Чиныгаразæгæй |
Автор: 00mN1ck / 27 февраля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад |
Адæмон сфæлдыстад лæвæрд цæуы жанртæм гæсгæ. Фыццаг томмæ бацыдысты героикон æмæ историон уацмыстæ, дыккаг томмæ – иннæ фольклорон уацмыстæ. Ирон адæмы сфæлдыстадæн йæ ахъаззагдæр хай героикон эпос кæй у, уымæ гæсгæ чиныг райдайы Нарты кадджытæй. Уæлæмхасæны хуызы мыхуыргонд æрцыдысты ирон фольклоры тыххæй хицæн уацтæ, библиографи æмæ дзырдуат. Чиныгæн йæ нысаниуæг у наукон, æмæ, уымæ гæсгæ, тексттæ мыхуыргонд цæуынц зына-нæзына ивддзинæдтимæ – куыд фыст æрцыдысты, уымæ æввахс. Бирæ дзырдтæн сæ орфографи дæр баззад,куыд сæ ныффыстæуыди, афтæмæй. Иуæй-иу дзырдтæ, адæймаджы нæмттæ, мыггæгтæ, топонимикон æмæ æндæр бынæтты нæмттæ таурæгъгæнджытæ дзырдтой алы хуызты, уыди сын сæрмагонд нысаниуæг, уымæ гæсгæ баззадысты æнæивдæй, уалдайдæр дыгурон текстты. Дыгурон текстты арæх æмбæлы ирон дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ, æмæ уыдон дæр æфтæмæй ныууагътам. Бирæ уацмыстæн дзы лæвæрд цæуы цалдæргай варианттæ – уыдон æххæст кæнынц сæ кæрæдзийы. Ахуырады кусджытæн æппæт уыдæттæ феххуыс уыдзысты искæцы дзырды этимологи кæнæ йæ рагон мидис, йе та йæ равзæрæн уидаг æмæ бындур сбæрæг кæныны хъуыддаджы. Чиныг аразгæйæ пайдагонд æрцыди Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртæстыты институты, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, Цæгат Ирыстоны Адæмон сфæлдыстады хæдзары æмæ радиойы архивтæй. Уымæй уæлдай ма чингуытæм бахастам: 1. Адæмон сфæлдыстадæй революцийы агъоммæ мыхуыры чи рацыд æмæ ныртæккæ библиографион æгъдауæй стæм чи сси, ахæм тексттæ; 2. Цæгат Ирыстоны дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр советон дуджы цы адæмон сфæлдыстады æмбырдгæндтæ рацыд, уыдонæй ист тексттæ; 3. Фæсарæнты мыхуыргонд ирон тексттæ (Мункачийы, Кристенсены æмбырдгæндтæ). Мыхуыры рацæугæ тексттæ æмæ архивæй ист æрмæг документацигонд сты. Фæлæ иуæй-иу текстты бæрæг не сты нæдæр кадæггæнæджы, нæдæр йæ ныффыссæджы нæмттæ. Бæрæг нæу, кæм æмæ сæ кæд ныффыстæуыди, уый дæр. Æмæ уыцы аиппытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ардæм дæр фæхæццæ сты. Чиныгаразæг зæрдиагæй арфæ кæны, ацы куысты йын йæ хорз фæндæй, йæ уынаффæйæ чидæриддæр баххуыс кодта, уыдонæн се 'ппæтæн дæр.
Чиныгаразæг
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |