поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сатанай зар (вариант)
Автор: 00mN1ck / 17 марта 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(Вариант)

Сатанайæн, дан, æ лæг рамардæй, гъей,
Уæрæйдæ-рæйдæ, мæгур Сатана, гъей.
Сатанай рæсугъд къæбици бадтæй, гъей,
Æ йеунæг кизгæ æ хæтдзæ адтæй, гъей.
Уалдæнмæ ба дин æвдсæйрон уæйуг, гъей,
Æ йеунæг кизги ниффардæг кодта, гъей,
Уæрæйдæ, уæйтæ, уæрирæ-мардзæ, гъей,
Къæбици хецау мæгур Сатана, гъей,
Кæугæ байзадæй, неугæ байзадæй, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ – ци дин никкæнон, гъей?
Мæгур Сатана, къæбици хецау, гъей.
Уалинмæ имæ йеу лæхъуæн дзоруй, гъей,
– Цæбæл мин кæуис, Сатанай рæсугъд, гъей.
– Цæбæл ма кæуон, мæнæ хъал лæхъуæн, гъей,
Мæ рæсугъд кизги, мæ рæсугъд кизги, гъей,
Сау гъæди бадæг – æвдсæйрон уæйуг, гъей,
Ниффардæг кодта, ниффардæг кодта, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ, мæгур Сатана, гъей.
– Цæмæ ибæл кæуис, цæмæ ибæл кæуис, гъей,
Сатанай рæсугъд, цæмæ ибæл кæуис, гъей,
Уобæл ма тухсæ, уобæл ма тухсæ, гъей,
Уæрæйдæ рæйдæ, уæрæйдæ мардзæ,гъей,
Æ фиди хæзнатæй йести мин раттæ, гъей,
Йести мин раттæ, уæрæйдæ рæйдæ, гъей.
Дæ кизги дин уæд æрхæсдзæнæн, гъей.
Сау гъæди бадæг æвдсæйрон уæйугæй,
Уæрæйдæ рæйдæ, уæрæйдæ рæйдæ, гъей,
Сатана дæр ин уæд ку рахæссуй, гъей,
Урузмæги сау сугъзæрин хъæрæймаг,
Хъæрæймаг райсгæй уæд ку рандæуй, гъей,
И гъæугæрони йе ку баздæхуй, гъей,
И гъæугæрони дæсни уосæмæ, гъей,
Ку æй æрфæрсуй, ку æй æрфæрсуй, гъей,
– Цæмæй æй цума йеци уæйугæн, гъей,
Цæмæй æй, цумæ æ адзал, цæмæй æй, гъей,
Уой мин бамонæ, уæ мæ мадихай, гъей,
Уой мин бамонæ, уой мин бамонæ, гъей.
– Дæ мадиха ймæ ку не схудтайсæ, гъей,
Йести, дан, дин уæд бæргæ адтайдæ, гъей,
Фалæ дин нур ба хатиргонд фæууæд, гъей,
Мæ битдзеуихай, хатир дин фæууæд, гъей,
Йеци уæйугæн æ рамарун зин æй, гъей.
Æ тæрнихи йес æртæ уорс æрдой, гъей.
Гъе уонæй, дан, ин ку неци бакайай, гъей,
Уæд, дан, ин ку неци искæндзæнæ, гъей,
Æма дин дæхе уæд ку бахуæрдзæнæй, гъей.
Дæ царди бæнттæ цæмæн исафис, гъей.
Лæхъуæн дæр уомæн арфæ ракæнгæй, гъей.
Ку ниффардæг уй æвдсæйрони фæсте, гъей!
Уæрæйдæ-рæйдæ, уæрæйдæ-рæйдæ, гъей.
Ци ма дин кæнон, мæгур Сатана, гъей.
Ку исхъæртуй, дан, æвдсæйрон уæйугмæ, гъей,
И кизги хæтдзæ 'й бадгæ баййафуй, гъей,
Уæрæйдæ-мардзæ, уæрæйдæ-рæйдæ, гъей,
Саугъæди бадæг æвдсæйрон уæйуг, гъей,
Æ къилдун рахадта и лæхъуæнмæ, гъей.
Фехсуни тасæй, фехсуни тасæй, гъей,
Лæхъуæн дæр æхе скъулух кæнуй, гъей,
Къулухи фæсте уæйуг ракастæй, гъей.
Лæхъуæн дæр цæттæй куд нæ лæудтайдæ, гъей.
Йе 'ртæ æрдой ин бæргæ фехсуй уæд, гъей.
И уæйуг уоми бæргæ æрхауй, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ, уæрæйдæ-мардзæ, гъей.
– Цæвæ мæ, – загъта ма и уæйуг, – еу-ма хатт.
– Елиа дæр, дан, йеудзæфон адтæй, гъей, –
Уæд имæ лæхъуæн бæргæ фæгъгъавуй, гъей, –
– Мæнæн мæ фидæ еудзæфон адтæй, гъей.
Æз мæхуæдæг дæр еудзæфон ку дæн, гъей.
И кизги хæтдзæ ку рацудæнцæ, гъей.
И уæйуг уоми ку ниххæрнæгъæй, гъей.
Сатанамæ 'й ку бахъæртун кæнуй, гъей.
– Мæнæ дæ кизгæ, æрдинæйхастон, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ, ци кæнон дуйней, гъей.
Сатана ба ин гъеуæд ку загъта, гъей!
– Хуцау æй дæуæн исаггаг кодта, гъей.
Сатанай еунæг рæсугъд кизги хæтдзæ
Лæг æма уосæй ку байзадæнцæ, гъей,
Ку байзадæнцæ æносмæ цæргæй, гъей-й-й.

Радзырдта йæ Бузойты Гена, 95-аздзыд, 6 август, 1937 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №16, папкæ 10, ф. 207–209.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru