поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
Товары бренда hogl wwwhoegl.ru.  
 
НОГ ДЗУАРЫ БОН ДÆРГЪÆВСЫ
Автор: 00mN1ck / 12 мая 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ног дзуары бон бæрæгбон кæнынц Дæргъæвсы. Йæ бон вæййы августы, хуыцаубоны. Фысым ын цы сых вæййынц, уыдон иу къуыри раздæр æрæмбырд кæнынц æхца дæр, цы сæвæрынц, уый.

Фыццаг заманты Дæргъæвс стыр хъæу уыдысты, æмæ-иу Мамсыраты цæджджинагæй дыууæ-æртæ бахсыстой бæгæны. Мамсыраты цæджджинаджы та зады ссад бастауынц цалдæр æмæ ссæдз меркъайы иу фыхæн. Уæд-иу балхæдтой галтæ дæр. Фæлæ сæ ныр фæкъаддæртæ кодтой, уымæн æмæ дзы адæм бирæ нал цæры.

Ног дзуары бон райсомæй иумæйаг куывды кусарт цалынмæ фæкæнынц, уалынмæ алы хæдзар дæр дзуары бынмæ бахæссы чъиритæ, физонæг æмæ нозт. Æрæмбырд вæййынц æмæ скувынц, хорз фæминас кæнынц, стыр куывды бæгæныйæ дæр сын раттынц, æмæ уый фæстæ сæ хæдзæрттæм ацæуынц. Стыр куывд куы сцæттæ вæййы, уæд хонæг арвитынц хъæумæ. Хъæу чысы-лæй, стырæй æд чъиритæ æрæмбырд вæййынц. Цы кусæрттæ акæнынц, уыдонæй уæд скувынц, цæмæй Дæргъæвсы адæмæн Рыны бардуаг баххуыс кæна, æмæ сыл сæ иухатты заман мауал скæна. Уыйфæстæ сбадынц, уырдыглæуджытæ æрæвæрынц хæрд, нозт, æмæ адæм сæхи хорз фенынц.

Ног дзуар та йæ уымæн хонынц æмæ йæ скодтой æрæджы. XX æнусы фыццаг азты. Уыцы рæстæджы Дæргъæвсы адæм тынг арæх мардысты хæцгæ низæй, æмæ загътой, Аларды нæ ныццагъта æмæ Алардыйæн кувæндон саразæм. Куынæуал мардысты низæй, уæд Алардыйы номыл уыцы «Ног дзуар» скодтой

æмæ уæдæй фæстæмæ афтæ кæнынц уыцы дзуары куывд. Уырдæм куывды фæцæуынц, Дæргъæвсы хъæуæй быдырмæ чи ралыгъдис, уыдон дæр.

Цыппар боны фæстæ та йын скæнынц йæ куывдæрвитæн. Бæгæныйæ ма ныууадзынц, адæмы æрхонынц æмæ та скувынц, цæмæй сæ Ног дзуар фидæнмæ дзæбæхæй, хъæлдзæгæй ныууадза æмæ та йын хорз куывд скæной.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru