6. МАГГОТЫ МÆСЫГ |
Автор: 00mN1ck / 16 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ |
Магготы мæсыгæн Йæ сæр — цæнгæт, Йæ къултæ — фидар, Æндонæй арæзт. Йæ хицау уымæн — Магготы Беро. Йæ хуылфы бады. Уый авд хæстоны, Хæстæввонг бадынц Тыхджын фæсивæд. Мæсыг дæр фидар Хъæбæр-цæнгæтæй. Уæд Беро дзуры Хæстон тырынтæм: «Уæ, саг фæсивæд, Уæ, цырд фæлæуут! Уый, Лечъы 'фсæдтæ Фыд сыг, фыд мигъау, Нымбæрстой хæхтæ. Мачабели сæ Куы скæны махмæ. Хуыздæр-иу хъавут! Мæсыг куы сисой, Уæд мах æгасæй Бындзагъд кæндзысты!» Гæрæхтæ кодтой Уæд Лечъы 'фсæдтæ. Нæмгуытæ 'схъиудтой Æндон мæсыгæй. Сæ тох — æвирхъау, Æвзонг тырынтæ Тых кодтой ноджы Æлдары 'фсадыл. Ыстæй æрбацыд Дасетæй иу лæг, Куы дзуры 'хсарæй Мæсыджы 'фсадæн: «Мæнæн мæ сиахс Лекъимæ куы ис, Æхсины лæг уын Бæлвырд ныллæудзæн. Мæныл æууæндут!» Баууæндыдысты Дасейы фыртыл. Нæ бахъахъæдтой Мæсыг Магготæ; Уæд Лечъы 'фсæдтæ Æхсæв ысбырстой, Мæсыгыл пиллон — Уый арт куы 'суагътой. Æвзонг тырынтæ Уым цагъды фесты. Иу ма дзы ралыгъд — Магготы Куыти. Уый ма йæ разæй Æртæ хæстоны Дзыхъмард фæкодта. Куыти дæр афтæ Уæд уым фæцæфи... Цæфæй ма ралыгъд, Ызгъоргæ донмæ, Уым дон куы нуæзта; Йæ цæфыл уайтагъд Йæ къух æрхаста: «Джауыр æлдæрттæ, Уæ цъаммар митæ... Мæ сæр куы фæцæф». Ыстæй фæцыдис Æрдхорд æмгармæ, Уый йæ нывæрдта Быркуыйы мидæг. Куы бадзæбæхтæ — Нымыгъд æрцыдис, Æлдары къухæй Уый мард æрцыдис. Магготы 'фсæдтæ Уый карз фыд хæсты Æлдары къухæй Бындзагъд куы фесты.
Радзырдта йæ Мæргъиты Иликъо, 15 июль, 1938 аз, Дзауы ком, Тли. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |