Дыууæ 'фсымæры цардысты Мызуры. Кодтой цуаны куыст. Иу хатт куы уыди, уæд хохы сæрмæ фехстой гъæуанс (хъуаз), æмæ фат Бадилатæй кæуылдæр суади. Лæг амард... Дыууæ 'фсымæрæн уыцы тæссаг ран цæрæн нал уыдис. Ралыгъдысты Цыколамæ. Сæ нæмттæ аивтой, сæ мыггаг та, сæ мад Гæтæгты чызг куыд уыди, уымæ гæсгæ схуыдтой Гæтæгонтæ... Уый фæстæ сæ мады 'фсымæртæм алыгъдысты Туркмæ.
Радзырдта йæ Тауаситы Чабæ Гæтæджы чызг, 100-аздзыд, июль, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Цæрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 110, папкæ 88, ф.52.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |