Бирæ фæцæрай, Бигъаты хорз Сосе. Уалдзыгон фыййау фист кæнынмæ. – Кæдæм скъæрыс, Сосе, Хуымæллæджы рæгъау? – Нæ зæронд мæрдтæн хист кæнынмæ. – Быдырæй цæвæджы хъæр дæр нал хъуысы, Сосейы рæсугъд ус, дам, бадзуры: – Сыбырæй нæ лæджы хъæр нал хъуысы. Се стыр тæбæгъ, дам, сæ фынджы фарсмæ, Фæхæссынц дæ, Сосе, Сыбырмæ дæ фыды фарсмæ. Æрджынарæджы – Икъаты давон. Сыбырæй дæм сæрвыстой, Сосе, дæ иухатты вагон.
Радзырдта йæ Гаджиты Васил Умары фырт, 24-аздзыд, 10 июль, 1932 аз, Нар. Ныффыста йæ Дзанайты Сергей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23, папкæ 15, ф. 31.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |