поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
toptabac.ru отзывы  
 
ХЕТÆДЖЫ БОН
Автор: 00mN1ck / 7 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Хетæджы бæрæгбон сусæны мæйы вæййы. Йæ номыл хъæды къох дæр ис. Пысылмонхъæуы сæрмæ. Уыцы дзуарæн тынгдæр кувынц быдыры хъæутæ. Бахсидынц бæгæиытæ цуайнæгты æмæ æндæр агты, рауадзынц арахъ, йæ бон кæмæн вæййы, уыдон кусæрттæгтæ балхæнынц. Алчи куынæ ацæуа, уæддæр фылдæр хæдзæрттæ арвитынц кувæггæгтæ уырдæм, Хетæджы бынмæ, Иуæй-иу хъæутæ æхсæны куывд скæнынц сæ хъæуы мидæг, науæд та сыхгай, йе хæдзаргай æмæ кæрæдзи рахон-бахон фæкæнынц. Дзуары бынмæ чи арвиты йæ кусæрттæгтæ, ахæмтæ дæр вæййы. Хетæджы бынмæ куы æрæмбырд вæййынц, уæд дзы чи кусарт акæны, чи та йæ хæдзарæй физонæггаг æмæ хæрд, нозт æрхæссы. Фæкувынц, стæй фæминас кæнынц. Уыйфæстæ райдайынц кафын, симын æмæ бæхтыл хъазын.

Хетæджы хъæдæй нæй ракæнæн, нæдæр дзы ис раласæн, æмæ йæ хъæд схорз. Ис дзы дыргътæ, æмæ уыдонæй дæр иæ фæтчы хæдзармæ ахæссын, зæгъгæ. Æрмæстдæр дзы хæр йæхи мидæг. Уыцы ран исты куы фыцай, уæд дзы ракæн суг дæр, фæлæ дзы хæдзармæ ничи ласы.

Уыцы бон ма Куырттаты комы Хидыхъусы зылдæн вæййы Дзири дзуары бон. Уыцы бæрæгбон кадджынæй кæнынц, уырдыгæй чи алыгъдис, уыдон дæр. Цы хъæуты цæрынц, уымыты бæрæгбон скæнынц Дзири дзуары номыл: аргæвдынц уæрыччытæ, бахсидынц бæгæнытæ æмæ æрхонынц сæ сыхбæсты. Сыхбæстæ æмæ хъæубæстæ дæр фæзонынц, Хидыхъусы зылдæй æрлидзæг адæмæн уыцы бон бæрæгбон кæй у, уый, æмæ сæм арфæтæм фæцæуынц. Амал кæмæн вæййы, уыдон та быдырæй хохмæ бацæуынц куывды.

Хидыхъусы приход уыцы бæрæгбон скæнынц афтæ: алы хæдзар дæр бахсиды бæгæны, рауадзы арахъ, аргæвды уæрыкк. Хуыцаубоны райсомæй бинонтæ сцæттæ кæнынц чъиритæ, физонæг, нозт æмæ сæ арвитынц Дзири дзуары кувæндонмæ Дзирийы рагъмæ. Дзирийы дзуар, дам, иры дзуар у. Уыцы ранмæ æрæмбырд вæййынц алы хъæутæйг. Уым вæййы дзуарылæгтæ. Уыдон фæкæсынц æмæ уынаффæ бакæнынц, уыцьв боны бæрæгбон куыд хъуамæ арвитой, уый тыххæй. Сбадын кæнынц адæмы, æрæвæрынц хистæрты раз чъиритæ, физонæг, раттынц хистæрмæ нозт. Сысты хистæр æмæ райдайы кувын. Адæм иууылдæр сисынц сæ худтæ æмæ райдайынц кувæджы куывдмæ оммен кæнын. Куывд куы фæвæййынц, уæд бадты адæмæн фынгтыл тæбæгъты аерæвæрынц хæрд, нозт. Стæй сыстынц æмæ саразынц хъазт. Изæрырдæм куы фæвæййы, уæд алчи йæ хæдзармæ ацæуы. Хъæуты саразынц стыр хъæзтытæ æмæ куывдтæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru