КÆХЦГÆНÆН |
Автор: 00mN1ck / 9 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Кæхцгæнæны бæрæгбон вæййы сусæны мæйы — июлы. Ацы бæрæгбоны тыххæй биноныгдæрæй фыст ис дæлдæр, ноггуырд лæппуйы æгъдæуттæ кæм æвдыст сты, уым. Ам зæгъдзынæн æрмæст дыууæ ныхасы.
Кæхцгæнæны бæрæгбон кадджын у хæхты, стæй быдыры магусадæр хъæуты (кусын къаддæр чи уарзы, уыцы лæгтæ йæ уæлдай кадджындæр кæнынц). Кæхцгæнæнмæ ма къуыри куы вæййы, уæд фæсивæд райдайынц «сой» кæнын. Фыццаг лæппу кæмæ вæййы, уыдонмæ арæхдæр, æнæуи лæппу кæмæ райгуыра, уыдонмæ та къаддæр. Сой фæкæнынц æхсæвыгон, цалынмæ сбон вæййы, уалынмæ. Сой чи фæкæны, уыцы къордмæ куы кæсай, уæд дзы искуы-иу йеддæмæ нæ вæййы хорз хæдзары кусджытæ. Уыдон дæр, ахсгæ кæй æркæнынц, рацæут нæм, зæгъгæ, ахæмтæ. Иннæтæ вæййынц нозтуарзæгтæ æмæ магусатæ.
Кæхц кæмæн вæййы, уыцы лæппуты бинонтæ скæнынц куывдтæ, чи хицæнæй, чи та дыгай-æртыгай хæдзæрттæй иумæ. Адæм фæкувынц, кæхц кæмæн вæййы, уыцы .лæппуты цæрæибонмæ, алцы дæр дзы вæййы, хъазт уæд æмæ æндæр уæд. Кæхцгæнæн Лры фылдæр хъæуты кæнынц зæрдиагæй.
Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |