поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Хъæрæми æфсæдти зар
Автор: 00mN1ck / 24 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Хъамболти Гула Дигоргоми
Æртæ рауæни æртæ гъæри никкодта:
– Гъæй-гъæй, гъæй-гъæй, Дигорæ!
Хабархæссæг нæмæ фæцæй,
Истур æфсад нæмæ æрбацæуй,
Исафуни фæндæ нæбæл искодтонцæ!
Уалæнмæ Туйгъанти хуарз Йелбердухъ
Дигоргомбæл хæдзаргай рахаттæй:
– Фæдес, фæдес, Дигорæ!
Дæлæ нæмæ Хъæрæми хантæ
Истур æфсади хæтдзæ æрбацæунцæ,
Исафуни фæндæ нæбæл искодтонцæ,
Цалинмæ нæмæ медæфцæгмæ не 'рбацудæнцæ,
Уалинмæ дæлæфцæгмæ сæ размæ
Тохæг лæгæй цæун гъæуй!
Хуæнхти тохæн федæрттæ 'рахæссун гъæуй,
Хæтæли хуаллаг цæттæ кæнтæ,
Морги æндзæрмæ уæ размæ
Раздзау цæудзæнæй,
Æма хæтæли хуаллаг уомæ куд дæттайтæ!
Даргъонæй Дигори коми думæгмæ
Хæрæмегъæ ниббадтæй;
Уорс хонхи бæрзондæй
Уорс мегъи пъæсту ратахтæй,
Тар хæрæмегъæбæл æхе ниццавта:
Пъæстугæйттæ й никкодта.
Уорс мегъи пъæсту н' адтæй,
Туйгъанти хуарз Йелбердухъ адтæй;
Хъæрæми хантæн сæ раздзæугути
Ниппурх кодта.
Æргъаударæни къулдунбæл
Æртæ баллон берæгъи рацудæй,
Истур æфсади астæу
Хъес-хъесгæнгæ исмедæгæнцæ,
Истур дессæгтæ сæ никкодтонцæ.
Æртæ баллон берæгъи н' адтæнцæ, –
Хъубадти Дзанхъæлици æртæ фурти адтæнцæ.
Сæхе бæх æргъайуаг адтæй,
Тасолтани фурт еци тугъди æгади мардæй
Рамæлунмæ æвгъайуаг адтæй,
Йе æвгъайуаг бæргæ н' адтæй,
Дигоргоми сау æхсæрфæнбал
Æма сау бæгæнийæй æ губун идзаг адтæй,
Хъæрæми хантæн Дигоргоми пурхæ кæнунмæ
Надамонæг æмбал адтæй.
Фæдесæнттæ раздахтæнцæ
Хъæрæми хантæн сæ тонаути хæццæ;
Истур цагъд син никкодтонцæ;
Истур Дигорæмæ дæр фæдесгъæргæнæг рарвистонцæ.
Истур Дигори хонхæй сау сунт ратахтæй;
Сау сунт н' адтæй, –
Хъарабугъати минги Хъарабугъа адтæй.
Хъæрæми ханти æфсæдтæ адтæнцæ кæрдæги бæрцæ;
Таймазти хуарз Дзанцег нигъгъæр кодта:
– Хъарабугъати Хъарабугъа, ду фæдеси уайæ,
Фал лæгдæр кæд дæ,
Уæд раййафæ Истур Дигори хорбадæни –
Уостити астæу гебена кæрдун мæ кæрдæнæй!
Сурхи бæрзондбæл еуцонгон бæласæ адтæй,
Абисалти хуарз Деулетæн еци бони тугъди
Бицентæмæ тъæпæнæгидзаг уæрас адтæй,
Уой хæтдзæ йин минасæ адтæй.

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт,14 февраль, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, папкæ 13, ф.78–79.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru