поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Мустафай зар
Автор: 00mN1ck / 25 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
– Гъæйтт, мæ хъæболæ Мустафа,
Лæги сæр дæ багъудæй! –
Ку бадзоруй имæ уотæ æ мадæ.
Мустафа ку адтæй еунæг лæхъуæн
Æма йе гъонгæс ку адтæй сæдæ иуонугебæл,
Уой хæтдзæ ибæл сæумон хори рохс
Ку æрбаивадæй. И 'нгæрттæй, зæгъуй,
Уæд йеу ку фæффæдес кодта:
– Уæ фонси дзогтæ уин ку фæттæрунцæ,
Уæртæ и Сарий бохъургинтæ!
Уæд и мадæ ку райгъал кæнуй
Æ йеунæг лæхъуæни,
Уæд дзианум Мустафа æхе
Ку барæвдзæ кæнуй,
Æма сæ сорунтæ ку ниййагайуй;
Бæргæ исæййафуй Сарий æфсади,
Куд исхæрд кодтонцæ, уотемæй.
Бæргæ сæбæл æрзелуй Мустафа цæргæсау,
И 'фцæгмæ куд исхъæрттæнцæ, уотемæй,
Сæ размæ ку 'рбадтæй риндзи
И сау хонхи æскъуди,
Æ хъæрæймагæй сæбæл уордæгæй
Топпадзагъд кæнун ку исамайуй.
Сæ хауæггаг син ледзæггаг ку фæккодта,
И гъæуи рæгъау фæстæмæ ку раздахта.
Уæд æй и гиаур Сарий бохъургинтæ
Ку фæццæф кодтонцæ, æ риндзи бадгæй.
Ку ниххауй дагъи, æ тоги æвдулгæй,
Æ сау рæсугъд, æ бийнонтæ æ зæрди ку 'рæфтуйунцæ.
Сарий байзайæггæгтæ фæдеси
Бæргæ нихъхъæртунцæ Сарий гъæумæ,
И уорс рехæгунтæн ку радзорунцæ.
И зæронд лæгтæ ку ниддес унцæ,
Ци дессаг адтæй, ци алæмæт æй,
Ауæхæн цау нæбæл ку нæма æрцудæй,
И зæрæндтæ имæ ку ранæхстæр унцæ
Æма имæ бæргæ исхъæртунцæ.
Ку 'й исесунцæ хонхи дагъæй,
Уодхæрттæгæнгæй, Мустафай,
И кæстæртæ ибæл ку рафæндæ кæнунцæ:
– Фидгуни къуæхтау æй æрацæй кæнæн.
Уæд и хестæртæ ку радзорунцæ:
– Цæй, нийуадзетæ, банинбæздзæнæй йеу есгæми.
Ку 'й æрæвæрунцæ мæрсинтæбæл
Æма ранæхстæр унцæ Саримæ.
Уæд и Мустафа ку исдзæбæх уй,
Уæд æй ку бакодтонцæ бæрзонд мæсуги.
Мади зæрдæ кæми гæдзæ кодта:
Æ лæхъуæни тог йесунмæ
Æфсæдти хæтдзæ ку ранæхстæруй.
Сарий æфцæгмæ уæд ку исхъæртунцæ,
Хæрæ мегъæ сæбæл уоми ку 'рбадуй.
Уоми сæмæ Сарий фиййау ку ниццæуй
Æма сæ ку бафæрсуй: – Циуавæр айтæ? –
Уæд уомæн æ мадæ ку ниццæйдзоруй
Æ зæрди хабæрттæ.
– Æ мадта уин уой ка рахона, йе ба – æз, –
Уотæ син фиййау зæрдæ ку байвæруй.
Ку ниццæуй Сарий гъæумæ
Æма йимæ ку бадзоруй;
Уордæгæй Мустафа ку рагæпп кæнуй,
Уотемæй ледзунмæ ку ниййагайуй,
Комкоммæ къулух, фæсаууон дзæбæхæй.
Уæд Сари æд зæронд, æд нæуæг
Æ фæсте ниппарасетæ унцæ.
Уотемæйти сæ æнæтугъдон рæвдзæй
Æфсæдти астæу ку исмедæг кодта.
Уотемæй уоми Сарий адæми
Æнæхатирæй ку ниццагъта.
Уотемæй Мустафа æ мади хæтдзæ,
Йе 'фсæдти хæтдзæ ку ниффардæг уй.

Радзырдта йæ Хæмыцаты А. Ныффыста йæ Хъазыбегты Хъазыбег.
«Ирон адæмон сфæлдыстад», Дзæуджыхъæу, 1949, ф. 257–259.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru