(вариант) Бориатæ Уорæзмæги хинцунмæ худтонцæ 'ма йин Æхсинæ загъта: – Маргæ дæ кæнунцæ 'ма дин фитдзаг синон æрхæсдзæнæнцæ, а ба дæ Нæртон хестаг, зæгъгæ, йе ба марги хæтдзæ уодзæнæй 'ма 'й хæтæли рауадзæ, де стур уормег кæрцæ скæнæ, дæхуæдæг ба фестин гобæнттæбæл сбадæ, 'ма уæдта ниуæзт уоми исæфдзæнæй. Фæццудæй 'ма фестин гобæнттæбæл сбадтæй. Фитдзаг синон йин æрхастонцæ. Ракувта ма 'й раниуазта. Уæдта йин дуггаг æрхастонцæ, е ба дæ нæртон хестаг, зæгъгæ. Ма 'й йе дæр æ хæтæли рауагъта. Уотемæй йин уæдта хæссун райдæдтонцæ, 'ма йе дæр ке ахуадгæ скæнидæ, ке ба хæтæли рауадзидæ. Уæдта 'й Сирдон базудта, – налат кæми н' адтæй! Нур æхуæдæг ба, кæд Æхсæртæгкати косæг адтæй, уæддæр Бориатæн цъуххæссæг адтæй. Загъта Бориатæн: – Уæ, бун бауайтæ! Гъæздуггадæ тæллæх бафтудтаги хузæн æй; уæ ниуазуйнаг исафетæ, хæтæли 'й нивгæнетæ 'ма фестин гобæнттæмæ уайуй. Уорæзмæг дæр имæ цæмæннæ раозгалдта 'ма ци кæнуйнаг адтæй! Бориатæ йин уæдта загътонцæ: – Цæй нур бæхгини ниуазæн раниуазæн! Фестун æй кодтонцæ, уотемæй йин давун байдæдтонцæ 'ма йин ниуазун кæнун кодтонцæ. Уорæзмæг дæр «нæгъа» æ сæрмæ нæ хаста, ниуазта 'ма дзой-дзоймæ æрцудæй (нур ин хæтæли уадзæн дæр нæбал адтæй). Уæдта Æхсинæ загъта Сосланæн: – Уæлæ нин нæ зæронди ниуæзтæй марунцæ; уайгæ 'ма йести амал скæнæ! Зилдæй кæбæл истонцæ, гъе йе уодзæнæй. Сослан ранæхстæр æй. Йеу стур гъæдæ æ хæтдзæ райста. Ку 'схъæрттæй, уæд сæмæ дзоруй: – Уæ гурумухъ адæм! Кардæй, топпæй рамаретæ, – ниуæзтæй, хуæрдæй ба некæд неке рамардæй. Сослан син сæ дуари сæри гъæдæ рацафта, æрибæл хуæстæй 'ма кæмæн æ къох расаста, кæмæн æ цæстæ рахаун кодта, уæдта Уорæзмæги райста ма 'й бæхбæл сивардта, бæхæн ба загъта: – Цо, нийхъæртун кæнæ Æхсини къохмæ, куйтæ дæ бахуæрæнтæ, йесгæми ку ниллæууай! Æрæйхæтдзæ кодта бæх. Æхсинæ 'й райста, тæвдæ ниуæзтæ йин сцæттæ кодта, байинниуазун кодта ма 'й ниххуссун кодта. Расуг лæг куд хед кæнуй, уотæ цæмæн нæ рахед кодта! Сæумæ уæдта загъта Уорæзмæг Æхсинæн: – Бориатæ мæ ниуæзтæй мардтонцæ, фал мæ ме 'зæди хай рахаста 'ма фæййервазтæн. – Мадта дæ лæхъуæнæн гъæуй æви æнсувæрæн? – Æнсувæрæн дæр хуарз æй, фал æнсувæр йеу бон гæлдзгæ кæнуй, лæхъуæнæн ба 'й Хуцау кæмæн дæттуй. – Æнсувæр дин ку адтайдæ, уæд дæ зæронд æлдари хузæн сугъзæринæ гъолгун урундухъи фæддардтайанæ, фал дин нур ба лæхъуæн фæууæд! Йе ба имæ нур лæг æнгъæл кастæй. 'Ма гъеуæд раргом æй Сослан, уæдмæ зæнхи буни авари нимахст адтæй 'ма йин уордæмæ Æхсинæ хуæруйнаг æрвиста.
Радзырдта йæ Хъæлыцты Уомар, 28 июнь, 1910 аз, Задæлеск. Ныффыста йæ Дзагурти Губади, ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 3а, ф. 35–37.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |