Ойнони цалх Сосланæн æ зæнгитæ ку рахаун кодта, уæд ин Нартæ хуарз цирт исаразтонцæ, æма Сослан цæрдæй циртмæ бацудæй. Сосланæн искурдиадæ адтæй 'ма ракурдта Хуцауæй, алли фæдеси дæр ин рацæуни барæ куд адтайдæ, уотæ. Æма фæдес ку фæццæуидæ, уæдта æ циртæй ралæборидæ 'ма уотемæй Нартæн агъаз кодта мæрдтæй дæр ма. Йеу хатт ба Нарти хугæс Сослани цирти рæзти æрцудæй æма фæффæдес кодта: – Гъæй, Сослан, нæ фонс фæттардæуй! Сослан дæр рагæпп ласта, ракæсæ-бакæсæ ракодта 'ма дзоруй хугæсмæ: – Цирдæмæ фæдес? Йе ба ин уотæ: – Фæдес нæййес, фал дæ некæд фæййидтон, æма уой туххæй фæгъгъæр кодтон, кæд дæ фæййининæ, – зæгъгæ. Гъигæ ин куд нæ адтайдæ, æма Сослан ракурдта Хуцауæй, мæрдтæй æздæхун ин куд нæ адтайдæ, уотæ. Мæрдтæй æздæхун ин нæбал адтæй, фал мæрдтæмæ цæун дæр не 'ндиудта æ тоггин Тотрази фурт Алибегæй. Нарти дзæбæхтæй уоми к' адтæй, Саулæг, Хуарз Хириу-Финдз, Къанци фурт Сæууай, уадмеритæ, гумеритæ, сæдсæронтæ 'ма æвдсæронтæ имæ цудæнцæ 'ма ин разæгъионцæ: – Мах дæ дзенетмæ бахондзинан, нæ бон дин алкæмæн дæр исуодзæнæй, йеунæг Тотрази фурт Алибегæн дин нæ бон неци 'й. Сослан дæр сæмæ фегъосидæ, уæдта сæ æхецæй ратæридæ: – Рандæуотæ, буллийгитæ! Æз дæр уомæй тæрсун, æма сумах, Сослани мæрдтæмæ ка бахъæртун кæна, уæхæнттæ н 'айтæ! Æрæгиау ба имæ Сайнæги фурт Алий æрцудæй æма уой хæтдзæ ранæхстæрæй. Цæун райдæдтонцæ 'ма, мæрдтæмæ ку бахъæрттæнцæ, уæд Сосланмæ фитдзагидæр, кизгæй, уосæй кæмæн батухæ кодта, йетæ сæ содзинттæ, сæ кæрдæнтæ сæ разæй хæсгæй сæхе раскъардтонцæ. Сайнæги фурт Алий дæр сæмæ рауозгæлдтæлтæ кодта, æма кизгæй дæр, уосæй дæр банæлуæгутæ 'нцæ. Уой фæсте ба сæ æруидта Тотрази фурт Алибег æма сæмæ йе рауадæй. Алий дæр ибæл фæгъгъæр кодта, æма Алибег фæссабурдæр æй; йеу хатт ма ибæл фæгъгъæр кодта, æма бабæй рагубурдæр æй; æртиггаг хатт ибæл фæгъгъæр кодта, æма уæдта æ уæраги сæрмæ зæнхи ранæхстæй Алибег. Сослан æма Сайнæги фурт дæр бацудæнцæ 'ма зиндони цади билæбæл æрлæудтæнцæ. Уоми ба Сослан йе 'нæниййергæ мадæ Æхсийни фæййидта. Сослан имæ фæллæборуй, æма 'й и цади дон иннæ билæмæ райсуй, уотемæй нур дæр ма архайуй уой исесунбæл, æма ин æнтæсгæ ба нæ кæнуй. Ахæри хъиамæт ку æрцæуа, уæди уæнгæ Сосланæн дæр, æ мадæн дæр уомæй банцайæн нæййес. Уæдта ахæри бони фиццагидæр Тотрази фурт Алибег æма Сосланæн тугъд уодзæнæй. Бæх фæлдист кæмæн адтæй, æ хисти догъ кæмæн уадæй, циртдзæвæн, хъабагъ кæмæн адтæй, йетæ ка æ бæхи сæрæй, ка æ циртдзæвæнæй, ка æ хъабагъи сæрæй кæсдзæнæй йеци тугъдмæ. Уой фæсте ба ахæр рацæудзæнæй, æма Æхсийнæ æносмæ зиндони байзайдзæнæй, Сосланæн алли фудйеуæгдзинадæбæл ке агъаз кодта, уой туххæй.
Радзырдта йæ Кæлухти Хамæза, 27 октябрь, 1903 аз, Махческ. Ныффыста йæ Гарданты Михал. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, с.22–23.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |