поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
Дизайн проект квартиры сервисов для самостоятельнои планировки квартир.  
 
46. БЕРОЗТЫ ТОТЫРАДЗЫ ЗАРÆГ
Автор: 00mN1ck / 20 сентября 2008 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
Уартæ, дам, хохæй иу мæгуыр зæронд лæг —
Берозты Тотырадз — куы рараст вæййы.
Йæ сабиты йæ дзæкъулы куы нывæры,
Афтæмæй куыстагур куы рараст вæййы.
Хъæуæй-хъæумæ цыди, сыхæй-сыхмæ цыди.
Фысым ын нæ уыди, æрцыд Заманхъулмæ.
«Ам уæм хуыздæр фысым чи разындзæни?»
Ныхасы адæм Тотырадзæн куы загътой:
«Хъуыоаты Хъасайæ хуыздæр ничи уыдзæн».
Уæд Тотырадз уынгты фæрегæ-фæрсгæ ацыди.
Æмæ барасти Хъасайы кæртмæ.
Кæрты æрлæууыди, Хъасай йæм рауади;
Уæд, дын, æм Берозы-фырт Тотырадз бадзуры:
«Ам дæуæй хуыздæр уазæгæн никæй хонынц».
«Мидæмæ, уазæг, дуармæ цæмæн лæууыс?»
Тотырадз дæр, дын, хæдзармæ куы барасти;
Æмæ йын Хъуысаты Хъасай куы загъта:
«Цæй фыдцæрдтыты бахаудтæ, Берозы-фырт?»
Иучысыл Хъасаймæ ацардысты, стæй уæд
Тотырадз хъомгæс ныллæууьшвæнд скодта,
Цæмæй схæсса йæ сидзæр сабиты.
Хъæубæстæн хъомгæс куы ныллæууыди.
Хъом Казрдойы коммæ аскъæрдта;
Бонрæфты-иу фос ривæд куы кодтой,
Уæд-иу Тотырадз та уадындзæй цатъта.
Уалынмæ чындзхæсджытæ 'рбацыдысты,
Кæсгон фæсивæд, хæрз ифтонг — дарæсæй.
Сæ размæ, дын, иу ус уæд куы разгъордта,
Уынджы астæу сæм афтæ бадзуры:
«Ирон адæмæй мын мæ лæджы туг чи райса,
Уымæн куы ратдзынæн мæ чызджыты хуыздæры».
«Мах дын, уæдæ, райсдзыстæм дæ лæджы туг», —
Куы бадзырдтой уыцы усмæ Кæсæджы 'лдæрттæ.
Кæрдойы комы Тотырадзыл сæмбæлдысты.
«Немæ чындзхæссæг рацу», — загътой Тотырадзæн.
«Уæ цæрæнбон бирæ, уæздан фæсивæд,
Æз мæ хъом дзæгъæлы нæ ныууадздзынæн,
Æнæ уый даэр мæгуыр, зæронд лæг куы дæн, —
Æз уын цæй чындзхæссæгæн бæззын?»
Уæд, дын, æй тыххæй бæхмæ куы баппæрстой,
Тæхынтæ куы байдыдтой Кæсæджы уæздæттæ.
Тотырадз, дын, уæд бæхы тæнтæ 'рбалвæста.
Барæг, дын, иннæты фæстæ куы аззадис;
Зазронд Тотьградз ын йæ дамбаца сласта,
Æмæ йын æй йæ къæбутыл куы ныццавта.
Кæсгон æлдар бæхæй расхъиудта.
Зæронд Тотырадз фæстæмæ раздæхти.
Иннæ уæздæттæ йæ фæстæмæ расырдтой,
Æмæ йæ баййæфтой иу обауы саэр.
Уыцы ран, дын, хæцынтæ куы байдыдтой.
Тотырадз æлдæрттæй бирæты ныццагъта,
Фæлæ йæхæдæг дæр уыцы ран фæмарди
Берозты мæгуыр зæронд Тотырадз.

Радзырдта йæ Наниты Сергей, 24 сентябрь, 1936 аз. Ныффыста йæ Плиты Харитон.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 12—13.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru