поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Устур Дигори зар
Автор: 00mN1ck / 25 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон æмæ тохы зарджытæ
Рамбурд æнцæ устур Дигорæ уæртæ и Мадзасгæмæ,
Уоми ба унафтæ кæнунцæ.
Хъайи фурт Гегки сæ хестæр адтæй.
Æ унаффæбæл нæ рæвдзæ кодтонцæ æма син загъта:
– Мах муггаг кæрæдзей хуарздзинадæ нæ уарзæн,
Фал нæмæ æртæ муггаги ес æрцæугæ муггагæй,
Уонæн ба сæ нон хуннуй Цæргæсатæ.
Æма син загъта: – Æдта Хъарабугъатæмæ бадзорæн,
Æма Хъарабугъатæ ба цума цагъди уæлдай æнцæ
Æма тæнзæрдæ 'нцæ, тогмæсæр æнцæ,
Æма нин æмбалеуæг нæ бакæндзæнæнцæ.
Таймазтæмæ бадзорианæ, æма хæтун уарзунцæ,
Ахур нæ 'нцæ, лæхлæбæз æнцæ, æма йетæ
Æмбалæн нæ бæззунцæ, цъуххæссæг æнцæ.
Фал Хъантемуртæмæ бадзорæн,
Саулох бæхи муггаг æнцæ
Æма æнгъуд нæ фæссайдзæнæнцæ. –
Туалиай-фурт Мазухъамæ бадзурдтонцæ.
Мазухъа æ уоси хæтдзæ æртæ 'хсæви фæцæй,
Уой фæсте Кæсæгмæ рандæ 'й
Æма афæй ба уоми фæцæй,
Æма еци изæр æрбахъæрттæ,
Æма 'й æ уоси хæтдзæ хуссун фæнд адтæй,
Æма син уотæ исрæуонæ кодта:
– Топпихуасæй дæр æнхæст нæ дæн,
Къахидарæсæй дæр иннæ уæхæн.
Фал имæ уæдта æрбарвста Хъайи-фурт Гегки:
Арти сидзæ æма уоси сидзæ ласагæ 'й,
Æмæ уой туххæн нæ цæуис,
Æндæра махмæ топпи хуасæ дæр ес,
Къахидарæс дæр нæмæ уодзæнæй. –
Æма син уæдта рацудæй æнæбари.
Бацудæнцæ Геземæ* Хирхи комбæл,**
Еу лæгæти бацудæнцæ, æма Гезейæй
Дууæ лæги цауæни адтæй.
С 'арти рохс син фæууидтонцæ и дууæ лæги
Æма æрбацудæнцæ: «Ци 'нцæ, дессаг, аци адæм?»
Æма зиангæнгути бафæсмардтонцæ.
Уонæй сæ еу хундтæй Гунай фурт Ахалбеда,
Æма загъта йе 'мбалæн: – Йа, ци кæнæн?
Саг дин рамарон æви дин
Саги хузæн хуй рамарон?
– Хуй беурæ ес, фал мин саг ба рамарæ,
Æ кадæ фулдæр æй. –
Туалиай фурт Мазухъай фехста.
Йе мард фæцæй, æма Туалиай-фурт
Уотæ фездæх кодта: – Ци дæ гъудæй,
Кудзи кæсгон, кумæ цудтæ? –
Сæ мард ниууагътонцæ,
Сæхуæдтæ ба ралигъдæнцæ
Æма 'й еци гезейæгтæ фæххастонцæ
Æма 'й исивардтонцæ Масхуари дзиуари.
Гегки йеу къуар лæгей хæтдзæ бацудæй гъæумæ
Æма курдта сæ мард, неци уи исзиан кодтан, зæгъгæ.
Æма 'й нæ лæвардтонцæ и марди.
Худтонцæ 'й кæсгони мард.
– Устур дигорон мард ке нæй,
Уобæл нин соми ракæнтæ,
Мах ба уин уæ мард раттæн.
Далæхсарæ бацудæй син дзиуарæмæ:
– Хъантемури-фурт æй,
Кæсæгæй ба нур æрбацудæй,
(Уотæ син расоми кæнуй).
Еунæг лæг си зудта дигоронау
Æма фæгъий кодта.
Уотæ ба Хъайи фурт Гегки фæгъгъæр кодта:
– Маци исдзорæ, тог дæуæй райсдзæнæн!
Æма нæбал бандиудта исдзорун.
И мард ин равардтонцæ
Æма 'й рахастонцæ нæхердæмæ,
Æма 'й æрдæгвæндагбæл Гъобий банимахстонцæ.
– Атæ мæ бахезетæ! – зæгъгæ,
Фæдздзурдта адæммæ,
Æма æ дууæ думæггаги æ суйни расагъта
Æма рацудæй Дигори комбæл;
Рахудта сæдæ лæгей бæрцæ:
Æз уин тъасхæ* иссердзæнæн, зæгъгæ,
Æма сæ бахъæртун кодта марди цормæ,
Нигкидæр сæ Геземæ рахудта нæуæгæй
Дигорон мард ке адтæй,
Уой ку базудта и гурдзиаг,
Уæд мæсуги бацудæй.
Æфсад къулдунбæл ниууагъта Гегки,
Æхуæдæг ба мæсуги рази гæни бацудæй
– Дигорæ мæмæ æрбацудæнцæ, – зæгъгæ,
И гурдзиаг къæразгæй ракастæй,
Æма 'й исгæрах кодта, æма рахаудтæй.
Æфсадæн фæдзæхст адтæй:
– Мæнæн мæ топпи гъæр ку фæццæуа,
Уæд гъæубæл æркалетæ, мах ба,
Нæ бон кæмæн æй, уони фæххæссæн!
Æрсæмæ калдтонцæ, æма,
Ледзун ка рафæразта,
Иннети ба фæххастонцæ Мадзасгæмæ.
Уоми фæндæ кодтонцæ:
– Ка бандеудзæнæй Туалийæн,
Дæ йеунæг фурт мард фæцæй, зæгъгæ, зæгъун.
Неке бандиудта.
Уæд дууæ лæги кизгæ 'ма лæхъуæн худтонцæ,
Æхуæдæг ба и марæгæн æ дууæ гъоси
Æма æ рахес цонг æривгарста
Æма разæй цудæй уони хæтдзæ;
И 'вгарст цонгæй имæ æ сæр хуайгæ цудæй
– Дæ йеунæг лæхъуæн нин мард фæцæй! –
Дууæ лæги ба æ фæсте цудæнцæ.
– Уомæй æндæмæ дзæбæх айтæ?
– Е ку 'надтайдæ, уæд дзæбæх ан.
– Уæд аци цонг æма аци дууæ уоди ци 'нцæ?
– Æ марæги цонг, атæ ба, дæуæн
Хуæздæрæн ке рартастан, йетæ!
– Мæн лæхъуæнæн дæр æ цонг æрæвгарстæ 'й?
– Не 'рæвгарстонцæ, – зæгъгæ, загъта Гегки.
– Æдта тæрегъæд цæмæн бакодтайтæ?
Уорс гали хъури уорс дари ниббаста
Æма 'й ракодта адæммæ æма загъта:
– Арфæ уин кæнун, уæ уæлдай** ке нæ
Ниууагътайтæ, уой туххæй.
Нур ба «рохсаг» зæгъетæ дууæ мардей туххæн дæр.
Корун уи, аци адæм фæстæмæ раттетæ!
Æ хатир ин фæууидтонцæ, æма сæ
Рауагътонцæ фæстæмæ Геземæ,
Гезе ба син ниббастонцæ фæдгæ Хъантемуртæн,
Хускъ гъог æвгарстонцæ.

Радзырдта йæ Гетойты Дзанхот, 1898 аз, Хæрес. Ныффыста йæ Собиты Инал.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, папкæ 67, № 11.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru