Нартæн сæ хæхты сæвзæрдис хъулонзачъе уæйыг. Сæ фосы сын æддæмæ хизынмæ нæ уагъта, сæхи та – ракæсын дæр. Уæд Нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой: куывд саразæм, уырдæм æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм хъомгæс, зæгъгæ. Уырызмæг арвыста хонджытæ алы рæттæм. Хонджытæ æппæт адæмы дæр æрхуыдтой. Куывды Уырызмæг скуывта æмæ загъта: – Нарты адæмæн хъомгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый айсæд кувæггаг. Иу дæр йæ ныфс нæ бахаста. Дыккаг хатт та Уырызмæг хонджытæ арвыста, ацæут æмæ ноджы фылдæр адæм æрхонут, цъиу тæхæг дæр мауал ныууадзут, зæгъгæ. Дыккаг хатт та скуывта Уырызмæг æмæ та дыккаг хатт дæр дзуапп ничи радта. Уæд Уырызмæг бафарста хонджыты: – Исчи ма баззадис Нарты адæмæй æдде? Хонджыты хистæр загъта: – Уæлæ ма иу чысыл лæппу бæгънæгæй фæнычы хъазы. – Ацæут æмæ йæ тагъд ардæм æркæнут, – арвыста сæ Уырызмæг. Хонджыты хистæр ссыдис лæппумæ æмæ йæ бафарста: – Лæппу, ды Нарты куывдмæ цæуылнæ цæуыс? – Æмæ ардыгæй уырдæм фистæгæй ацæуон? – Мæнæ мæ фæсарц сбад, æмæ иумæ цæуæм. – Æмæ нæ дæ бæх афæраздзæн? – Рацу, къулбадæг, æмæ сбад!.. Лæппу сбадт бæхыл æмæ æрцæуынц. Фæндагыл лæппу бæхы фæрстæ æрбалхъывта йæ уæрджытæй, æмæ бæхæн йæ туг йæ хъæлæсæй скалди. Бæх ахаудта, æмæ лæппутæ фистæгæй æрбацыдысты куывдмæ. Уырызмæг лæппуйы куы федта, уæд та æртыккаг хатт сдзырдта, йæ ныфс чи хæссы, уый ацаходæд, зæгъгæ. Фæлæ Батырадз нæ бамбæрста, Уырызмæг, цæуыл дзырдта, уый. Уырызмæг та ноджы хъæрдæрæй сдзырдта. Уæддæр та нæ фехъуыста Батырадз ныхас: хъазыдис лæппутимæ. Æртыккаг хатт Уырызмæг адæмы се'ппæты дæр ракæсын кодта, æмæ уæд Батырадз дæр байхъуыста. – Чи ацæудзæн Нарты адæмæн хъомгæс? – сдзырдта та Уырызмæг. Батырадз бауад æмæ кувæггаг райста: æртæ гуыдыны æмæ галы сгуы, йæ комы къулы сæ баппæрста æмæ сæ ахордта. Уырызмæг та йæ фæрсы: – Дæ мызд та цы уыдзæнис, хъомгæс? – Уæ зæронд лæгты зачъетæ ныддасут æмæ мын сæ нымæт скæнут. Нарты адæммæ хорз нæ фæкастис уыцы хъуыддаг, зæрæдтæ сæ сæртæ æруагътой, æвиппайды фегуыппæг сты. Уырызмæг бафарста адæмы, разы сты æви нæ, зæгъгæ. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сразы сты. Дыккаг бон раджы раскъæрдтой сæ фос æмæ семæ рахастой Батырадзæн лæвæрттæ: чи дзабыртæ, чи хордзен, чи худ. Нарты Батырадз аскъæрдта фос хизынмæ. Хизæнуатмæ сыскъæрдта фос, фæлæ уæйыг нæ зыны. Батырадз сæгуыт амардта, йæ цармæй йын скодта халагъуд, йæ фыдæй та – физонджытæ. Хъулонзачъе уыди балцы, хабар бамбæрста æмæ æрбацæуы. Батырадзы размæ æрбахæццæ æмæ футтытæ кæны. – Чи куыдз, чи хæрæг, ам мæ зæхмæ йæ ныфс чи æрбахаста? – Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр, дæ сæт цæуыл калыс? Уæйыг бамбæрста, уый Батырадз кæй у, уый. Æнæбустæй æрбацыд йæ размæ æмæ йæ фæрсы: – Лæппу, ды Нарты Батырадзы нæ зоныс? – Зонын, бæгуыдæр. – Æмæ цавæр хъæзтытæ фæкæны? Батырадз ын йæ сæр фæлыг кодта, михыл æй бакодта, бæрзонд æй систа æмæ йæ æрхаста Нартмæ. Нарты адæм изæрыздæм рацыдысты йæ размæ. Михыл сæры къуыдыр куы ауыдтой, уæд, хъулонзачъе уæйыг æрцæуы, зæгъгæ, адæм фæтарстысты æмæ фæцæйлыгъдысты. Уалынмæ æрбазынд Батырадз йæхæдæг дæр, æмæ уæд йæ размæ рацыдысты. Радтой йын зæронд лæджы зачъетæй конд нымæт æмæ йæ йæ уæлæ скодта. Уæдæй фæстæмæ Нарты адæмы фос сæрибарæй хызтысты уæрæх хизæнты.
Радзырдта йæ Рубайты Муратбег Мысосты фырт, 22-аздзыд, 1941 аз, Зилгæйыхъæу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 16.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |