азы фæллой фембырд кодтой æмæ хъавыдысты кады хист скæнынмæ сæ зæронд мæрдтæн. Афтæмæй хисты бонмæ æртæ азы раздæр фидиуæг ныхъхъæр кæнын кодтой Борæтæ, хист кæй кæнынц сæ зæронд мæрдтæн æмæ алчи йæ дугъон бæхмæ куыд базила. Дугъ та уыдзæн Ахъ денджыз æмæ Хъара денджызы æхсæн сакъадахæй Нарты хъазæн лæгъзмæ. Хъазæн лæгъзы – тырыса сагъд æмæ уыцы тырысамæ чи æрбаразæй уа, уымæн йæ фыццаджы хай – уацайраг лæппу, дыккагæн – уацайраг чызг, æмæ аннæ бæхтæй дæр иу дæр æнæ хай нæ уыдзæнис хæзнайæ, фосæй æмæ æндæр мигæнæнтæй.
    Фидиуæг куы фехъусын кодта, уæд алчидæр уыцы æртæ азы æмгъуыдмæ йæ дугъон бæх æууæрста.
    Саумраты Чъандз фидиуæджы хъæр ныхасы бадгæйæ куы фехъуыста, уæд мæстæйдзагæй æрбацыдис йæ хæдзармæ æмæ пылыстæг къæлæтджыныл мæсты бадт æркодта. Бандон асастис, æмæ йæ йæ зæронд ус фæрсы:
    – Цы кодтай, нæ зæронд лæг, цæуыл та мæсты дæ абон?
    Чъандз ын дзуапп радта:
    – Фидиуæг хъæр кæны: Борæтæ, дам, сæ зæронд мæрдтæн каддаджы хист кæндзысты æртæ азы фæстæ, æмæ алчи йæ дугъон бæхмæ базилæд. Фыццагæн – уацайраг лæппу, дыккагæн – уацайраг чызг, аннæтæй дæр, дам, æнæ хай иу дæр нæ фæуыдзæнис. Гъеныр фыццаджы хай мæн уыдаид, мæ бæхæн мын дугъон барæг куы уыдаид. Æз та зæронд ныддæн. Ууыл кæуын, æмæ мæ мæстæй саст æрцыдис мæ бандон дæр.
    Ус æртæ мыдамæсты (чъирийы) ракодта, ронджы гоцъобиимæ авд æддæгуæлæ бæстыхайы уæлæмæ схызти æмæ сæ уым Хуыцаумæ скуывта.
    Æнæ ацаходгæ сæ фæстæмæ æрхаста æмæ ронджы гоцъоби æд æртæ чъирийы йæ зæронд лæгæн бахæрын кодта. Ус йæ риуыл бакъул кодта. Хуыцау усы куывд айста, æмæ ус басывæрджын ис.
    Афон куы 'рцыдис, уæд дугъæттæ ацыдысты сакъадахмæ, сæ рауайæны бон та Чъандзæн зындгонд уыдис.
    Иу бон æмæ æхсæв кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæмæй дын Чъандзæн райгуырди лæппу æмæ йыл ном сæвæрдтой Сæуа.
    Дугъмæ ма æртæ боны куы хъуыдис, афтæ та Чъандз ныхасæй йæ хæдзармæ æрбацыд æмæ та куы æрбадтис, уæд та фырмæстæй йæ иннæ бандон дæр æрсаста, ай та ма нын, зæгъы, (йæ фыртæй) мæстæй марынæн Хуыцау цæмæн радта.
    Йæ фырт Сæуа авдæныл ахæцыдис æмæ йын йæ цыппар фарсы арвы цыппар фарсмæ фехста æмæ йæ зæронд фыд Чъандзы фæрсы:
    – Цæуыл мæсты кæныс, мæ фыд?
    – Ма байрæзай, мæ фырт, – зæгъы Чъандз, – чысыл уал авдæны ахуыссыдаис.
    Сæуа йын загъта:
    – Куы нæ мæ уадзыс, мæ зæронд фыд, хуыссын, уæд цы кæнон. Ныр дын бæх ис æви нæй, уый мын зæгъ.
    Чъандз ын загъта:
    – Мæ бæх ныккæнды æнæ дондæттæгæй, æнæ хицауæй æфсæн æрдихтæ хæры, æмæ йæ фаджыс бæхæн йæхицæй фæбæрзонддæр ис. Гъеныр æм ацу æмæ дæ кæд йæхимæ бавналын бауадза, гъеуæд ды уыдзынæ Чъандзы фырт Саумраты æмæ мын мæ бæхæн барæгæн бæздзынæ, кæннод цы кæнон.
    Сæуа ныккæндмæ бæхмæ ныццыдис. Бæх æй йæ фæстаг къæхтæй рариуыгъта. Лæппу къулыл сæмбæлд æмæ бæхы дыууæ фæстаг къахы ацахста æмæ йæ зæххыл ныххоста, загъта бæхæн:
    – Фæлдыст фæуай, æгъгъæд дын нæу фаджысы æмбийынæн!
    Бæх та лæппуйы йæ дæндагæй ацахста æмæ йæ зæххыл феууæрста, лæппу та йын йæ хъустæм фæлæбурдта æмæ бæхæн йæхи зæххыл ныххоста æмæ йæм дзуры:
    – Æппын дын ардыгæй ацæуынæн ницы гæнæн ис æви цы, æз Чъандзы фырт Сæуа кæй дæн, уый нæ зоныс?
    Стæй гъеуæд бæх йæ дзыхæй сдзырдта:
    – Ды Чъандзы фырт куы нæ уаис, уæд ныронг мæ къæдзилы хъисмæ дæр куы ничи ма æрбавнæлдта. Ныр ды абонæй фæстæмæ бæздзынæ мæнæн барæгæн.
    Сæуа йын загъта:
    – Ды та мæнæн бæхæн бæздзынæ абонæй фæстæмæ.
    Сæуа йæ фыдмæ ссыди æмæ йын зæгъы:
    – Топп æмæ дын æхсаргард ис æви нæй?
    – Мæ кардæн йæ фындз, – зæгъы Чъандз, – йæ фистоны сагъд, æрбатасгæйæ лæууы æмæ цъæх арт уадзы, мæнæн йæ дарын мæ бон нал уыдзæни. Мæ топп та хæстмондагæй æфсæн рæхыстæй æфсæйнаг цæджындзтыл баст у æмæ сырх арт уадзы... Гъеныр, мæ фырт, кæд дæ бон бауыдзæнис, уæд дын гъа авд дæгъæлы æмæ æвдæм дуар куы бакæнай, уæд гæрзтæ уым сты æмæ, кæд сæ райсын дæ бон бауыдзæнис, уæд дæу уыдзысты, кæннод та уыдзæнис дæ мæлæт æмæ дын мæ аххос ма уæд. Чысыл ма куы ахуыссыдаис, зæгъгæ, дын æз уый тыххæй загътон.
    Сæуа æхсæз дуарыл бахызти, стæй æвдæм дуарыл куы бахызтис, уæд карды фистоныл ныххæцыдис. Кард йæ фындз феуæгъд кодта, æфсæйнаг цæджындзыл сæмбæлдис, æмæ цæджындзы сæнчы хуызæн ахауын кодта. Сæуа карды йе 'фцæджы бафтыдта æмæ йын загъта:
    – Арт мауал уадз, мæнæ дын ме уæхск бынат.
    Дыккаг хост ныккодта урс ерæдзыпп топпы къæдзил, топп уæларвмæ æртæ гæрахы фæкодта. Сæуа йæ не суагъта æмæ топпы дæр йе 'фцæджы баппæрста æмæ фæстæмæ рацыдис авд дуарыл æд топп æмæ æд кард.
    Бæх бирæ азты дон нæ нуæзта, цалынмæ йæ Нарты Дзыхыдонмæ баластæуыдаид, æхсæв æмæ бон хицæн кæнын куы байдайынц, уыцы афоны, уæдмæ.
    Уыцы афон та-иу Сатана цыдис авд æддæгуæлæйы сæрмæ куывды. Уырдыгæй-иу касти, зæххыл æмæ уæларвы амондæй æмæ æнамондæй цы ис, уыдонмæ. Иу бон федта Чъандзы бæхы Нарты Дзыхыдонмæ баласгæйæ. Базыдта Сатана бæхы. Бæхæн йæ ныхыл уыдис Бонвæрнон стъалы (згъар). Сатана æндæр ранмæ нал касти, æрцыдис йæ хæдзармæ æмæ хабар йæ мой Уырызмæгæн радзырдта, стæй йын загъта:
    – Нæ цин хуымæтæджы фæцис, дугъы уацайраг лæппу мах нал фæуыдзæнис, мæ цæстыл ауад Дзыхы доны дон нуазгæйæ Чъандзы бæх, йæ ныхыл Бонвæрнон стъалы, фæлæ йæ донмæ чи аласта, уый бæрæг нæ уыдис.
    Уырызмæг Сатанайы бафхæрдта, Саумраты Чъандзæй мыггаг куынæуал ис, гъеуæд уыцы бæх чи раластаид, зæгъгæ.
    Сатана та дыккаг æхсæв дæр ацыдис æмæ йæ каст Дзыхы донмæ скодта, æндæр ранмæ нал кастис.
    Сæуа та йæ бæхы дон нуазынмæ раласта. Сатана йæм кæсы, бæхы бæлвырддæр базыдта, фæлæ та йæ чи раласта, уый бæрæг нæ уыдис, сывæллон Сæуа чысыл уыдис æмæ нæ зындис.
    Сатана сæхимæ бацыдис æмæ та хабар йæ мой Уырызмæгæн радзырдта, загъта та йын:
    – Нæ цин хуымæтæджы у, уацайраг лæппу мах нæ фæуыдзæнис, Чъандзы бæхы абон дыккаг хатт Дзыхыдоны дон нуазгæ федтон, фæлæ та йæ ласæг чи уыдис, гъе уый нæ равзæрстон.
    Уырызмæг та фæмæсты ис æмæ йæ ус Сатанайы лæдзæгæй рацæфтæ кодта, гæды ныхæстæ мын ма кæн, зæгъгæ.
    Æртыккаг бон дæр та Сатана авд æддæгуæлæмæ куы ссыдис, уæд та Дзыхыдонмæ йеддæмæ æндæр ранмæ нæ кастис, цæмæй йæ мой Уырызмæджы бауырна.
    Кæсы та æмæ бæх – Чъандзы бæх кæй у, уый бæлвырд базыдта, фæлæ та уæддæр йæ ласæг бæрæг нæу, дзылар та дæргъæй, фæлæ йæ чи ласта, уый нæ зындис талынджы.
    Сатана та йæ мой Уырызмæгæн бæлвырд радзырдта, уыцы бæх Чъандзы кæй у, йæ дзылар дæргъæй, фæлæ та йæ ласæг не сбæлвырд ис.
    Уырызмæг Сатанайы фæрсчытæй æртæ асаста, ома мын цæмæн гæды ныхæстæ кæныс, афтæ-уфтæ фæуинаг.
    Фæрсчыты састы фæстæ Сатана Уырызмæгæн радзырдта йæ фын:
    – Цыма ды фыццаджы хайыл Хъазæн фæзы быцæу кодтай, фыццаджы хай никæмæн лæвæрдтай. Уаскъуыппы бæрзондыл сау сынт бадтис, йæхи рауагъта æмæ дыл цыма йæхи скъуырдта Хъазæн лæгъзы æмæ дын дæ фæрсчытæй фараст басаста. Æз дæ цыма мæ зæлдаг кæлмæрзæны æрбатыхтон, æрбахастон дæ ме 'ккой, æндæр фæкæсæг дæм нæ уæвгæйæ, пылыстæг сынтæгыл дæ æрæвæрдтон, æмæ рынчынæй хуыссыдтæ. Æз дæ уæлхъус лæууыдтæн æмæ цыма хист дæр нал бахордтай, дугъы та дæ дыккаг хай – чызг-уацайраг дæр нæ фæцис. Ныр ды ацы боны ныхæстæ дæ зæрдыл дар, ма сæ ферох кæн.
    Дугъы бæхтæ Ахъ денджыз æмæ Хъара денджызы æхсæн сæ фæллад уадзынц иу аз, иу аз та ма дугъы уайынц.
    Сæуа йæ бæх сифтыгъта, йæ фыды гæрзтæ бабаста æмæ йæ фыд Чъандзæн загъта:
    – Балцы цæугæйæ-иу куыд рараст дæ нæ кæртæй?
    Чъандз ын загъта:
    – Æз-иу балцы цæугæйæ ахызтæн мæнæ нæ сæйраг рудзынгыл, тохынайыл.
    Лæппу бæх ныцъцъыччытæ кодта æмæ сæйраг рудзынгыл бындзау атахтис. Араст ис Хъара денджыз æмæ Ахъ денджызы æхсæн сакъадахмæ дугъæттæм, быдырты сагтæ, сæгуыттæ маргæйæ, сæгуытдзармæй хуийæндæгтæ фæкæнгæйæ.
    Дугъы рауайыны æхсæв та дугъæтты фынæйæ баййæфта, афтæмæй сын Сæуа сæ идæттæ æмæ сæ саргъы дзауматæ фæхуыдта хуийæндагæй. Бонырдæм æввахс ацыдис, иннæ дугъæттæ йæ куыд нæ федтаиккой, афтæ йæ æфтаугæтæ йæ быны бакодта, саргъ та йæ нывæрзæны; йæ андийаг нымæт йæ уæлæ æркодта æмæ схуыссыди; бæхы йæхи бар ауагъта, æмæ бæх та денджызы йæхи цынадта.
    Дугъæттæ араст сты, æмæ гъеныр абон Нарты фæзмæ бахæццæ уыдзысты, зæгъгæ, афтæ раст уыцы сахат Сæуайæн йæ бæх бацыдис æмæ лæппумæ дзуры:
    – Цом, абон дугъæттæн сæ бахæццæйы бон у. Махæн дæр цæуын афон у.
    Бæх уыдис сыгъдæг, айчы æвдылды хуызæн.
    Сæуа бæхыл саргъ баппæрста, абадт æмæ араст ис тырыса райсыны бон. Нарты фæсивæд авд æддаджы сæрæй кæсынц кæсæнцæстытæй дугъæттæм, кæй бæх æрбаразæй кæны, уый базоныны тыххæй. Кæсынц, æмæ Уырызмæджы хъулон бæх æмæ Хæмыцы хъулон бæх галтæ ифтыгъдау разæй æмуад кæнынц, сæ фæстæ Созырыхъойы бæх, æртыккаг – Сосланы бæх, æппæты фæстаг та – Сырдоны бæх. Уыдæттæ фенгæйæ, фæсивæд Сырдонæй джидзæг кæнын байдыдтой: дæ бæх та, дам, уæртæ уæргътæ æрбахæссы, гæды Сырдон. Стæй се 'ппæт дæр кæсæнцæстмæ лæбурынц, æз дæр акæсон, зæгъгæ. Акастысты – æмæ Чъандзы зыгъар бæх æрбаразæй кæны, зыны дзæбæх, фæлæ йæ уæлæ чи бады, уыцы дугъон лæппу нæ зыны саргъы гоппæй. Стæй сын Сырдон загъта:
    – Мæ бæх æппæты фæстæ уаргъдзау у, фæлæ уын æз диссаг радзурон. Уæ бæхты рахиз хъустæ уын тоны æмæ сæ зæхмæ калы иу зыгъар бæх. Æппæты фæстæ уайгæйæ мын фыццаг мæ бæхы хъус атыдта. Стæй, кæй куыд æййæфта, афтæ тонгæ цыдис дыууæ фондзыссæдз бæхы хъустæ. Гъеныр, куыйтæ, Нарты фæсивæд, сымах дæр мæнæй уæлдай фыццаджы хайæ ницы фендзыстут.
    Созырыхъо нал фæлæууыдис æмæ Сырдоны къухæй кæсæнцæст атыдта, акастис æмæ, акæсыны сахат æмæ Созырыхъойы бæхы хъусы атынд иу фесты, стæй та федта Хæмыцы бæхы хъусы атынд, стæй та Уырызмæджы бæхы хъусы атынд, æмæ æрбахæццæ кæнынц Уырызмæджы бæхимæ æмуадæй. Созырыхъо ма кæсæнцæстæй иу хатт акастис, стæй мæстæй кæсæнцæст зæххыл ныццавта.
    Уалынджы дугъæттæ æрбахæццæ сты, цæстæй сæ уынынц, дыууæ бæхы уайынц иумæ, æмуад. Сæуа тырысамæ æрбахæццæ ис æмæ, саргъæй уæлæмæ нæ зынгæйæ, тырыса стыдта, йæ бæх фыццаг фæцис. Лæппу Борæты Бурæфæрныгмæ дзуры:
    – Рахæсс мын мæ фыццаджы хай.
    Уырызмæг мæстæйдзагæй Бурæфæрныгмæ дзуры:
    – Ма йын радт ацы хæрæджы хъыбылæн фыццаджы хай, нырма йæ хъуымыз йæ донгæмттæй куы мизы.
    Сывæллон Сæуа Уырызмæгмæ дзуры:
    – Дыккаг хай – чызг-уацайраг – дæу у, хатыр дын кæнын зæронд уæвгæйæ, курын дæ æмæ мын мæ фыццаджы хай дзырддаг ма скæн.
    Уырызмæг æм лæдзæг фæхъил кодта. Сæуа йын нал фæхатыр кодта, бæхыл абадтис, сынты тахт акодта, Уаскъуыппы бæрзондыл алæууыдис, сау сынты уагъд йæхи ракодта уырдыгмæ, Уырызмæджы скъуырдта, Хъазæн фæзы йын йæ фæрстæй фараст фæрсчы басаста. Сатана та йæм æрбауадис, æндæр фæкæсæг æм нæ уыди, йæ фæрстæ йын зæлдаг кæлмæрзæнæй бабаста, хæдзармæ йæ бахаста æмæ йæ пылыстæг сынтæгыл æрæвæрдта æмæ йæм уым зылдис, дзæбæх æй кодта.
    Адæм хæрнæг хæрыныл сбадтысты. Сæуа бацыдис æмæ Бурæфæрныгæн загъта:
    – Мæ уацайраг лæппу æмæ Уырызмæджы чызг ардæм мæнмæ рахæсс.
    Бурæфæрныг æй куы федта, уæд æм ницыуал суæндыд æмæ йын сæ радта.
    Сæуа сæ йæ фæсарцы авæрдта æмæ сæ йæ фыдмæ æрбахаста æмæ йын загъта:
    – Ай дын мæ фыццаджы хай, лæппу-уацайраг, ай та дын мæ тыхæй байст дыккаджы хай – чызг-уацайраг.
    Чъандз йæ фырт Сæуайæн загъта:
    – Бæздзынæ мын абонæй фæстæмæ фыртæн, æмæ дæ адæм хондзысты Чъандзы фырт.
    Ацы хабарыл бирæ афонтæ ацыдис.
    Уыцы бирæ афонты фæстæ Сæуа йæ фыд Чъандзмæ бацыдис æмæ йын загъта:
    – Ныр æз балцы цæуын.
    – Цæугæ, мæ фырт Сæуа, фæлæ уал дæхи чысыл куы барæвдыдтаис, гъеуæд хуыздæр уыдаид дæ балцы ацыд, кæннод Чъандзы цотæй дæ, уый куы базоной, уæд дæ Уырызмæгтæ бахæрдзысты, дæ дæс æфсымæры дын куыд бахордтой, афтæ, æмæ та гъеуæд æз дзæгъæлæй баззайдзынæн.
    – Ма тæрс, мæ зæронд фыд, æз дын мæ бæсты уадзын лæппу æмæ чызг, æмæ уал дæ уыдон ирхæфсдзысты, мæныл та Уырызмæгтæ нæдæр хинæй æмæ нæдæр зондæй нæ фæхистæр уыдзысты, уымæй дæ ныфс уæд мæнæй.
    Сæуа йæ бæхыл сбадтис æмæ арастис, йæ фыд ын фæндаджы раст загъта. Ссыди Нарты Хъазæн фæзмæ, бахъæр кодта Уырызмæгмæ, цом хæтæны, зæгъгæ. Йæ бахъæрæй Уырызмæджы цары сæгтæ æрызгъæлдысты. Дыккаг хъæрæн æркалдысты уæлæндыгтæ (рæхыс ауындзæн лæдзджытæ), уæддæр та Уырызмæг æддæмæ нæ ракастис. Æртыккаг хъæрæн хæдзары уæладзæнтæ æрсастысты, стæй гъеуæд Сатана Уырызмæгмæ дзуры:
    – Ды бад, æз æм акæсдзынæн.
    Сатана йæм куы акастис, уæд Хъазæн лæгъзы саргъы гоппыйас лæппумæ дзуры:
    – Райсоммæ йæм фæлæуу, ацæттæ йæ кæнон.
    Лæппу Сæуа Хъазæн фæзы йæ æфтаугæ йæ быны, саргъ йæ нывæрзæн æмæ йæ нымæт йæ уæлæ æрæмбæрзта æмæ уым схуыссыдис. Сатана та бацыди авд æддæгуæлæмæ æртæ чъириимæ æмæ ронгы гоцъобиимæ æмæ скуывта.
    – Хуыцау, афæдзæй афæдзмæ цы мит уардзæнис, цы уазал кæндзæнис, æнусы цъити, зæлмты мит цы уазал кæндзысты, гъеуыдон иууылдæр ахсæв рауадз.
    Сатанайы куывд Хуыцаумæ фехъуыстис, æцæг æруарыдис, суазал; фæлæ Сæуайы алыварс авд мусуатыйас мит дæр не 'руарыдис, æмæ уазал дæр не скодта.
    Сатана авд æддæгуæлæйæ куы ракастис æмæ хабар куы федта, уæд бацыдис йæ мой Уырызмæгмæ æмæ йын загъта:
    – Фыдбылызы лæппу дыл сæмбæлдис æмæ дын æнæ цæугæ нæй, фæлæ дæхи цæттæ дар, дæхицæн кæстæриуæггæнджытæ акæн Созырыхъо æмæ Сосланы.
     Уырызмæг ацы хатт йæ ус Сатанамæ байхъуыста, йæхи ацæттæ кодта æмæ араст ис, барæй йæ ехс байрох кодта, афтæмæй. Уыцы миты арфы бацыдис Хъазæн лæгъзмæ, федта Сæуайы хуысгæйæ сау зæххыл, йæ алыварс сау, æмæ йын Уырызмæг загъта:
    – Сыст, лæппу, уæлæмæ æмæ цом.
    Сæуа йæ бæхыл саргъ авæрдта æмæ араст сты. Уырызмæг йе 'мбæлттимæ миты цæуын нæ фæразы, æмæ сын Сæуа загъта:
    – Кæд аипп нæ уыдзæнис кæстæрæн разæй цæуын, уæд æз ацæудзынæн.
    Уырызмæг ын загъта:
    – Кæстæр хъуамæ разæй цæуа.
    Сæуа дын разæй цæуын байдыдта, йæ бæхы фындзы тæфæй мит тайынгæнгæ æмæ йе 'мбæлттæн фæндаг саугæнгæйæ.
     Бирæ куы фæцыдысты, уæд Уырызмæг афтæ, мæ ехс, дам, байрох кодтон, цæут, дам, сымах, æз дæр уæ æййафдзынæн.
    Сæуа кæм ауагъта Уырызмæджы хистæр уæвгæйæ, æз, дам, æм аздæхдзынæн æмæ уæ тагъд раййафдзынæн. Йæхæдæг йæхи ехс Уырызмæгмæ радта. Уырызмæг йе 'мбæлттимæ миты цас фæрæзтаиккой æмæ цас ацыдаиккой! Сæуа уайтагъд бахæццæ ис. Уырызмæджы бæхбæттæныл йæ бæх абаста, уазæгдонмæ бацыдис æмæ уым бады. Сатана йæ чызджы тас æмæ хъуывгъанимæ рарвыста. Чызг Сæуайы къухтыл дон æркодта, æмæ лæппу йæхи цæхсадта. Æхсад куы фæцис, уæд чызгæн дзуры:
    – Цы хорз чызг дæ, фæлæ æвгъуаг къуылыхæн.
    Чызг йæ мадмæ кæугæ бацыдис æмæ йын загъта:
    – Мæныл ныронг куы ничи ма бахудтис, уæд мæ ацы уазæг къуылых цæмæн схуыдта?
    Сатана чызджы басабыр кодта, йæ басмахъ ын раласта, мæнæуы нæмыг дзы ссардта. Сатана йæ чызгмæ хæцы, дæ басмахъы, дам, мæнæуы нæмыг, æмæ ды уый нæ зыдтай, фæлæ йæ уазæг базыдта.
    Чызг Сæуайæн фынг рахаста. Сатана йын загъта:
    – Ацу, фынг ын ахæсс, ныр дæ къуылыхæй нал бафаудзæни.
    Фынг ын йæ разы куы æрæвæрдта, уæд та Сæуа чызгæн загъта:
    – Æвгъау чызг дæ, дæ галиу фарс нарддæр у.
    Чызг та йæ мад Сатанамæ кæугæйæ бацыд æмæ йын загъта:
    – Мæ галиу фарс та мын нарддæр схуыдта.
    Сатана та йæ чызджы æгънæджытæ сæфтауын кодта æмæ дзы, судзины хуыды фæстæ цы чысыл æндах аззайы, уый райста, чызджы та бафхæрдта, дæхимæ зилын нæ зоныс, зæгъгæ.
    – Ацу, ныр ын йæ фынг рахæсс æмæ ма дыл цы фау сæвæра, уый мын-иу зæгъ.
    Чызг та Сæуамæ куы бацыдис, уæд та йæм дзуры:
    – Гъæйтт, уæууæй гъе, чызгай, цы рæсугъд æмæ цы уындджын дæ, фæлæ дæ рахиз цæст цъынд у, æвгъау дæ сохъхъырæн.
    Чызг фынгимæ хæрз кæугæйæ гъеуæд бацыдис йæ мадмæ æмæ та хабар йæ мадæн радзырдта.
    Сатана йын загъта:
    – Куыд дæ нæ хона сохъхъыр? – Бакастис йæ чызджы цæстмæ æмæ дзы цæстыхау райста æмæ та йæ чызгмæ хæцыдис, æппын, дам, дæхимæ зилын нæ зоныс.
     Радта йæм Уырызмæджы ехс, чызг ехс ахаста æмæ йæ Сæуамæ радта, Сæуа чызгæн раарфæ кодта:
    – Кæй дæ, уымæн хаир у, уый фæстæ кæй уай, уымæн дæр хаир фæу, ды дæ тынг хорз чызг, хуыздæр скæнæн нæй, ахæм.
    Сæуа йæ бæхыл абадтис, йе 'мбæлтты раййæфта, ехс Уырызмæгмæ радта æмæ йæхи ехс райста, загъта сын:
    – Сымах уал сабыр цыдæй рацæут, æз разæй цæуын æмæ уын уе 'рцыдмæ фысым ссарон, – æмæ араст ис.
    Сæуа фæндагыл сагтæ æмæ сæгуыттæ фæмардта, иу фæсвæд ран йе 'мбæлттæн сæ рацыдмæ сарæзта мусонг, ацарæзта сын сынтæджытæ æртæ æмæ, физонджытæ куыд ацæттæ кодта, афтæ йе 'мбæлттæ дæр æрбахæццæ сты.
    Сосланы бæх хæйрæджыты паддзахæй гуырд уыд. Уый зыдта суанг бæсты кæрæттæм, дæлзæхмæ æмæ уæларвмæйы фæндæгтæ.
    Уырызмæг, Созырыхъо æмæ Сослан та сфæнд кодтой, цæмæй Сосланы бæх Сæуайы фæхудинаг кæна кæстæр уæвгæйæ æмæ йæ фесафа искуы.
    Физонджытæй сæхи хорз федтой, сæ фæллад хорз суагътой, æмæ, гъа ныр хуыссын афон у, афтæ Сослан йæ бæхæн бафæдзæхста: ахсæв бæсты кæронæй куыд ахиза æмæ йæхи куыд бааууон кæна.
    Сæуа кæстæр уæвгæйæ, бæхтæ хъахъхъæнæг ныллæууыдис. Сосланы бæх алыгъди. Сæуайы йæ бæх фынæйæ фехъал кодта:
    – Уæлæмæ сыст – æмæ Сосланы бæхы сургæ, бæсты кæронмæ йæхи бааууон кæнынмæ фæлидзы; бæсты кæронæй куы ахиза, уæд та дæ къухы нал бафтдзæнис æмæ дыл худинаг сæмбæлдзæн, йæ бахъахъхъæнын нæ бафæрæзтай, зæгъгæ.
    Сæуа фæсæррæтт ласта, асырдта йæ, бæхæн куыддæр йæ дыууæ раззаг къахы бæсты кæронæй фæхицæн сты, афтæ йын Сæуа йæ дымæгыл фæхæст ис, фæстæмæ йæ раласта, зæххыл æй фæхоста æмæ йæ йæ бынатмæ æрхæццæ кодта.
    Райсомæй куы сыстадысты, уæд Сослан йæ бæхы азымы бадардта, цæуылнæ фæаууон кодтай дæхи, зæгъгæ. Бæх ын хабар радзырдта.
    – Ахсæв ацу зæххы бынмæ æмæ уым бааууон кæн.
    Бæх ын дзуапп радта:
    – Иугæр мæ Сæуа бæсты кæрон кæм æрцахста, уым мæ дæлзæхмæ цæуын дæр нæ ауадздзæнис. – Фæлæ йын коммæ æнæ бакæсгæ дæр цы хос уыдис.
    Дыккаг æхсæв Сослан хъавыд бæхгæс йæхæдæг куыд ныллæууыдаид, фæлæ йæ Сæуа, кæстæр уæвгæйæ, куыд бауагътаид! Æмæ та йæхæдæг бæхгæс ныллæууыди.
    Бæх авд дæлзæхмæ фæцæуы, зæххы скъуыды ныббырыд. Сæуа бæхы асырдта, аййæфта йæ, йæ дыууæ хъусæй йæ ацахста, зæххыл та йæ фæхоста, йæ фæрсчытæй йын асаста æмæ та йæ йæ бынатмæ сласта.
    Райсомы та Сослан йæ бæхы фæрсы:
    – Цæуылнæ ацыдтæ дæлзæхмæ?
     Бæх та йæм дзуры:
    – Дæлзæхмæ фæцæйцыдтæн, Сæуа та мæ баййæфта, мæ дыууæ хъусæй мæ ацахста, зæххыл мæ фæхоста æмæ мын мæнæ мæ фæрсчытæй дыууæ дæр ма басаста. Гъеныр æз уый зонын, æмæ Сæуайæ никуыдæмуал аирвæздзынæн.
    Сослан та йæ бæхæн фæдзæхсы:
    – Ахсæв-ма бавзар, кæд дын, мыййаг, бантысид уæларвмæ ссæуын.
    Бæхæн та æнæ йæ коммæ бакæсгæ цы хос уыдис! Куы бахсæв, уæд та уæларвмæ фæцæйлыгъдис. Сæуайы йæ бæх фехъал кодта. Лæппу бæхы асырдта; бæх уæларвмæ куыд фæцæйхæстæг кодта, афтæ йæ йæ фæстаг дыууæ къахæй ацахста, зæхмæ йæ æрласта, зæххыл æй фæхоста æмæ йын йæ астæуыстæг асаста, æппын нал æрынцайдзынæ, зæгъгæ. Гъеныр ма, дам, ноджыдæр бавзарис искуыдæм алидзын!
    Уый фæстæ Сæуа Уырызмæджы фæрсы:
    – Гъеныр кæм нæ батых кодтай, ахæм бæстæм мæ фæкæн.
    Уырызмæг ын бацамыдта, дыууæ фурды æхсæн, зæгъы, уыдтæн мæ лæппуйы рæстæджы, мæ хъулон бæх дзы байрагæй æрластон. Æндæр мын æнæсаст бæстæ никуыуал баззадис.
    – Уæдæ уал сымах ацы ран сырдты фыдæй уæхи хорз уынут, æз та уым бабæрæг кæнон, кæд ма дзы исты ссарин.
     Уырызмæг ын загъта:
    – Уыцы ранмæ зын цæуæн у, дæттæй йæм фæндаг нæй, фесæфдзынæ, фæлтау нæхимæ цом.
    Сæуа йæ коммæ нæ бакаст, йæ бæхыл абадт, араст ис æмæ, йæ бæхыл сур зæххыл куыд цыдис, афтæ доныл дæр. Дыууæ фурды æхсæнмæ куы бахæццæ ис, уæд уым федта бирæ хъулон бæхтæ. Раласта дзы иу æртæаздзыд хъулон байраджы æмæ йе 'мбæлттæм куы 'рцыдис, уæд Уырызмæг йæ бæхы æфсымæр байраджы базыдта æмæ лæппуйæ фæбузныг ис.
    Сæуа та йе 'мбæлттæн афтæ загъта:
    – Цыма дзы уый дæр ацы байраджы йеддæмæ æндæр ницы ссардта.
    Уыдон ын загътой:
    – Ай бирæйы аргъ у, æгъгъæд у, æмæ гъеныр нæхимæ цом.
    Сæуа сын загъта:
    – Мах æрмæст ацы иунæг байраджы тыххæй нæ хæдзæрттæм нæ раздæхдзыстæм, фæлæ цомут, Уырызмæг ма йæ тых кæм нæ бавзæрста, ахæм бæстæм дæр.
    Уырызмæг дзы куы сфæлмæцыдис, йæ хæдзармæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ, уæд Сæуайæн афтæ зæгъы:
    – Уæдæ мæ кæд нал уадзыс, уæд æз Терк æмæ Турчы рæгъауты нæ уыдтæн, рæгъаумæ бацæуæн нæй, зын у, фæлæ мæ коммæ бакæс, ныууадз сæ æмæ нæхимæ аздæхæм.
    Сæуа та коммæ кæм бакастаид, зæгъы сын:
    – Цомут!
    Уырызмæг нæ куымдта. Уым, зæгъы, доны бацæуын хъæуы. Рæгъауы хъахъхъæнынц æфсæйнаг бæх-уырс, æфсæндзых бирæгътæ æмæ тугдзых цæргæстæ, æмæ нæ уыдон рæгъаумæ куыд бауадздзысты.
    Сæуа сæ нæ ныууагъта. Араст сты, доны былмæ бахæццæ сты, фыццаджы хуызæн сын сырдтæ фæмардта, халагъуд хæдзар та сын ацарæзта сынтæджытимæ, йæхæдæг сæ уым ныууагъта æд хъулон байраг. Йæ бæх та доны, сур зæххы хуызæн, бацыдис. Куы йыл ахызт, уæд йæ бæх Сæуайæн загъта:
    – Æнæдон сасмæй мæ байсæрд.
    Сæуа йæ сасмæй байсæрста авд ивазны: бæх та сæрсты фæстæ йæхи змис æмæ хуырты стылдта, цæмæй йыл баныхæсой уыдон дæр авд ивазны. Æмæ бæх Сæуайæн дзуры:
    – Гъеныр ды рахиз, дæхицæн змисы уæрм скъах, кæс мæм, æмæ мæ кæд уыцы æфсæн бæх йæ быны акæна, уæд-иу дæ сæр æфснайыны кой бакæн.
    Лæппу афтæ бакодта. Кæсы Сæуа, æмæ йын йæ бæхыл иу æфсæйнаг бæх йæхи ныццавта, æмæ кæрæдзийы дæндæгтæй тонынц. Æфсæйнаг бæх ын йæ бæхы змис тоны æмæ бæхы буармæ нæ хæццæ кæны. Æфсæйнаг фæхуынкъ ис. Сæуайы бæх ын йæ хуылфыдзауматæй срæдывта æмæ йын сæ ракалдта, афтæмæй æфсæйнаг бæх мардæй афæлдæхтис. Сæуа базгъордта, æхсаргардæй йын йæ сæр ахауын кодта, йæ хъус ын ралыг кодта, сбадтис йæ бæхыл æмæ та араст ис.
    Æфсæндзых бирæгътæ та йыл амбырд ысты. Сæуа сын йæ фыды æхсаргардæй сæ сæртæ атæхын кодта, сæ хъустæ сын йæ дзыппы цæвæрдта æмæ та араст ис.
    Цæргæстæ дæр та йыл сæхи рауагътой. Уыдонæн дæр та афтæ бакодта æмæ сын сæ бырынчъытæ йæ дзыппы цæвæрдта.
    Рæгъаумæ бахæццæ ис, рæгъауыл схъæртæ кодта, доныл сæ ратардта æмæ сæ йе 'мбæлтты раз æрбалæууын кодта. Йе 'мбæлттæн загъта:
    – Ай уын рæгъау, тæргæут сæ, æз сæ сусæджы тард нæ акæндзынæн æнæ фæдисæй, уый мæнæн аипп у, давдыл сæ банымайдзысты.
    Уырызмæг, Созырыхъо æмæ Сослан рæгъау сæхимæ атардтой. Сæуа фæстæмæ аздæхтис, рæгъауы хицæутты куывды бадгæйæ баййæфта. Иу идæдз ус æлвыста, ус æй куы федта, уæд ын æй цы базонын хъуыди, Сæуа тыхгæнæг кæй у. Йæ дзидзи йын бадæйын кодта:
    – Абонæй фæстæмæ мæ лæппу фæу; уыдис мын иунæг фырт. Мæ иунæг фырты мын ма амар. Æз зонын, фæдисы дæ куы асурой, уæд дæм æппæты фыццаг урс бæхыл уый бахæццæ уыдзæнис, зон-иу æй æмæ мын-иу æй ма амар.
    Сæуа йын ууыл дзырд радта æмæ усы бафарста, Терк æмæ Турк кæм сты. Ус сæ бацамыдта.
    Сæуа ссыдис æмæ сæм дæрддзæфæй æртæ хъæры бакодта. Æртæ лæджы йæм рауадысты, æмæ сын Сæуа загъта:
    – Мæнæ уын уæ рæгъау атардтон, сусæгæй уын сæ нæ давын, фæлæ уæ бон циу, уымæй мыл ма бацауæрдут, уæ хъару мыл равдисут.
    – Нæ рæгъау нын ничи атæрдзæнис, – загътой Терк æмæ Турчы æртæ лæджы, – фæлæ нæм æрхиз, мидæмæ нæм рацу.
    Сæуа бæхæй не 'рхизын йæ сæрмæ не 'рхаста, ома афтæ ма фенхъæлой, фæтарстис æмæ не 'рхызтис, зæгъгæ. Бæхæй æрхызт, хæдзармæ бацыдис æмæ сын арфæ ракодта:
    – Уæ куывд барст, Терк æмæ Турк. Мæнæ уын уæ рæгъау фæтæрын æмæ мыл цæмæй ма худат æмæ ма зæгъат, сусæгæй сæ атардтон, уый тыххæй уын æй хъусын кæнын.
    – Махæн нæ рæгъау ахæм æнцон атæргæ нæу, фæлæ уазæг кæм дæ, уым иучысыл нæ куывды абад.
    Сæуа абадтис. Уыдон æм Амонгæ нуазæн, æвзистæй арæзт, фараст къæртайы кæм цыдис, ахæмы дзаг, калм дзы ауагътой, афтæмæй авæрдтой.
    Сæуа нуазæн райста, калммæ хатиаг æвзагæй (калмы æвзагæй) дзуры:
    – Додой мын дæ сæр кæны, дæ дымæг дæ дзыхы куы нæ бакæнай æмæ нуазæны бын æнцад дæхицæн куы нæ сбадай, куыддæр стæлфай, афтæ дын мæ болат дæндæгтæй дæ сæр бахæрдзынæн.
    Калм фæтарсти, коммæ бакастис. Сæуа нуазæн йæ тæккæ быны онг анызта, калмы стыр артыл ныццавта. Йæхæдæг нуазæн йæ дæлармы бакодта, йæ дзыпмæ февнæлдта, æфсæн уырс-бæхы, бирæгъы хъустæ æмæ цæргæсты бырынчъытæ дзы фелвæста, сæ размæ сæ бакалдта æмæ сын загъта:
    – Гъа, кæд уæ нæ уырны, уæд уын ай та уæ хъахъхъæнджыты хъустæ æмæ бырынчъытæ.
    Сæуа йæ бæхыл абадтис æмæ араст и.
    Терк æмæ Туркы расыг фæсивæд сæ бæхтыл абадтысты æмæ Сæуайы фæдисы сурын байдыдтой. Уыцы усы лæппу йæ йæ урс бæхыл раййæфта; лæппу Сæуайы цæфтæ кæны, фæлæ йæм цы хъару ис? Дзуры йæм Сæуа:
    – Мæнæй дæ мад лæппу загъта, йæ дзидзи мын бадæйын кодта, фæдзæхста дæ, æмæ мæм дæу амарын зын кæсы, фæлæ фæстæмæ аздæх.
    Лæппу уæддæр кæм касти йæ коммæ, тыхсын æй кæны. Æгæр куы кодта, куынæуал æнцадис, уæд ын Сæуа йæ арц йæ къухæй ратыдта, йæ цонджы йын æй нытътъыста. Арц зæххыл ныссагъта, æмæ йын йæ урс бæх дæр бæхбæттæнæй йæ арцыл бафтыдта.
    Иннæ фæдисæттæм дæр хъæр кæны, куыд аздæхой, ома уæ рæгъау тард фæцис, фæлæ уæхи мауал цæгъдын кæнут, зæгъгæ.
    Нæ уисæн кодтой. Куынæуал æй уагътой, уæд сыл йæ фыды хорз ерæдзыпп кардæй ралæууыдис, æмæ фæдисæтты сæхи туг зæйы хуызæн ласта.
    Сæуа йе 'мбæлтты æрбаййæфта æд рæгъау, араст сты Нарты Хъазæн фæзмæ.
    Сæ фæллад суадзыны фæстæ рæгъау уарыны фæнд скодтой æмæ сæ хистæр Уырызмæгæй курынц, цæмæй сын ныллæууа уарæг, фæлæ сын уый коммæ нæ бакастис.
    Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Сæуайæн йæхицæй скодтой уарæг, рæгъау ратæрын, дам, кæм базыдтай, уым сæ байуарын дæр базондзынæ.
    Сæуа сæ уары, хъулон байраг рæгъауæй фæхицæн кодта æмæ йæ хицæнæй бабаста, иннæты фондз хайы бакодта, цыппар лæджы уæвгæйæ. Уырызмæгæн уый хъыг уыдис æмæ Созырыхъо æмæ Сосланмæ дзуры:
    – Ай нын амарын хъæуы, кæвдæсарды хай кæнынмæ нын хъавы.
    Созырыхъо æмæ йæ Сослан сабыр кæнынц:
    – Тагъд ма бакæнæм, бакæсæм уал æм, цы кæны æмæ сæ куыд уарынмæ хъавы.
    Сæуа фондз хайæ иу дæтты Уырызмæгæн.
    – Ай уал дын хистæры хай. Аннæ цыппар хайæ дæр ма дын иу хай, дæхи хай.
    Стæй бар радта Созырыхъо æмæ Сосланæн дæр, сæ хай сын радта. Фæстаг, йæхи хай, дыууæ æмхуызон дихы бакодта æмæ сæ Созырыхъо æмæ Сосланæн радта.
    Байраг æмæ Амонгæ нуазæн та йæхицæн бахай кодта, Созырыхъойæн сусæгæй бамбарын кодта, хъулон байраг, дам, Сатанайæн дæттын мады бæхæн Амонгæ нуазæнимæ.
    Созырыхъойæн æнæ бамбаргæ цы хос уыдис, Сæуа Уырызмæгимæ каис бакæнынмæ кæй хъавы, йæ чызджы йын курынмæ кæй хъавы.
    Сатана ацы байрагæн кæрдзын йеддæмæ ницы хæрын кодта.
    Уырызмæджы хæдзармæ ссыдысты, хъæу дæр æмбырдæй сæййæфтой, æмæ Сатана дæр уым, афтæмæй Уырызмæг, Созырыхъо æмæ Сослан Сæуайы хъару куы радзырдтой, уæд иууылдæр дисæй мардысты: чи у, цавæр сгуыхт гуырд у æмæ кæй фырт уа цымæ?
    Созырыхъо Сатанайы хъусы дзуры:
    – Нæ хойы нын Уастырджи æмæ æндæр зæдтæ куырдтой, фæлæ чызг никæмæн бакуымдта, ныр æй ацы лæппуйæн æнæ дæтгæ хос нæй, куры йæ.
    Сатана æмæ йæ чызг дæр загътой:
    – Кæд ахæм гуырд у, уæд мах разы стæм.
    Уырызмæг æртæ абоны куывд скодта йæ уазæг Сæуайы тыххæй, адæм æппæт æрхуыдта. Адæмæн дæр æнæ бамбаргæ цы хос уыд, куывд цæй тыххæй уыдис, уый.
    Куывды Сæуа нуазæн балæвар кодта æгас Нарты адæмæн æмæ уыцы бонæй фæстæмæ нуазæныл ном сæвæрдтой Нарты Амонгæ нуазæн, зæгъгæ.
    Куывд куы бахордтой, уæд Сæуа, каис бакæнгæйæ, йæ хæдзармæ цæуыны фæнд скодта, раарфæ та сын кодта æмæ сын йæ æрцæуæн боны тыххæй дзуры:
    – Абоны бонæй иу афæдзмæ фæзындзынæн, фæлæ кæцы бон, уый бæрæг нæй, – æмæ ацыди.
    Уырызмæг йæ каисы бакондыл цæуылнæ цин кодтаид, ай хуызæн лæджыхъæдджын Сæуаимæ. Æмæ, йе 'рцыды бон бæлвырд нæ зонгæйæ, тохъхъылтæ æргæвста, йæхи цæттæ дардта. Фæлæ та сæ-иу хуымæтæджы адæм бахордтой.
    Иу бон дын нæртон Бурæфæрныг кодта æртæ абоны куывд. Нарт зæрондæй, ногæй куывдмæ хуынд уыдысты, йæ хæдзары ничиуал уыдис.
    Сæуа иу афæдзмæ тынг куыд нæ сырæзыдаид, нæртон адæм тынгдæр рæзыдысты, хъуын ыл æрхæцыдис æмæ ма йæ афæдзы æмгъуыдмæ æртæ боны куы уыд, уæд йæ фыдæй бар ракуырдта æмæ загъта:
    – Æз цæуын балцы.
    Йæ фыд æмæ йæ мад нæма зыдтой Уырызмæджы чызджы ракуырды хабар. Зыдтой йæ æрмæст Нарты фæсивæд, фæлæ лæппу чи у, уый нæ зыдтой.
    Сæуа арастис Уырызмæджы хæдзармæ æд рихи лæгæй (нæртон адæм афæдзмæ рихитæ уагътой). Бæхбæттæныл йæ бæх бабаста æмæ уазæгдонмæ бацыдис. Хæдзары та Сатана æмæ йæ чызджы йеддæмæ ничи уыдис, куывды уыдысты. Сæуамæ фæкæсæг ничи уæвгæйæ, къулæй Созырыхъойы дыууадæстæнон фæндыр райста æмæ дзы цæгъды, йæ кадджыты хъарæджы ныхæстæ дæр фæкæны, ам, дам, уазæгмæ фæкæсæг куыничиуал ис, цæй бын баисты, зæгъгæ.
    Сатана йæ кусæг усы рарвыста уазæгдонмæ:
    – Базон-ма, уый чи у?
    Кусæг ус æй куы федта, уæд фæстæмæ бацыдис æмæ Сатанайæн дзуры:
    – Дæлæ дзы иу пыхцыл æмæ хъуынджынрихи лæг бады æмæ фæндырæй цæгъды.
    Сатана йын сызгъæрин фынг арвыста уазал, ницыгомау хæринæгтимæ. Кусæг ус ын фынг ныххаста, йæ разы йын æй æрæвæрдта æмæ Сæуа уазал хæринаг куы федта, уæд ын хъыг уыдис: исты, дам, хъæддзауæн рарвыста уазал хæринаг? Фынг йæ къахæй скъуырдта, фынг уынджы сæмбæлдис æмæ цыппар дихы фæцис.
    Ус фынджы сæстытæ æрæмбырд кодта, Сатанамæ сæ схаста æмæ йын хабар радзырдта, æнæ фынгмæ æрæвналгæйæ, дам, дæ уазæг ахæм ми бакодта.
    Сатанайæн хъыг уыдис æмæ йæ гуымирыйæн (тыхгæнæгæн) дзуры:
    – Ацу-ма, æмæ уыцы уазæджы ныммур кæн, куыд бауæндыдис, нырмæ махæн ахæм ми куы ничима бакодта.
    Гуымиры йæм лыстæг пырх кæнынмæ ацыдис. Кæрæдзимæ фæлæбурдтой. Сæуа йæ къулыл ныццавта, æмæ гуымиры лыстæг пырх ныццис, былты туг акалдис.
    Сатана хабар куы базыдта, уæд куывдмæ фæдисы арвыста, ахæм æвзæр хабар, дам, ис æмæ тагъд фæзынут.
    Куывдæй рацæй хæлæф кодтой, фæлæ сæ Уырызмæг нæ рауагъта, раздæр уал, зæгъы, базонут, цавæр у, уый. Æртæ боны ма куы хъæуы афæдзы æрцыдмæ, уазæгмæ куы æнхъæлмæ кæсæм. Чи зоны, уый Сæуа у.
    Нарты æвзаргæ адæм, Созырыхъо сæ разæй, рацыдысты æмæ æрæййæфтой Сæуайы уазæгдоны дыууадæстæнон фæндырæй хъарæджы цагъд кæнгæйæ:
    – Гъæ, фесæфат, Уырызмæджы хæдзарвæндаг, сæ уазæг чи у, уый чи не 'мбары æмæ уазæгæн хъæддзауы фынг чи æрвиты...
    Куыддæр Созырыхъойы ауыдта, афтæ Сæуа дыууадæстæнон фæндыр къулыл ацауыгъта æмæ фæсдуар сиахсы лæуд акодта.
    Созырыхъо йæ уайтагъд базыдта æмæ йын æгас цу, нæ сиахс, загъта.
    Хабар Сатанамæ куы сыхъуысти, уæд йæ чызгимæ æмбисонд фесты, ай хуызæн ми ныл куы никуы æрцыдис, зæгъгæ, фæлæ сæ Созырыхъо басабыр кодта:
    – Басабыр ут, хъуыддаг æнцон саразæн у.
    Фæдисæттæ уыцы гуымирыйы цæфтæ, цъыфтæ афснайдтой, адæм сæ куывд Уырызмæджы хæдзармæ раивтой, æрæмбырд сты Нарты фæсивæд æмæ сæ ирæдыл тæрхон кæнынц.
    Уырызмæджы чызгæн йæ ирæд банымадтой: иу сæдæ бæхы уыцы байраджы хуызæн; бæхæн, сæ алы барæгæн цыдæриддæр хъæуы нымæтæй, басылыхъхъæй æмæ гæрзæй, гъеуыдон; алы сырды мыггагæй фæйнæ сæдæйы кæрт куыд байдзаг кæна.
    Сæуайæн загътой:
    – Гъе, ацы ирæд бафидын кæд дæ бон бауыдзæн, уæд дæ хъуыддаг кæн æмæ дæ усы ахæсс.
    Сæуа ирæдыл сразы ис, хорз, зæгъгæ, уæ ирæд уын æз сæххæст кæндзынæн. Æрмæст уæ курын æмæ мын Сатанайы байраг балцы радтут, мæ бæх уал уæм уый бæсты уадзын йæ фæллад суадзынмæ. Фæлæ уæ курын: æмгæрон æм мачи бацæуæд, йæхи бар æй уадзут, бавналæн æм нæй.
    Байраг ын балцмæ радтой. Сæуа сын хæрзбон загъта æмæ та, байраг кæцæй æртардта, уырдыгæй æмбойны иу сæдæ бæхы Уырызмæджы кæрты æрбалæууын кодта. Йæ бадæн байраг (Сатанайы байраг) барæй хъæугæрон цъыфы ныссæдзын кодта æмæ йæ уым ныууагъта.
    Нарты фæсивæд бæхты федтой, нæ сæ бафаудтой. Сатана куы бакастис æмæ йæ байраджы уым куы нæ федта, уæд æй афарста кæм ис æй. Сæуа сын æй бацамыдта, дæлæ, зæгъы, цъыфы ныссагъд æмæ йæ сласут.
    Ацыдысты йæм æмæ йæ сластой.
    Сæуа йæ бæхыл абадтис æмæ сын бафæдзæхста:
    – Æз уæм чындзхæсджытимæ æмæ иннæ ирæдимæ фæзындзынæн ахæм æмæ ахæм бон, фæлæ ма мæм ахæм цæстæй куы ракæсат, уæд уын нæ ныббардзынæн.
    Сæуа йæ хæдзармæ ацыдис, йæ фыдмæ минæвар бакодта:
    – Æз каис бакодтон æнæ дæу бафæрсгæйæ нæ туджджынтимæ ахæм ирæдыл. Ныр æндæр хос нæй æмæ сæм чындзхæсджыты куынæ акæнон.
    Йæ фыд ын йæхи хуызæн адæм бацамыдта чындзхæсджытæн: хурыскæсæн æмæ хурныгуылæн æлдæртты, хистæрæн та сын бацамыдта Æфсатийы.
    Сæуа сыл азылд æмæ фехъусын кодта, йæхи сын не схъæр кодта, Саумраты Чъандз ахæм бон йæ фыртæн ус хæссы æмæ уæ чындзхæссæг хоны, зæгъгæ.
    Чындзхæссæг кæй хуыдта, уыдон та лæппуйы зонгæ бакодтой Чъандзæн йæ бæхæй, ай, дам, йæ фырт йеддæмæ ничи уыдзæнис, уымæн æмæ йæ бæхыл æндæр лæгæн сбадыны мадзал нæй. Æмæ сын æхсызгон уыди. Цингæнгæйæ сразы сты чындзхæссæг ацæуыныл.
    Сæуа йæ изæр бахаста Æфсатимæ. Æфсати Чъандзы бæхыл барæг æрбацæйцæугæ дардæй базыдта æмæ дис кодта, уый, дам, ме 'рдхорд æфсымæр Чъандзы бæхыл чи бады. Бамбæрста, йæ фырт кæй у, уый, æмæ цин кодта, йе 'рдхорд æфсымæрæн цæуæт кæй рацыдис. Йæ размæ йын йæ чызджы рарвыста, æмæ чызг, бæхбæттæныл бæх бабæтгæйæ, Сæуайы хæдзармæ хоны æфсымæры хуызæнæй; хъæбыстæ æмæ цинтæгæнгæ Æфсатимæ бацыдысты.
    Æфсати йыл хорз куыннæ фæцин кодтаид! Сæуа йæм чызджы баминæвар кодта, Чъандз дæ чындзхæссæг хоны æмæ ма фæзивæг кæн, зæгъгæ.
    Куыд нæ ацыдаид Æфсати чындзхæссæг йæ уарзон æрдхорд æфсымæры фыртæн.
    Араст сты, чызджы дæр семæ акодтой. Иннæ чындзхæсджыты æрæййæфтой Уырызмæджы хæдзары æмбырдæй.
    Уырызмæг æмæ Нарты фæсивæд Æфсатийы куы федтой, уæд сын æнæ бамбаргæ цы хос уыдис, иугæр уый чындзхæссæг кæм у, Чъандзы æрдхорд æфсымæр, уым сиахс дæр Чъандзы фырт кæй уыдзæнис.
    Нæртон Уырызмæг æмæ Чъандз туджджынтæ уыдысты, æмæ Сæуа загъта:
    – Фынджы рагъыл туджы фидыд æрцæуæд æмæ абонæй фæстæмæ хæлары цардæй куыд цæрæм.
    Æфсати уадындзæй ныууасыдис, æмæ кæрт алы сырдæй байдзаг, ирæд ахицæн кодтой, хорз фæминас кодтой иукъорд боны чындзæхсæвы, стæй чындз рахастой. Чъандзы хæдзармæ йæ бахастой. Сатанайы чызг (зæрæдты нæуæггæнæг) Чъандз æмæ йæ усы донæй цæхсадта, снæуæг сты æмæ лæппу æмæ чызджы хуызæн фестадысты. Хорз куывдтæ æмæ чындзæхсæв куыд нæ сарæзтаиккой адæм дæр. Сæуа Сатанайы чызгимæ амондджын ус æмæ лæджы цардæй фæцардысты сæ зæронды бонмæ.


Ныффыста йæ Томайты Хъылци, 10 февраль, 1921 аз, Дзæуджыхъæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 18–1, папкæ 11, ф. 1–8.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru