Дигорæ авд сабати авд æмбурди кодтонцæ Мæцутæмæ; Се 'мбурд адтæй унафти туххæй: Бафони æфцæгбæл æфцæггæс ниввæрæн, нæхе гъæуай кæнуни туххæй. Тæрсæн кæсæги Биаслантæй. Фурæскъæттаг Дигор Хъабан нигъгъæр кодта «Сумахæн æфцæггæс ка бацæуа, Уæхæн лæг мæммæ æрцудæй иуазæг, Мазайраг, æ ном Бадели». Уобæл задæлескон Текъойти Лало загъта: «Цæугутæ уодзæнæй, Фал нин цæбæл ниллæудзæнæй, уой нин зæгъæ». «Ракордзæнæй, – зæгъгæ, – хæдзарæй далис Дигорæй». Текъойти Лало ин загъта: «Мах хæдзарæн далис нæ бафеддзинан, Фал ин бафеддзинан хæдзарæн-гудун афæдзи-афæймæ». Уобæл исарази æй Бадели Дигорæн. Дигорæмæ еунæг рауæнбæл адтæй æрбацæуæн, Бафои æфцæгбæл. Йеци рауæн Бадели бакуста Дигорæн æфцæггæсæй хæдзарæн-гудунбæл афæдзи-афæймæ. Афæй ку фæцæй, уæд Дигорæбæл истонг анз искодта, Æма Бадели æ хæдзарæн-гудун хæдзарæн-далисæй раййивта. Йеци бонæй фæстæмæ Бадели Дигори астæу цæргæ байзадæй, Уæд Баделиæн æртæ лæхъуæни райгурдæй: Хъубади 'ма Туйгъан æма Абисал. Дигорæмæ Уæрæсеæй киунугæ иссудæй: «Йеу æртæ битдзеуи нæмæ раттетæ, Не 'взагæй куд исахуронцæ, уотæ». Уомæй æнахургонд адæм тарстæнцæ, Алкедæр æ битдзеуи фесæфун æнгъалдта. Уæд Бадели загъта: «Æз ратдзæнæн Дигори сæрбæл ме 'ртæ битдзеуи». Ма Бадели ракурдта Дигорæй, Æ битдзеути Дигори сæрбæл ке «фесафта», уой туххæй фæткæ: Басилти – хай, Коууадзæни дæр – хай, Хист кæнгæй дæр, кизгæ æрветгæй дæр хай. Уæд Баделиæн æ фурттæ Уæрæсей иссудæнцæ ахургондтæй Дигори æнахургонд адæми астæумæ 'Ма син тухæ кæнун байдæдтонцæ.
Радзырдта йæ Дзæукъаты Дæрæхмæты фырт Цицеу, февраль, 1927 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 82, ф. 333–334.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |