поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сослан дзенетæй цæмæн раздахтæй (вариант)
Автор: 00mN1ck / 10 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(Вариант)

     Сослан хæтæг лæг адтæй, рауон-цион. Æ уод, æ цæстæ – ести хъазуатдзийнадæ бакæнун: сирд рамарун, йесге фæххинцун, æфхуæруйнаг лæги бафхуæрун. Бадун нæ уарзта.
     Йеу хатт, цæуон æз ба есгæми рахæтон æма йести рамарон, зæгъгæ, сау хонхмæ исцудæй. Бон-изæрмæ фæххаттæй æма некæми неци иссирдта. Бафæлладæй, уæдта стонг дæр исцæй – йеунæг бони фагæй æндæр хуæруйнаг нæ рахаста æма 'й раги бахуардта. Æ цуди медæгæ йеу донбæл исцурæвæрæй æма уотæ ниссагъæс кодта: «Цæй аци донбæл цæуон, йестæбæл æмбæлдзæнæн; йе дондзау, йе курондзау, йе ба æндæр йести». Цæун райдæдта дон-дон, дон ци 'рдæмæ цудæй, йеци 'рдæмæ. Фонс донмæ тæрæг дæр не 'ссирдта, бæх донмæ ласæг дæр нæ, курондзау дæр, æндæр йести дæр, уотемæй дони фæдбæл ниццудæй зæнхи бунмæ, и дæлæбæл дуйнеймæ.
     Дæлæбæл дуйнеймæ ку рафардæг æй, уæд уоми ба уæхæн будурмæ бахъæрттæй, æма си ци хуари муггаг н'адтæй – фонсæй, сирдæй æндæрæй, уæхæн н 'адтæй. Сирдтæ дæр си тæрсгæ нæ кодтонцæ, фал хизтæнцæ инæуой фонси хузæн.
     Уæд, гъенур уæлæ нæ хуæнхтæй ци дæнттæ цæуй, етæ Теркбæл куд æфтуйунцæ, уотæ æфтуйгæ цудæй дæнттæ устур донбæл, уой билæбæл ба, лæгмæ ка нæма фæццудæй æма æнæкурд, уæдта, курдуати ка рамардæй, уæхæн сæдæ кизги симдбæл исхуæстæнцæ æма семунцæ. Сæ рази ба алли хуæруйнаги муггаг æма ниуазуйнаги муггагæй идзаг. Сæрæй йесгæ æма бунæй ахедгæ ке хонунцæ, сæ хуæруйнæгтæ – уæхæнттæ.
     Сослани ку рауидтонцæ, уæд ибæл ниццийнæ æнцæ:
     – Гъæ уæртæ Сослан, ци изæд, ци идауæг дæ æрхаста ардæмæ? Дæу дæ нивæ не 'рхаста ардæмæ, фал бабæй дæ дæ лæгигъæдæ æрхаста ардæмæ, дзенетмæ, æндæра ардæмæ цæуæн нæййес æд гебенатæ.
     Сослан сæ рафарста:
     – Циуавæр айтæ, ци айтæ сумах?
     Йетæ ба ин загътонцæ:
     – Мах, æнæ лæги гъæстæ фæууогæй ка рамардæй, уæхæн кизгуттæ ан, æма мæнæ аци хуæруйнæгтæ ба, махæн уæлæбæл дуйней ке ниххæлар кодтонцæ, йетæ æнцæ. Нур ба нæ рази 'нцæ, куд уинис, уотæ.
     – Йести мин бахуæрун кæнтæ, æстонг дæн, – загъта син Сослан.
     – Семгæ бал ракæнæ, уæдта дин бахуæрун кæндзинан, – зæгъгæ 'й симдбæл исхуæцун кодтонцæ.
     Сослан, рæсугъддæр ци дууæ кизги адтæй, уони астæу æрхуæстæй симдбæл æма, куд нæрæмон адтæй, уотæ уайтагъддæр кизгуттæй йеуей цонг фелхъивта. Кизгæ æхе фæууæгъдæ кодта æма Сослани нинтъухта устур дони астæумæ. Сослан дæр æд гæрзтæ дони ранихъулидæ, кæми ба фæууæлбилæ уидæ æма сæмæ дзоруй:
     – Фæррæдудтæн, нимминхатир кæнтæ.
     Кизгуттæ дзорунцæ:
     – Ниййинхатир кæнун гъæуй.
     Ци кизгæ 'й ниггæлста донмæ, йе бабæй æй исиста донæй дæр æма ин загъта:
     – Уæлæбæл дуйней кудтитæ фæккæнис, уотитæ гæнæн ами нæййес, фал дин мах хæтдзæ бунат йес æма цæрæ ами нæ хæтдзæ, дзенети.
     – Æстонг дæн æма мин йести бахуæрун кæнтæ, – зæгъгæ, бабæй сæмæ дзоруй Сослан.
     – Нæ хæтдзæ цæрæ ами, уæлæбæл дуйнеймæ мабал бæллæ, æма дæ бафсаддзинан. Мæнæ мах рази ци хуæруйнæгтæ йес, уони уиндæй мах куд æфсæст ан, уотæ ду дæр уодзæнæ сæ уиндæй, хуæргæ ба си неке кæнуй ами.
     Сослан ба син загъта:
     – Хуæрун фæткæ кæми нæййес, йеци дзенет мæн нецæмæн гъæуй. Нарти 'хсæнмæ цæун, – зæгъгæ син нæ бакумдта дзенети лæуун.
     Райскъардтонцæ, æма рараст æй йеу рауæнбæл. Уоми ба къуар адæймаги Нартæй: ка æ хорхæй ауигъд, ка ба йе 'взагæй, ка æ цонгæй, ка æ къахæй. Дзорунцæ имæ:
     – Гъат, Сослан, иснæуæгъдæ кæнæ, фæннæйервæзун кæнæ аци гъезæмарæй.
     – Сосланмæ уæхæн барæ лæвæрд нæййес, фал ци кæнетæ, цæмæн уæхæн бунæтти бафтудайтæ?
     – Мах уæлæбæл дуйнебæл лæгъуздзийнадæй ци нæ кодтан, уæхæн н'адтæй, æма нин нур ба мæрдти 'гъдауæй аци хузи тæрхон æрцудæй.
     Рандæ 'й бабæй уордигæй дæр æма бацудæй æндæр рауæнмæ.
     Уоми ба зиндони цади адæм хæфситæ, хелæгтæ, æнкъуæлхитæ æма æнæуой уæхæнтти хæтдзæ ранихъулионцæ, уæдта фæззиннионцæ. Хæфситæ ниууасионцæ, дзорунцæ:
     – Гъат, Сослан, мах де 'уазæг, фæннæйервæзун кæнæ!..
     – Сослани бон ами неци 'й, фал ци кæнетæ, цæмæн уæхæн зин æвзаретæ?
     – Уæлæбæл царди давун æма хахурæй ци нæ кодтан, уæхæн н 'адтæй, æма нур ба нæ тæрхон уотæ рацудæй мæрдти æгъдауæй.
     Сослан бабæй рандæй уордигæй дæр æма бацудæй йеу æндæр рауæнмæ. Уоми ба рæсугъд æвзестæ авæрттæ, уоми ба æвзестæ къелатæбæл бадтæнцæ йеу къуар лæги. Алли хуарз, алли дзæбæхæй адтæй сæ раз идзаг, æвналгæ ба сæмæ нæ кодтонцæ. Нийибæлцинæ 'нцæ, æгас цо, Сослан, зæгъгæ.
     – Æстонг дæн, æма мæ бафсадетæ, – зæгъгæ, бабæй коруй уонæй дæр Сослан хуæруйнаг.
     Йетæ ба ин загътонцæ:
     – Нæ хæтдзæ лæууæ ами. Уæлæбæл дуйнемæ мабал бæллæ, мабал цо, æма, мæнæ мах рази ка 'й, йеци хуæруйнæгтæ махæн куд æнхус æнцæ, æнæ бахуæргæй, уотæ дæуæн дæр уодзæнæнцæ. Дзенети лæуунæй дæ барæ йес нæ хæтдзæ, йесгæд дæмæ фæсмон æрцæудзæнæй, ку нæ ниллæууай, уæд.
     – Хуæруйнаг дæттун фæткæ кæми нæййес стонг лæгæн, йеци дзенет мæн нецæмæн гъæуй, – зæгъгæ, бабæй син нæ ниллæудтæй уоми дæр.
     Сослани фæндадтæй Нарти адæмæн мæрдти хабæрттæ фæдздзорун æма син загъта:
     – Ами нæ ниллæудзæнæн, фал мин зæгъетæ, сумах цæмæн ауæхæн арæзти медæгæ айтæ?
     Йетæ ба ин загътонцæ:
     – Мах уæлæбæл давгæ некæмæй неци кодтан, хуарз фæуунбæл кустан. Берæ уарзтан мæгур адæми æма син æнхус кодтан, æма уомæ гæсгæ дзенети нæ бунат.
     Ниууагъта бабæй уони дæр Сослан æма йеу æндæр рауæнмæ бацудæй, йеу сугъзæринæ авармæ. Уоми ба сугъзæринæ – сæ къелатæ, æнæуой арæзт къуар лæги си бадтæй, сæ рази алли хуæруйнаги дзæбæхæй идзаг. Йетæ дæр бабæй ниццийнæ æнцæ Сосланбæл.
     – Кæцæй фæдтæ, ци хуарз адтæй, ке 'рцудтæ, йе, – зæгъгæ, – нур ба лæууæ нæ хæтдзæ ами.
     Сослан бабæй си коруй хуæруйнаг:
     – Æстонг дæн, æма мин хуæрун йести бакæнтæ.
     Йетæ ба ин загътонцæ:
     – Нæхуæдтæ дæр хуæргæ нæ кæнæн, фал нæ рази ка йес, уони уиндæй ба æфсæст ан. Ду дæр мабал цо уæлæбæл дуйнемæ, фал цæрæ ами мах хæтдзæ æма уодзæнæ æфсæст дзенети медæгæ.
     Сослан ба син загъта:
     – Хуæруйнаг дæттун фæткæ кæми нæййес стонг лæгæн, йеци дзенети æз нæ лæуун.
      Йетæ ба ин загътонцæ:
     – Ма кæнæ, ма цо ардигæй, æрфæсмон кæндзæнæ йеу бони сæри æма дæ дзенетæй барæ нæбал уодзæнæй.
      Нæбал сæмæ байгъуста, æма ин идарддæр байамудтонцæ над. Рацудæй уордигæй æма Хæмици фурт Батрази иссирдта уоми. Батраз адтæй дзенети хецау æма Сосланбæл ниццийнæ 'й.
     Сослан дæр ибæл ниццийнæ 'й æма бабæй си хуæруйнаг коруй. Батраз дæр ин загъта:
     – Кæд ами лæууис, уæд дин йес хуæруйнаг, кенæ ба нæ.
     Нæ бабæй исарази æй уомæн дæр Сослан иннети хузæн.
     – Æз Нартæн, мæрдти ци фæууидтон, уони æнæ æрдзоргæ некæми ниллæудзæнæн, фал мæбæл цæмæй баууæндонцæ, ами ке адтæн обæл, уæхæн бæрæггæнæн ба мæ йести гъæуй, – зæгъгæ, загъта Сослан.
      Батраз ин æ дууæ иуоней астæу ниффинста, Сослан куд рацудæй Сау хонхмæ, куд бацудæй мæрдтæмæ æма, цитæ фæууидта, уони. Анз ибæл ке рацудæй æма йеунæг хуæрдæй æндæр ке неци бакодта, уони. Сослан исуæлбилæй. Æ хæдзарæмæ бацудæй æма хуæруйнагбæл æхе ниццавта.
     Цалинмæ хуæргæ кодта Сослан, уалинмæ Нарти адæм нæбал лæудтæнцæ Сослани уиндæмæ æма 'имæ рарвистонцæ.
     Сослан рацудæй нихæсмæ æма 'ибæл ниццийнæ 'нцæ:
     – Мах ба дæ рамæлун æнгъæл ку адтæн, нур ба нин дæ хабæрттæ ракæнæ...
     Сослан син фæдздзурдта, ци фæууидта, уони кæрæй-кæронмæ.
     Сирдон имæ фегъуста, уæдта дзоруй:
     – Кæми дæлбунти бабæй зелæн кодтай, ка'й зонуй!
     Æ сунтæбæл ци финст адтæй, уой сæмæ бавдиста Сослан æма 'й бакæсун кодта, уæд ибæл баууæндтæнцæ, æцæг ке дзурдта, уобæл.

Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, 85-аздзыд, Сырх-Дыгур. Ныффыста йæ Хадаты Берди, 6 февраль, 1941 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 65–67.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru