Гъæуайгæнæг æрбахъæрттæй ма нигъгъæр кодта: – Хъримти паддзах æрбацæуй йе 'фсади хæтдзæ, Фæндуй æй Дигоргоммæ æрбахъæртун 'Ма æгас адæн ниццæгъдун кæнун. – Исистадæнцæ æгас лæгтæ дæр Сæ зæнхæбæл тохунмæ, Рандæй Туйгъанти Елбирдухъ Гъæутæбæл лæгтæ æмбурд кæнунмæ. – Ей, дигорæнттæ, мах тухгин ан, Хъримтæ берæ æнцæ, мах дæр минкъий нæ ан, Рацæуæн сæ размæ, цалинмæ нæма æрбацудæнцæ æфцæгмæ, Ахæссетæ урдуг хуæнхтæбæл Тагъддæр мæсуги бунæттæ, Есетæ топпи хуасæ уæ хæтдзæ – Ой, Дæргони рази алчидæр Мегъæй хъæбæр ниссау æй Ой, хонхæй фегъустæй гъæр, 'Ма уорс мегъæ æрхаудтæй. Нæ, е сау мегъæ нæ адтæй, Етæ адтæнцæ хъримти æфсæдтæ. Ой, Дигорæ ниппурхæ кодтонцæ хъримти, Басастонцæ син сæ тухæ!
Радзырдта йæ Хайманты Алихан, 75-аздзыд, 1977 аз. Стыр Дыгур, Ирæфы район. Ныффыстой йæ Абайты Р. æмæ Хайманты С. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1977 аз, № 47.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |