поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Мисирбий зар
Автор: 00mN1ck / 8 января 2011 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Баделиатæ рамбурдæнцæ, Баделиатæ,
Хусфæрæги, дууæ тагей астæумæ,
Даргъ бæласи цормæ сæ бунат.
Фæндæ æма фæнди сæртæ
Уой, уой, ку кæнунцæ:
– Цæйтæ, рагæй ардæмæ фонсгæнæг
Нæма фæцан æма фонс фæккæнæн!
Æртæ къуарди фæцæнцæ,
Еу къуард уотæ зæгъуй:
– Арви коммæ фæццæуæн!
Иннæ къуард бабæй уотæ загътонцæ:
– Курттати коммæ фæццæуæн!
Æртиггаг къуард ба загътонцæ:
Уæллаг Ири коммæ фæццæуæн!
Нæ бафедудтонцæ æма лæгтæ исистонцæ
Хъарадзаути Мисирбий æма Галати Мæхæмæти:
– Фæццотæ нин Туйгъантæмæ,
Хъæрæу Айдемури хæтдзæ бадзубанди кæнтæ;
Айдемур нæ кумæ æрвета,
Уордæмæ куд фæццæуæн.
Уобæл ард бахуардтонцæ,
Айдемурæн загътонцæ:
– Дигори баделиатæ æрæмбурдæнцæ;
Фонс фæккæнун сæ фæндуй,
Рагæй фонс некæми ма фæккодтан,
Нурба нин баунаффæ кæнæ!
Е ба загъта:
– Кæд мæммæ игъосетæ,
Уæд ниууагъта аци гъуддаг!
Мисирби ин загъта:
– Ниууадзæн ин нæбал ес!
– Мадта ин кæд ниууадзæн нæбал ес,
Уæдта уæ кумæ фæндуй, куд зæгъетæ?
– Бæрæг фæндон нин нæбал ес,
Æртæ къуарди фæцан,
Нæбал федауæн.
– Мадта уæ уæддæр кумæти фæндуй?
Бафарста сæ
Етæ ба ин загътонцæ:
– Арви коммæ нæ еуети,
Аннæ къуард ба Курттатæмæ,
Æртиггаг къуард ба Уæллаг Ирæмæ.
Уæдта син Хъæрæу Айдемур загъта:
– А уæу-уай, нийуадзетæ!
Кæми й нæ уадзетæ,
Уоми ба уæ Арви коммæ рарветинæ,
Ма коми думæгмæ урус ниббадтæнцæ,
'Ма неци рахæсдзинайтæ,
Курттатæмæ уæ барветинæ,
'Ма уордиги дæр неци рахæсдзинайтæ:
Кæддæриддæр сæ фæдесон адæн тухгин æнцæ,
Уордæмæ дæр уæ не 'рветун:
Уæллаг Ирæмæ уæ барветинæ,
Уæллаг Ирæй дæр неци рахæсдзинайтæ:
Сæ бацæуæнтæ унгæг æнцæ.
Уордæмæ дæр уæ не 'рветун.
Кæд мæ коммæ кæсетæ,
Уæд уæ Биаслантæмæ æрветун:
Фонс дæр иссердзинайтæ,
Рамæлунмæ дæр уе 'нхузон адæн.
Хъæрæу Айдемурæн раарфæ кодтонцæ.
Дууæ лæги 'ма раздахтæнцæ.
Ку рацох æнцæ,
Уæд Мисирби загъта Мæхæмæтæн:
– Дууæ хæлари ан æз æма ду;
Æз ке зæгъон, уой ке зæгъдзæнæ,
Уобæл мин ард бахуæрæ!
Ард ин бахуардта, зæгъдзæнæн, зæгъгæ.
– Мадта нæ Уæллаг Ирæмæ
Хъæрæу Айдемур æрветуй, уой зæгъæ.
Иссудæнцæ æма æмбурди разагътонцæ:
– Хъæрæу Айдемур нæ Уæллаг Ирæмæ æрветуй.
Ранæхстæрæнцæ.
Сæ бацæуæн бон мегъæ адтæй,
Тугъди бони Туйгъанти минги Дударихъойæн
Сугъзæринæй рехæ адтæй.
Уæллаг Ири нигъгъæр кодтонцæ:
– Цъæх лацин æрбацæуй, цъесцъесгæнгæ.
Цъæх лацин нæ уодзæнæй, фал ка уодзæнæй?
Туйгъанти минги бæгъатæр Дударихъо ку уодзæнæй.
Уæллаг Ирæн сæ донхæссæн сæ гæбæти æй,
Уомæн æ фæсте ка цæуй,
Йе ба Галати бæгъатæр Мæхæмæт æй.
Уой фæсте ба бор уари æрбацæуй, пæрпæргæнгæ,
Йе ба ка уодзæнæй?
Хъубадти бæгъатæр Бор-Бекмæрза ку уодзæнæй.
Уой фæсте ба сунт æрбацæуй.
Йе сунт нæ уодзæнæй,
Фал Дзагурти бæгъатæр минги Будзу ку уодзæнæй.
Уой фæсте ба къуру уæйуг
Гуппитæгæнгæ рацæуй.
Къуру уæйуг нæ уодзæнæй,
Фал Салæдти* бæгъатæр къуру Гæуис ку уодзæнæй,
Уæллаг Ирæн сæ донхæссæн сæ гæбæтæй.
Уомæн æ фæсте ка цæуй,
Е ба уомæн æхе фурт бæгъатæр Мæхæмæт æй.
Уæллаг Ири тохæгдæр Бутати Бзарихъо,
Кæсæги лæхъуæнтæн ба сæ хуæздæр Муртазти Дударихъо.
Бизи уоститæ фæлледзунцæ æд гоппитæ,
Кæсæги фæлмæн лæхъуæнтæ фæккалдтонцæ
Сæ къохтæй сæ топпитæ.
Дæлæ, зæгъуй, фæлледзуй
Зайуйнаг къамбец, лæпплæппгæнгæ.
Зайуйнаг къамбец нæ уодзæнæй,
Фал Зурабти Батæрса ку уодзæнæй.
Бизибуни тугъд ци дессаг æй,
Зурабти Батæрса нигъгъæр кæнуй:
Мæкъури цæф ци ресагæ 'й!
Нæуæг хунд киндзæ фæццæуй пихсбунти.
Нæуæг киндзæ нæ уодзæнæй,
Фал Хъубадти хъæрабогъæ Хъасай ку уодзæнæй.

Радзырдта йæ Тугъанты Тæтæрхъан. 11 январь,1921 аз, Дзæу¬джыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папка 13, ф.129–132.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru