поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сырдоны бинонты сæфт
Автор: 00mN1ck / 13 июня 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Уæд дыууæ хуры æмдзу ракодтой,
    Æмдзу ракодтой арвы астæуты.
    Æмтавд æркодтой уыдон сау зæххы:
    Дæттæ, суадæтты уæд асур кодтой,
    Хортæ фесæфтой, кæрдæг басыгътой
    Æмæ адæмыл æстонг рауагътой.
    Уæд Нарты адæм бадынц æнкъардæй
    Уым сæ ныхасы уæд æххормагæй.
    Чи ма дзы кæны хотыхы хорз кой,
    Иууылдæр зæхмæ æнкъард ныхъхъуыстой.
    Сæ фос, сæ хъомтæ уыдон фергæвстой
    Æмæ сæ иумæ зыдæй фæхордтой.
    Хъомвосы мыггаг никæмæ уал уыд:
    Æрмæст ма уæлæ уæд уæлæсыхы
    Нарты рæгъаугæс Созырыхъомæ
    Хызт иунæг æстур бæхрæгъауимæ,
    Иунæг сау æстур, Уырызмæджы хъуг.
    Æстонг лæппутæ дæлæ Нарты сыхы
    Уæд рамбырд æсты Нарты ныхасы
    Æмæ сфæнд кодтой хъуджы радавын,
    Хъуджы радавын, ныр уый аргæвдын.
    Дзуры лæппутæй сæ иу иннæмæ:
    – Уырызмæджы хъуг – нæ рæгъаугæсмæ,
    Æхсæв баст вæййы йæ нывæрзæнмæ
    Æфсæн къæлæтæй мырмырæгтимæ,
    Æмæ йæм цомут дыккаг фынафон.
    Уый тарф фынæйæ куынæ баййафæм,
    Уæд нын æй давын уый нæ рауадздзæн.
    Сырдон ныхæстæм аивæй хъуыста
    Æмæ ныхасæй уæд йæхи айста.
    Рараст, рацæуы денджызы былмæ,
    Рæгъаугæсæн дын уæд йе 'хсæвуатмæ.
    Уым къардиу рæбын, бæхдон лæгæтмæ
    Уый бацыд æмæ хъуджы къæлæтæн
    Цъыф байдзаг кодта йæ мырмырæгты,
    Куыд нæ хъæр кæной уыдон æхсæвы.
    Йæхæдæг къуымы лæгæты цъасы
    Сау къæйты аууон аив æрбады.
    Рæгъаугæс рæгъау изæры æртардта,
    Лæгæты та сæ уый куы бакодта,
    Уæд та дын сау хъуг йæ цуры 'рбаста
    Æфсæн къæлæтæй мырмырагджынæй
    Æмæ йæхæдæг ныр уым фæлладæй
    Хъæбæр лыстæныл йæхи æруагъта.
    Фæллад рæгъаугæс куыддæр æрфынæй,
    Афтæ Сырдон дæр рабырыд цъассæй,
    Лæгæты цъассæй къæйты аууонæй.
    Хъуджы райхæлдта æмæ йæ бæсты
    Уым хъусджын хæргæвс фидар æрбаста,
    Йæхæдæг хъугыл, сау хъуджы къæхтыл
    Фæлмæн фæсалджын æрчъитæ скодта
    Æмæ йæ мæнæ уæд фæсфæндæгты
    Уæлæ сæхимæ Сырдон фæкæны.
    Æрми æхсæв æй уæд æрбаргæвста
    Æмæ йын йе 'мбис уæларт бафтыдта.
    
    Уæд дын фæсивæд дыккаг фынафон
    Бахъуызыдысты бæхдон лæгæтмæ,
    Бæхдон лæгæтмæ сау хъуг давынмæ,
    Æмæ дын тагъд-тагъд халынц æстуры,
    Уæд сау æстуры, уæд даргъхъусджыны,
    Æфсæн къæлæтджын мырмырагджыны.
    Куы йæ райхæлдтой, уæд бацин кодтой:
    – Йæ бæстытæ нын дзæбæх тагъд хæлынц,
    Йæ мырмырæгтæ мыр-мыр нæ кæнынц.
    Раскъæрдтой дын æй уыдон цингæнгæ,
    Фæснарты хъæумæ уæд æргæвдынмæ.
    Æстонг лæппутæ уым хъæды рагъыл,
    Сæ давæггагмæ куы бакастысты,
    Уæд дын цъыфхостау иууылдæр фесты,
    Æмæ фырмæстæй мæгуыр хæргæфсы
    Хъилтæй фæнадтой, фæрсксаст фæкодтой,
    Афтæмæй хъæумæ æрфардæг æсты
    Æмæ сæ сайдыл мæстæй мардысты.
    Нарты ныхасы бадынц æнкъардæй
    Нарты лæппутæ уæд æххормагæй,
    Уалынмæ дын сæм фæфæдис кодта
    Уæд Созырыхъо, Нарты рæгъаугæс:
    – Ме стур фесæфтис тæккæ ацы 'хсæв,
    Тæккæ ацы 'хсæв Уырызмæджы хъуг,
    Æмæ уæ исчи кæд исты федта,
    Уæд мын æй зæгъут, ма йæ бамбæхсут!
    Уæд Сырдон худы æмæ сæм дзуры:
    – Уæ, йæ бонæй уа, уый чи раргæвда,
    Уæ нард æстур уын уæларт чи фыца,
    Бур физонджытæ уымæй чи кæна,
    Уый дын йæхицæй куыннæ бабуц уа,
    Йæ сой рихитæ куыд нæ сыздуха.
    Созырыхъойы зæрдæ фехсайдта
    Æмæ Сырдонмæ йæхи æрбайста.
    Йæ фарсмæ æрбадт æмæ аивæй
    Сырдонмæ смуды уæд йе смудæнтæй
    Æмæ йæ уайтагъд рабæлвырд кодта,
    Сырдон ын йæ хъуг уæд кæй раргæвста,
    Кусарты тæфæй, уæд йæ сой къухтæй,
    Йæ хины ныхас, йæ хъæлдзæг дзырдæй.
    Уæд фестад æмæ æнæдзургæйæ
    Фæцæуæг уæлæ йæ бæх-рæгъаумæ
    Уый сагъæсгæнгæ, уæд мæстæй мæлгæ,
    Нарты Сырдонмæ æртхъирæн кæнгæ.
    Йæ хæдзармæ йын бæргæ фæнд кодта,
    Фæлæ кæм царди, уый ничи зыдта.
    Созырыхъо дын хъæуæй куы рахызт,
    Уæд кæсы, æмæ Сырдоны гадза
    Фаджысыл зилы, æстджытæ 'хсыны.
    Уæд Созырыхъо архъан айхæлдта
    Æмæ дзы куыдзы уайтагъд ацахста.
    Йæ къахыл дын ын бæндæн бабаста
    Æмæ йын йæхи ехсæй фæнадта.
    Куыдз хъыллистгæнгæ лидзын байдыдта,
    Бæндæн йæ фæдыл фæдгæнгæ ласта.
    Созырыхъо дæр йæ фæд-фæд уади
    Æмæ Сырдоны хæдзармæ ссыди.
    Созырыхъойы гадза куы ауыдта,
    Уæд æм хъæхъхъагæй уый ралæбурдта
    Æмæ йæ мидæмæ цæуын нæ уагъта.
    Созырыхъо уæд йæ фат æсласта,
    Уый гадза куыдзы мæстджынæй бахста
    Æмæ йын йæ къах æрбамур кодта.
    Куыдз хъыллистгæнгæ рацыд æддæмæ,
    Уæд йæ къуылых къах йæ фæдыл ласта.
    Созырыхъо уæд бахызт мидæмæ,
    Бакаст æмæ дын уæртæ хæдзары
    Æстыр дыхъусыг фыхтис уæларты.
    Уым йæ алыфарс Сырдоны фырттæ
    Бадынц дзыгуыртæй къонайы фарсмæ,
    Уым арт æндзарынц худгæ 'мæ заргæ.
    Созырыхъо дын уæд дуар ахгæдта,
    Æстуры фыдтæ уæлартæй райста
    Æмæ йæхæдæг Сырдоны фыртты,
    Мæгуыр Сырдонæн йе 'ртæ хъæбулы
    Йæ фæринк кардæй уым æрбамардта
    Æмæ сæ уæнггай къуымы бакалдта.
    Йæхæдæг фыдтæ хъугдзармы 'ртыхта
    Æмæ сæ йемæ рафардæг кодта.
    Сырдон æрцæйцыд уæд йæ хæдзармæ
    Йæ давæггагыл уæд цинæй мæлгæ,
    Сау хъуджы фыдæй минас кæнынмæ.
    Сырдоны гадза уыцы рæстæджы
    Уæд куы нынниудта уынгæг хъæлæсæй
    Уым йæ хицаумæ фæдисы рæйдæй.
    Йæ гадзайы рæйд Сырдон фехъуыста
    Æмæ хæдзармæ тагъд ратындзыдта.
    Сырдон æрцыдис æмæ йæ фыртты
    Куынæ 'рыййæфта уым сæ хæдзары,
    Уæд дын куы загъта йæхинымæры:
    – Уæ, бынсæфт фæуат, мауал æрцæуат,
    Хæдзар дзæгъæлæй кæд цы ныууагътат! –
    Йæхæдæг бацыд артдзæст цæджындзмæ,
    Райста дын фыдис фыдтæ исынмæ,
    Буцæй нывнæлдта уый дыхъусыгмæ,
    Фæлæ фыдисыл уый ницы систа, –
    Фыдтæ дзы нал уыд басы йеддæмæ.
    Сырдон йæ фыртты уæд тынг нылгъыста:
    – Уæ, хæрам уын фæуой, цæй бæрц бахордтат,
    Кæд 'гас хъуджы мард куыд тагъд апырдтат!
    Иу уæнг дæр мын дзы куынæ фæуагътат!
    Фæлæ дын Сырдон къуыммæ куы фæкаст,
    Уæд фендзыг æмæ сагъдæй куы баззад.
    Фыдис æрхаудта Сырдоны къухтæй,
    Æмæ ныккуыдта ставд цæстысыгтæй...
    Йæ хъæбулты дын къуымæй рахаста,
    Хицæн уæнгтæй сæ æрбамбырд кодта.
    Уый сын арф ингæн дæлтьур æскъахта
    Æмæ сæ иумæ уый уым бавæрдта,
    Йæ фырты базыг уæлæ ныууагъта,
    Фæндырыхъæд дзы уый куы сарæзта,
    Йæ мады хилтæ уый къусгæй райста,
    Фырты базыгыл дыууадæс тæны
    Уæд мады хилтæй Сырдон райтыгъта
    Æмæ фæстаг хатт йæ фыртты мардыл
    Уым йæ фыррыстæй фæндыр æсцагъта.
    Тыхджын ныккуыдта, ныхъхъарæг кодта,
    Бæстæ йæхимæ æрыхъусын кодта,
    Йæ фырттæн уæд хист цæмæй æскæна,
    Уымæн дын Сырдон куы ницы зыдта
    Æмæ йæ фырттыл, йе 'ртæ 'нномыл,
    Уый йæ хъарæджы нæмттæ сæвæрдта:
    Хистæр лæппуйы «Дæлтъур» æсхуыдта:
    – Исчи йæ кæрдзын дæлтъурыл цæвдзæн
    Æмæ дын уымæй дæуæн хай уыдзæн! –
    Йæ дыккаг фырты уый «Фу» æсхуыдта:
    – Исчи кæрдзыныл куы бафу кæна,
    Уæд дзы дæуæн дæр гъеуымæй хай уа! –
    Кæстæры схуыдта уæд уый «Æртдзыскæн»:
    – Исчи æртдзыскæнæй кæрдзын куы 'ркъуыра,
    Уæд-иу дæуæн дæр гъеуымæй хай уа! –
    Йæхæдæг рараст Нарты ныхасмæ,
    Ныццыд ныхасмæ йæ фæндыримæ.
    Уым дын ныхасы Сырдон куы 'рцагъта,
    Йæ фæндыримæ куы бахъырныдта:
    – Сау маст, сау фыд уæ чи нæ бавзæрста,
    Уый мæ хъарæгмæ ныр æрбайхъусæд,
    Мæ рыстдзинад мын ныр уый бамбарæд! –
    Сырдон ныккуыдта, ныхъхъарæг кодта,
    Бæстæ йæхимæ æрхъусын кодта.
    Цъæх арв йæ куыдмæ цæстысыг калдта,
    Сырдоны мастыл ныууынæргъыдта.
    Уæд хъæды сырдтæ сæ цуан фæуагътой,
    Æнкъардæй зæхмæ уыдон ныхъхъуыстой.
    Мæргътæ дзыгуыртæй йæ цурмæ 'ртæхынц,
    Æмæ уыдон дæр уæд маст куы кæнынц.
    Ныхасы адæм сæ сæртæ 'руагътой,
    Сæ сæртæ 'руагътой æмæ ныккуыдтой
    Усæй, лæппуйæ, стырæй, чысылæй.
    Куы ныккæрзыдтой уым сæ фыртыхстæй,
    Æмæ дын загътой уæд Нарты адæм
    Сæ фæндырдзæгъдæг къæсхуыр Сырдонæн:
    – Дæлдзин дæ кодтам æдзух мах не 'хсæн,
    Ды нæ тугæй дæ, æрцу нæхимæ,
    Æрцу нæхимæ дæ фæндыримæ.
    Диссаджы фæндыр æрымысыдтæ,
    Дуне йæ зæлтæм æрхъусын кодтай,
    Æнæхъæн Нарты æскæуын кодтай.
    Цæр немæ, Сырдон, нырæй фæстæмæ,
    Нæ рыстæй рыст дæ, нæ тыхстæй тыхст дæ,
    Ды дæр æнæ мах кæм фæцæрдзынæ! –
    Сырдоны ном дæр уæдæй фæстæмæ
    Нарты фæдонтæм, ирон адæммæ –
    Нарты æмкадæн уæлæуыл баззад,
    Уæлдай кадджын та – йæ фæндыры цагъд.

Нартæ. Ирон адæмон эпос. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ра¬уагъдад, 1942, ф. 317–324.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru