поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
Банда казино  
 
ХУС АЗЫ КУЫВД
Автор: 00mN1ck / 6 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Хус аз куы фæхæссы, уæд ирон адæм æнхъæл ззеййынц, цавæрдæр дзуары аххос у, уый нæ уадзы уарыц, зæгъгæ. Адæм райдайынц лæгъстæ кæнын дæсныйæн, цæмæй сын' бацамона, кæцы дзуары аххосæй нæ уары æмæ йын куыд хъуамæ скæной куывд. Дæсны сын фæзæгъы бузныггадæй, æз, ома, бирæ фæлæгъстæ кодтон адæмы тыххæй, цæмæй сæ хуыцау ма фесафа, æмæ мын дзуæрттæ мæ лæгъстæйæн аргъ скодтой. У ахæм æмæ ахæм дзуары аххос, ахæм æмæ ахæм хъуыддаджы тыххæй æмæ ахæм рæгъауы ахæм гал снывонд кæнын хъæуы. Æрзилын хъæуы къусбарыл, æмæ куывд уыцы бон цæттæ куыд уа, афтæ.

Адæм хæлттæ сæппарынц, æмæ кæй хæлттæ схауой, уыдон райдайынц куывды хъуыддаг кæнын. Цы лæгты хал схауы дзуары лæгтæй, уыдон галы хицаумæ бацæуынц æмæ йын фæзæгъынц, дзуар дæ галы айста йæхицæн нывондæн æмæ йæ хуы-цау барст фæкæнæд адæмы хъуыддргæн дæр æмæ дæхи хæдзары хъуыддагæн дæр.

Галы хицау чъиритæ скæны, дзуары лæгтæ арзхъ ахæссынц, рæгъау æрбамбырд кæнынц æмæ уыцы галы алфæмбылай цъил фестынц, фæцин ыл кæнынц. Цæхх ын куы адарынц, уæд сæм гал йæхи хæстæг фæласы, æмæ уæд фæзæгъынц, цаеттае барст кæй у, уый бæрæг у. Галы æрцахсыйц, скувынц чъиритæ æмæ арахъ, стæй, гал сæ разæй, афтæмæй хъæумæ рараст вæййынц заргæ, æмдзæгъдгæнгæ. Гъе афтæмæй, худаистæй дзуары лæгтæ заргæ æмæ æмдзæгъдгæнгæйæ галы хъæуы уынгты æрзилын кæнынц.

Хъæууон хæдзæрттæ сын сæ размæ уæлибæхтæ, физонджытæ, нозтытæ, æвзист æхцайы дыгай, йе æртыгай суаритæ нысай-нагæн фæхæссынц, галы сыкъатыл бакæнынæн хæрдгæтæ, глази хæцъилтæ æмæ æндæр истытæ, рæсугъд чи фидауа, ахæмтæ. Уыдæттæ галы размæ куы рахæссынц, уæд дзуары лæгтæ ныллæууынц æмæ сæ скувынц, чи сæ рахæссы, уый цур цы хæрдгæтæ æмæ глазитæ вæййы, уыдон та галы сыкъатыл бабæттынц, афтæмæй йæ æрзилын кæнынц хъæуыл, æмæ сын иууылдæр фæхæссынц хуынтæ, саразынц сын хъазт дæр. Уый фæстæ та ацæ-уынц æндæр хъæумæ. Кæд уыцы куывд комæн амынд уа, уæд та нывонд галы æнæхъæн комыл æрзилын кæнынц, цæмæй алчидæр йæ нысайнаг радта.

Йæ бон куы æрцæуы, уæдмæ цы зад æрæмбырд уа, уымæи бахсидынц бæгæны. Кæд ма сæм æхца вæййы, уæд ноджыдæр балхæнынц кусæрттæгтæ: нæл фыстæ, нæл сæгътæ, науæд та уæнгуытæ. Дзуары лæгтæ хонджытæ арвитынц, цы адæмты тыххæй у уыцы куывд, уыцы хъæутæм. Адæм семæ æрхæссынц чъиритæ.

Хистæр сысты худаистæй, скувы хуыцаумæ, Хоруацилламæ æмæ иннæ дзуæрттæм, цæмæй уарын радтой, уый тыххæй. Уыцы куывд доны был куы вæййы, уæд дзы иуæй-иутæ сæхи доны ныххуылыдз кæнынц, ома нæ абоны куывдæй уарынтæ куыд рацæуа æмæ, æз куыд ныххуылыдз дæн доны, афтæ уарынæй куыд ныххуылыдз уой адæм дæр æмæ зæххытæ дæр. Уый фæстæ адæм сæхи хорз фенынц, хъазты хорз фæкафынц.

Кæд уый фæстæ рауара, уæд адæмы бауырны, æцæгдæр куывды тыххæй æруарыдис, зæгъгæ.

Куынæ уарыд, уæд æй кувæджы аххос кодтой, ома нæ хистæр кувынмæ дæсны нæу, уый йеддæмæ цæуылнæ уары, зæгъгæ.

Ирон адæм бæгæнытæ æхсидыны тыххæй дарынц стыр цæджджинæгтæ, дæс меркъайы кæнæ суанг фондз æмæ ссæдз меркъайы бæрц æхсыст кæм вæййы, ахæмтæ. Уыцы агтæ скæнынц æрхуыйæ æмæ вæййынц стыр кадджын. Чи сæ бахсиды, уыдон сæ хицæуттæн мызд бафидынц бæгæныйæ, иу æхсыстæн дыууæ къуыстилы кæнæ та къаддæр. Дæс меркъайы кæм бацæуы, ахæм агæн йæ мызд вæййы бæгæныйы тъæпæнæг. Куывдтæн æмæ æндæр истæмæнты сæ дзидзатæ куы фæфыцьщц, уæд та сæ хицæуттæн раттынц фыды хæйттæ.

Ахæм аджы исчи бæгæны кæнæ фыд куы фыца æмæ афтæмæй аг исты хуызы куы фæсахъат уа, уæд æй хъуамæ, кæмæн лæвæрд уыдис, уый йæхи хардзæй скæнын кæна.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru