поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Албегаты чысыл Тотырадз
Автор: 00mN1ck / 26 августа 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
Авд Нартæ та цæмбырд вæййынц, зæгъы,
Фæнды сæртæ-уынаффæтæ куы кæнынц:

«Абон майрæмбон, иннæ майрæмбоны
Æмхиц хæрæн бæрæг обаумæ чи не 'рцæуа,

Хæдзарæн барæгæй чи не 'рцæуа, хæдзарæн барæгæй,
Уый ивар уыдзæни лæппу-хъалонæй, чызг-уацайрагæй».

Уæд Албегатæй рацæуæг нал уыдис.
Бабын сты: саударæг чындз ма сæм баззади сывæрджынæй.

Æмæ авд Нарты уынаффæ куы кодтой,
Уыцы бон ын райгуырди лæппу.

Майрæмбон куы 'рхæццæ, уæд авд Нарты иууылдæр
Хæдзарæн барæгæй араст сты Æмхиц хæрæн бæрæг обаумæ.

Уым куы 'рæмбырд сты, уæд Сырдон дæр
Дæлгоммæ ныххуыссыд обауы фарсыл.

Уæд дзырдтой: «Уæлæмæ сыст, Сырдон,
Фæсте ничиуал ис, æмæ хъазын райдайæм».

Гъемæ уæд уый загъта: «Ма кæнут,
Уæ барджыты хуыздæр, – зæгъы, – фæстейы и».

Уæд та фæстæмæ нымайын байдыдтой авд Нарты
Хъæуы бынæй хъæуы сæрмæ, – ам чи нæ ис, зæгъгæ.

Гъемæ та йын уæд загътой: «Ничиуал ис, Сырдон,
Уæлæмæ сыст, къæйтæ ныккæнæм æмæ хъазын райдайæм».

Уалынмæ кастысты лæппутæ обауы фарсæй,
Кæсæнцæстытæй кастысты хъæумæ.

Æмæ уæд лæппуты дзурын цыдис, сау мигъы къуымбил
Фæзындис хæстхуызæй, зæгъгæ.

* * *


Адæм ку ' ацыдысты Æмхиц хæрæн обаумæ,
Уæд мад сывæллоны рахаста тыргъмæ хурварсмæ æмæ йæ авдæны бабаста.

Гъемæ лæппуйæн дзидзи лæвæрдта хъарджытæ кæнгæйæ:
«Изæры авд Нарты куы 'рбацæуой, уæд дæ лæппу-хъалонæй дæтдзынæн,

Мæхи та мын уæд чызг-уацайрагæн кæндзысты», –
Æмæ афтæмæй куыдта лæппуйыл, цæстысыг ыл згъæлдта бынмæ.

Уæд лæппу йæ дзидзи дæйын ныууагъта
Æмæ мадмæ дзырдта: «Суадз мæ, мæ мад, суадз мæ».

Дзырдта йæм уæд мад: «Гъæй, фыдмыггаджы гуырд,
Дæ дзыхæй та куы сдзырдтай, хуысс уал – нырма нæ зоныс фыдæбон, хъиамæт».

Лæппу йын бирæ фæдзырдта. Куы нæ йæ уæгъд кодта,
Уæд авдæныл ахæцыд фæйнæрдæм æмæ йæ атыдта.

Уæд авдæнæн йæ иу ных фæхаудта Сау хохмæ,
Æмæ Сау хох сау чыстæ гъеуымæй ныцци.

Йе 'ннæ ных та фæхаудта Сау хъæдмæ,
Æмæ Сау хъæд сау мæсчъытæ гъеуымæй ныцци.

Йе 'ннæ фарс та фæхаудта денджызмæ, –
Денджыз сау къадæхтæ гъеуымæй ныцци,

Йе 'ннæ фарс та фæхаудта быдырмæ, –
Быдыр арыхъхъытæ гъеуымæй ныцци.

Гъеуæд лæппу агæпп ласта зæхмæ,
Гъемæ уæд дзырдта мадмæ: «Æппын мæ фыдæн ницы баззади гæрзтæ?»

Æмæ йын уæд ус загъта: «Цæуыннæ, уæртæ
Чырыны хæстмондагæй цъæх арт уадзынц...»

Гъемæ уæд бакодта лæппуйы чырыны цурмæ,
Гъемæ уæд æппæты разæй райста мидæггаг хæдон æмæ мидæггаг хæлаф.

Стæй уæд райдыдта чырынæй исын,
Буарыл куыд конд вæййынц, афтæ: куырæтæй, цухъхъайæ.

Гъемæ уæд йæ уæлæ æрбабаста кардæй, топпæй,
Йæ уæлæ сæ уæд æрбабаста, зæгъы.

Гъемæ уæд йæ уæлæ цъæх арт уагътой лæппуйæн.
Гъемæ уæд лæппу дзырдта уыцы дзауматæн:

«Ма тæрсут, ма тæрсут, æз дæр мæ фыды фырт дæн».
Гъемæ та лæппу мадмæ дзырдта:

«Æппын мæ фыдæн иу бæхы байраг нæ баззад?»
Уæд ын мад загъта: «Цæуыннæ, цæуыннæ, дæ фæхъхъау фон,

Албегаты номхæссæн цъæх бæх,
Дыууадæс цæдæй цы 'фсæн дуар æрластой, уымæй æхгæд у».
Уæд лæппу загъта: «Цом-ма!» Мад æй акодта
Æмæ йын бацамыдта дуар.

Мад ын загъта: «Чи дын бакæндзæни дуар?»
Лæппу дæр байгом кодта дуар.

Гъемæ йын мад дæр рахаста саргъ æмæ ехс
Æмæ сæ дуармæ куы æрæвæрдта, зæгъы.

Гъемæ уæд лæппу бацыд бæхмæ.
Гъемæ йæм бæх фæгæмæл кодта йæхи.

Гъемæ йын лæппу дæр йæ дыууæ хъусмæ февнæлдта,
Бæх та уыди уæд фаджысы бын, зындысты 'ма уырдыгæй æрмæст йæ хъустæ.

Æмæ йæ фелвæста фаджысæй,
Æмæ уæд раласта бæхы лæппу,

Идон ыл сæвæрдта. Сау денджыз æмæ
Хъара денджыз иу кæм кæнынц, уыцы æхсæрдзæнмæ баласта бæхы.
Æмæ йæ уым сапоныхсад, айкæвдылд ныккодта, сæргъæнгом æй ныккодта.

Гъемæ йыл уæд лæппу куы сбадти,
Гъемæ йæ уæд бæх æртæ 'лвæсты уæларвмæ фæкодта, æртæ 'лвæсты дæларвмæ,

Æмæ лæппуйæн йæ фæдджийы алгъ дæр не змæлыд.
Гъемæ йæм уæд бæх дзырдта хатиагау: «Барæгæн мын бæздзынæ!»

Стæй йæм уæд лæппу дæр афтæ сдзырдта:
«Мæнæн дæр ссарын агъоммæ цъыфты тæрынæн бæздзынæ!»

Æмæ йæм уæд лæппу дзырдта мадмæ:
«Куыд фидауын, куыд, мæ бæхыл, мæ мад?»

Дзуры йæм йæ мад: «Хъуджы лæх къулыл
Куы ныццæвай, уыйау фидауыс, лæппу!»

Уæд æм лæппу дзырдта йæ мадмæ:
«Мæ фыд-иу балцы куы цыд, уæд-иу кæуылты цыди?»

Уæд ын ус загъта: «Дæ фыды хуызæн лæг та ды
Кæцæй суай?! Уый-иу балцы куы цыди,

Уæд-иу йæ бæх сæйрагыл* агæпп кæнын кодта.
«Уæдæ-ма кæс, кæс!» – æмæ йæ бæхæн уæд
Ахæм цæлхъытæ нылласта, æмæ йæ дæлвæзтæй
Æнæхъæн уæфсытæ схаудта.

Æмæ уæд зæрватыччы тахт аласта сæйраджы сæрты.
Гъемæ йæм уæд йæ мад дзырдта:

«Хъусыс, йæ цæстыты цырæгътæ кæмæн судза,
Уыйимæ-иу къай ма ныккæ».

Æмæ та йын ноджыдæр загъта мад:
«Ехсы хъæдæй йæ дæндæгтæ чи схъауа, уыйимæ-иу къай ма ныккæ».

Стæй уæд араст и лæппу æмæ фæцæуы,
Ныр авд Нарты кæсынц кæсæнцæстытæй.

Гъемæ уæд дзырдтой, Арыхъхъы рæбын
Сау мигъы къуымбил фæзынди, зæгъгæ,

Сау мигъы къуымбилы сæрты сау халæттæ тæхынц, зæгъгæ.
Дис кодтой: «Уый цы диссаг уа, цавæр уа?»

Гъемæ уæд Сырдон уæды онг хуыссыди дæлгоммæ,
Не сыстади. Æмæ уый куы айхъуыста,

Уый куы айхъуыста, сау мигъы къуымбилы сæрты
Сау халæттæ тæхынц, зæгъгæ, уæд

Сындæггай рабадтис Сырдон, зæгъы,
Æмæ дзырдта, мæ кæсæнцæстытæ-ма мын радавут, зæгъгæ.

Гъемæ уæд Сырдонмæ йæ кæсæнцæстытæ æрбадавтой.
Æмæ Сырдон кæсын байдыдта æмæ загъта:

«Сау мигъы къуымбил кæй хонут, уый сау къуымбил нæу.
Сау халæттæ кæй хонут, уыдон сау халæттæ не сты.

Фæлæ æрбацæуы Албегаты цъæх бæх,
Æмæ уый комытæф, йæ фындзыхуынчъыты тæф у уый.

Сау халæттæ кæй хонут, уыдон сау халæттæ не сты,
Фæлæ йæ цыппарæй кæй исы, уыдон йæ сæрты 'ппары».

Гъемæ уæд дис кодтой Нарты фæсивæд:
«Диссаг, барæг ыл куыннæ зыны, барæг, бæх йæхæдæг æрбацæуы, фæлæ».

Гъемæ уæд Сырдон загъта: «Барæг ыл ахæм ис, ахæм,
Æмæ йæ ныртæккæ фендзыстут».

Уалынмæ хæстæг кæнын байдыдта. Æмæ уæд авд Нарты фæсивæд
Æмхиц хæрæн бæрæг обауыл иу иннæйы аууонмæ лыгъди.
Стæй йæм Сырдон обаувахсмæ хæстæгдæр æруади,
Чердыгæй æрбацыди, уыцы фарсыл.

Æмæ уæдмæ æрбахæццæ барæг,
Æмæ сæм уæд дзырдта лæппу:

– Уæ, фарн уæ хъазты, куыйты Нарт!
Уæд æм Сырдон хæстæгдæр æруади æмæ загъта:

– Уæ, æгас нæм цæуай, æгас, Албегаты чысыл Тотырадз, –
Зæгъгæ, йыл ном авæрдта Сырдон.

Стæй уæд лæппу бæхы авд Нарты астæу фездæхта,
Куы сæм бахæццæ ис, уæд.

Гъемæ уæд бæх кæуыл баныдзæвыди, уыдонæй
Кæмæн йæ бæрзæй фæмур кæны, лæгтæй дæр кæмæн йæ агъд йæ рæбыныл алвыны,

Кæмæн йæ цонг йæ рæбыныл атоны,
Гъемæ сæ афтæ цагъта бæх, нæ ауæрста адæмыл!

Уæд лæппу сæ астæуты рацу-бацу байдыдта,
Цæмæйдæриддæр йæхицæн хъазæг æмбал агуырдта.

Гъемæ уæд иууылдæр къæйттæ скодтой, æрмæст ма
Æнæкъай уыдис Созырыхъо.

Уæд лæппу загъта: (йæ мад æй уыцы Созырыхъойæ фæдзæхста, йæ цæстыты цырæгътæ сыгъди).
– Цæй, Созырыхъо, æз æмæ ды та – къæйттæ.
Уæд ыл Созырыхъо дæр схъæртæ кодта:

– Дæуæн нырма дæ хъуымыз дæ донгæмттæй куы кæлы,
Æз куыд кæнон уæд къай демæ?

Уæд æм лæппу фездæхти: «Ау, цæмæн афтæ загътай?»
Æмæ йын йæ бæх сцавта, бæхы бæрзæй фæмур и,
Созырыхъойы та арцы фындзыл фелвæста.

Гъемæ йæ уæд хæрдмæ æппæрста худы фаркау, –
Фехста, æмæ та-иу æй арцы фындзæй ацахста.

Æппындæр æй зæхмæ нал уагъта, зæгъы.
Ныр, зæгъы, уæдмæ авд Нарты сæ сæр æфснайыны куыст кодтой, лыгъдысты фæйнæрдæм.

Гъемæ дзы Созырыхъо уæд куырдта хатыр:
«Мæ уд мын ма сыскъуын, Албегаты чысыл Тотырадз, бахатыр мын кæн».

Уæд лæппу чи у, уый йын бахатыр кодта.
Дзырдта йæм Созырыхъомæ:
«Уæдæ дæ куыд фæнды, куыд?»

Гъемæ йын уый загъта:
«Абон майрæмбон, иннæ майрæмбоны-иу
Ды ардæм æрцу, уæдмæ мын бахатыр кæн...»

Гъемæ йын уæд иннæ майрæмбонмæ бахатыр кодта.
Рацыдис Созырыхъо, тугæрхаутæй, удмидæгæй ма тыххæй ссыди.

Уæд куы ссыди, уæд ын Сатана загъта:
«Æгайтма удмидæгæй ссыдтæ... Хос ын скæндзыстæм,

Бирæгъдзæрттæ ссар, бирæгъдзæрттæ.
Æмæ дын, – зæгъы, – æз бирæгъдзæрттæй кæрц скæндзынæн,

Æмæ уымæн йæ бæх у дæлимæтты хаст бæх,
Гъемæ, – зæгъы, – дын æз скæндзынæн алы хин, алы какула.

Æмæ, – зæгъы, – ацу 'мæ Æмхиц хæрæн бæрæг обауыл
Дæхицæн уæрм скъах, лæджы 'мбæрц уæрм.

Йæ сыджыт ын, – зæгъы, – фæхæсс æддæуæзмæ,
Йæ былтыл дзы куынницы 'рхауа нæууыл, афтæ.

Æмæ уæд уый рацæудзæн, уымæн – Албегатæн, – зæгъы, –
Куы нæ ис сæ дзырд фæсайæн, – зæгъы.

Æмæ æрцæудзæни, æмæ уæд уый бон-изæрмæ фæлæудзæни,
Ды-иу дæхи ма равдис хурныгуылæны онг.

«Арт де 'рдыгæй, дæ дзырд фæсайдтай, Созырыхъо», – зæгъдзæн,
Уæдмæ-иу дæхи ма равдис, – зæгъы.

Стæй уый йæ чъылдым куы радта,
Уæд, йæ бæх дæлимæтты хаст бæх,
Бирæгъдзæрттæй фæтæрсдзæни,

Гъемæ йын бæх уромын нæ комдзæни,
Уый бæхы куыст кæндзæни, бæхы, – зæгъы.

Уæд ды та-иу дæ гæрахы куыст кæндзынæ,
Кæннод дæ уый нæ ныууадздзæн, – зæгъы.

Æцæг афтæ бакодта Созырыхъо:
Уæрм йæхицæн скъахта,
Уым майрæмбон бамбæхсти, уæрмыл фæстæмæ нæудзарм æрфæлдахгæйæ.

Æрцыди майрæмбоны лæппу. Бæхыл разил-базил байдыдта
Æмхиц хæрæн бæрæг обауыл, æнхъæлмæ касти Созырыхъомæ.
Æмæ касти хъæумæ Албегаты чысыл Тотырадз,
Цы фæци, куыннæ зыны, зæгъгæ.

Куы нæ зынди, уæд хур ацæйныгуылди,
Æмæ уæд загъта Албегаты чысыл Тотырадз:

– Уæдæ арт де 'рдыгæй фод, Созырыхъо, – зæгъы,
Æз цæуын нæ хæдзармæ, – зæгъы.

Æмæ бæхы бырынкъ куыд разылдта хъæуырдæм,
Афтæ уый фæгæпп ласта, алы хин, алы какула,

Алы хин, алы какула йыл фæстейы сцагъта,
Бирæгъдзæртты кæрц ыл стылдта, зæгъы.


Гъемæ уæд бæх фæтарсти æмæ йæ хаста размæ,
Хаста лæппуйы размæ, – зæгъы.

Базыдта лæппу, Созырыхъо уым æмбæхст кæй уыди, уый.
Бæхы уромы уæд, æмæ йын йæ згъæллаггæмттæй æрбафаста йæ дзых.

Уымæй дæр нал.Уæд февнæлдта бæхы дыууæ хъусмæ
Æмæ сæ йæ саргъуатмæ æрбастыгъта.

Бæх йæ уайыны куыст кодта; нæ хæлдта йæ уад.
Созырыхъо та фæсте йæ гæрæхты куыст кодта æмæ йæ амардта.

Уæддæр лæппу не 'рхаудта, фæлæ йæ дыдагъæй
Саргъыл афтæмæй æрхаста хъæумæ бæх.

Ныхасы бадтысты адæм. Сырдон та хуыссыди уым дæлгоммæ.
Дзырдтой уым: – Албегаты бæх æрбацæуы, зæгъы,

Æрбацæуы Албегаты бæх, искæй та уæ мары.
Уалынмæ æрбахæццæ ис бæх ныхасмæ.

Гъемæ куы 'рхæццæ ис бæх, уæд адæм загътой:
– Фæтарстис лæппу æмæ фæлыгъдис, ныр æй
Фаджысы дзыхъхъы баныгæнын хъæуы!

Уæд сыстади Сырдон, сыстади æмæ загъта:
– Цæмæн афтæ дзурут, Нарт, цæмæн? Æркæсут,

Æркæсут бæхмæ; фенут кæцы ран
Цæфтæ у лæппу: фæсте 'ви разæй?
Цæмæн æй ныгæнут фаджысы дзыхъхъы?

– Ацæут æмæ, æз гæды, – загъта Сырдон, –
Кæд Æмхиц хæрæн рагъы Созырыхъойæн нæ уа дзыхъхъ къахт.
Гъемæ, – зæгъы, – уымæн бирæгъдзæртты кæрцæй
Алы хин, алы какула куы скодта.

Дæлимонты хаст бæхы уыдонæй куы фæтæрсын кодта, –
Уæд цæуылнæ 'ркæсут, Нарты адæм, амæ?

Арвыстой Нарт æртæ лæппуйы Æмхиц хæрæн бæрæг обаумæ,
Æмæ, æцæг, – зæгъы, – æцæг афтæ куы разынди.

Уæд æрбацыдысты 'мæ загътой Сырдонау:
– Нæу фаджысы дзыхъхъы ныгæнинаг.

Хъæуы йæ ныгæнын мæрдтимæ, – зæгъы,
Уый у хинæй мард, хинæй мард, – зæгъы.

Стæй уæд бахастой Албегаты чысыл Тотырадзы
Æмæ йæ баныгæдтой, йæ фыд кæм ныгæд уыди, уыцы зæппадзы.

Гъемæ уæд ус бæхмæ зилын байдыдта фæстæмæ,
Байгас ын кодта йæ хъустæ 'мæ донгæмттæ.

Лæппу-хъалон æмæ чызг-уацайраг та
Созырыхъойы фæндæй куы уыдис Албегаты чындз æмæ чысыл Тотырадз.

Чындз бæхы куы байгас кодта 'мæ куы сдзæбæх и,
Уæд йæ лæджы гæрзтæ 'мæ йæ лæджы дзауматæ сцæттæ кодта.

Скодта сæ йæ уæлæ, загъта:
«Лæппу дæр нал ис, мой дæр, тугисын бахъуыд мæхи».

Æмæ уæд сбадти бæхыл æмæ арасти.
Айста хъæуæй йæхи, айста, – зæгъы, – йæхи.

Хæтын байдыдта Албегаты чындз æмæ
Созырыхъойы фæстагмæ куы амардта.

Уæд дын иунæг чындз куы афтыди дард бæстæм хæтгæйæ,
Уымæй куы 'рынцад сидзæргæс усмæ.

Куы 'рынцадис сидзæргæс усмæ,
Æмæ йæ уыцы хъæу сæхицæн куы сæвæрдтой хицауæн.

Гъемæ, зæгъы, – дунейы дзыллæтæ уый кой куы кодтой,
Ахæм, дам, æппын куы нæ ис, зæгъгæ.

Хъæуæн дæр уынаффæтæ хорз куы кодта,
Адæммæ уый кой йеддæмæ æндæр кой куы нал уыд,

Уæд та фæстæмæ, зилгæйæ, хъæуæй-хъæумæ,
Æрæфтыд, – зæгъы, – фæстæмæ Нартмæ.
Уым æй уæд хъæуæн хицау куы 'рæвæрдтой:
Кусын уæд куы байдыдта уыцы ран.

Иу хатт æй иу куывдмæ куы бахуыдтой.
Сырдон дæр æй базыдта уым, – зæгъы.

Æмæ уæд Сырдон загъта авд Нартæн:
– Ныр та нын сылгоймагæй хицау ис...

Афтæ зæгъгæйæ смæсты сты авд Нарты.
Сырдон та сын уæд куы зæгъы:

«Сыл у æви нæл у, уый базонын уæ кæд фæнды,
Уæд-ма, зæгъы, мæнæ ацы къардиуæй рамизæд».

Загътой: «Хорз, уæдæ, бафæлварæм æй».
Загътой усæн йæхицæн дæр, Сырдон зæгъы: «Сыл дæ,

Сыл дæ, æмæ уæлæ уыцы къæдзæхæй
Доны хуыпп акæн, доны хуыпп», – зæгъы.

Уæд чындзæн загъта бæх: «Хæтæлæй-иу акæн доны хуыпп,
Æмæ сæ уæд амбулдзынæ ды дæхæдæг».

Æмæ æцæгдæр бакодта афтæ, – зæгъы,
Æмæ йын, æцæг, ахаудта дарддæр дæр.

Æрцыдысты Сырдонмæ, кодтой йын уайдзæф:
– Гæды загътай, Сырдон, фæсайдтай нæ.

Стæй уæд загъта Сырдон: «Хорз, уæдæ,
Ацæут-ма иумæ балцы иу-æхсæзæй.

Райсом-иу раджы æркæсут карст кæрдæгмæ уæ быны,
Сымахæн уæ быны кæрдæг кæрдæгæй баззайдзæн,

Сымахæн, – зæгъы, – кæрдæг кæрдæгæй баззайдзæн,
Уымæн та, – зæгъы, – йæ быны кæрдæг бур уыдзæни».

Гъемæ æцæг ацыдысты балцы, – зæгъы, – балцы.
Уæд бæх загъта саударæг усæн,

Афтæ дын, кæндзысты, зæгъгæ,
Уæд дæ быны кæрдæг мæ кæрдæгæй сæумæцъæхæй аив.

Æмæ, зæгъы, дæ кæрдæг уыдонæн сæ кæрдæгæй
Уыдзæни бирæ цъæхдæр ма, – зæгъы.

Бæхæн та, – зæгъы, – иннæ бæхтимæ æппын нæ уыди, иумæ бæттæн, хицæн æй бастой,
Æппын нæ уыди, – зæгъы.
Гъеуæд араст сты иумæ, ацыдысты, – зæгъы.
Ацыдысты æмæ æхсæвиуат куы 'ркодтой,
Ныккарстой кæрдæг.

Алчи йæ бæхы, зæгъы, хицæнæй куы æрбæтты,
Кæрдæг сын куы цæвæрдтой, сæ быны дæр карст кæрдæг куы 'ркалдтой.

Бонырдæм куы фæци, уæд ус йæ кæрдæг
Йæ бæхы размæ куы бакалдта, – зæгъы.

Бæхы кæрдæг та, – зæгъы, – йæхи бын куы 'ркалдта,
Æмæ йын иннæты кæрдæгæй ногдæр куы уыди.

– Цæмæн нæ фæсайдтай, Сырдон, нæлгоймаг куы у,
Уымæн йæ кæрдæг куы у нæ кæрдæгæй ногдæр?

Уæд загъта Сырдон: «Кæд нæлгоймаг у, уæд
Бæстыл ис æртæ хорзы,

Æмæ дзы иу Уацилла куы ахаста, – зæгъы,
Иннæ та Уастырджи куы ахаста, – зæгъы.

Иу ма ис: Æрхуы мæсыджы чызг,
Æрхæссæд æй йæхицæн, уæдæ, усæн».

Гъемæ та йын Сослан, Сослæнбег, Уырызмæг загътой:
– Хорз хъæуыхицау нын дæ, фæлæ дын нæй æфсин.

Фæнды нæ, ус куы ракурис, уый.
Уæд уый загъта: «Ау, цæуыннæ ракурдзынæн?»

Æмæ араст сты дыууадæсæй Нарты фæсивæдимæ
Æмæ фæцыдысты мæй балцы, – зæгъы.

Æмæ бахæццæ сты нæртон фæсивæд Æрхуы мæсыгмæ.
Бæх та усæн куы загъта бынатæй цæугæйæ,

Бæх та куы загъта: «Иу голлаг мыл сæвæр
Стыр зæгæлтæ, рахæсс дзæбуг дæр».

Зындис сæм мæсыг. Уæд ын бæх загъта:
«Ис ын æфсæн уырсытæ дыууæ хъахъхъæнæг.

Мæн-иу æнæ дон сасмæй байсæрд,
Æз сын мæхæдæг амал кæндзынæн».

Уæд уый йæ бæхы æнæ дон сасмæй куы байсæрды,
Æмæ бæх змисы стылди, стæй та уырыл стылди.

Æмæ уыры дуртæ систа йæ уæлæ,
Æмæ уæд загъта бæх:
«Д 'адæмы бафснай, – зæгъы, – мæн мæхи бар уадз».
Æмæ уырсытæм бацыди бæх.

Гъемæ райдыдта семæ хæцын.
Уырсытæн хордта се 'цæг буар, уыдон та йын хордтой йæ дуртæ.

Стæй ма йын уыди æфсæндзых гæстæ.
Уыдон дæр фесты; хордтой йын йæ дуртæ, уый та – се 'цæг буар.

Стæй уæд бæх цæхсын кодта йæхи, – зæгъы,
Æмæ бæх хъæуыхицауæн загъта: «Фæндаг у цæттæ, рацæут ныр».

Æрхуы мæсыгæн, зæгъ, бынæй куы уыди дуар,
Æмæ дуарыл нæ уыди бацæуæн.

Мæсыгæн, зæгъ, уæле куы уыди тыргъ.
Гъемæ бæх загъта: «Зæгæлтæ ацу къулыл садзгæ,

Къулыл садзгæ, – зæгъы, – ацу уæлæмæ мæсыгмæ,
Кæннод дын уырдæм нæй фæндаг».

Садзгæ ссыди зæгæлтæ æмæ схæццæ Æрхуы мæсыгæн йæ тыргъмæ,
Зæгæлтæ садзгæ, схызти уæд мæсыгæн йæ тыргъмæ,

Гъемæ йæм уæд уæле тыргъæй куы ныццыди,
Куы ныццыди хъæуыхицау чызгмæ.

Стæй уæд чызг та хуыссыди сынтæджы,
Фæлæ чызджы не сыхъал кодта, зæгъы,

Гъемæ чызгæн йæ дзауматæ куы аивта,
Куы аивта сын сæ бынæттæ, – зæгъы,

Йæхæдæг та сынтæджы бын куы бацыди,
Сынтæджы бын куы бамбæхсти, – зæгъы.

Гъестæй уæд куы райхъал и, уæд дистæ байдыдта чызг:
«Ардæм куы нæ и 'рбацæуæн, уæд цы диссаг у ай?»

Гъемæ йын уæд уый дæр, иуныхасæй,
Йæхи куы равдыста сынтæджы бынæй.

Æмæ йæ фæрсы уæд чызг: «Куыд æрбацыдтæ,
Мæнæн мæ гæстæ æфсæн уырсытæ æмæ тугдзых бирæгътæ,

Мæнæн, зæгъы, – мæ хъахъхъæнджытæ куы сты,
Уæд куыд æрбацыдтæ ды ардæм?» – зæгъы.

Уæд загъта уый: «Нал сты, нал, уыдон;
Мæнмæ дæр æвзæрдæр бæх нæй», – зæгъы.
Гъемæ йæ уæддæр нæ уырныдта чызджы,
Фæлæ йæм уый дæр систа æфсæн уырсыты хъустæ.

Стæй та йæм уæд бирæгъты хъустæ дæр систа,
Гъемæ йæ уæд фарста чызг: «Зæгъ-ма, уæдæ, дæ бæх та кæм и?»

Уый дæр ын уæд загъта: «Дæлæ мæсыгрæбын лæууы, мæсыгрæбын».
Æмæ уæд чызг дæр куы рацыди æмæ бæхæн дуар куы бакодта.

Бæхæн дуар куы бакодта, – зæгъы, – уæд чызг
Æмæ йæ мидæмæ мæсыгмæ куы баласта, – зæгъы.

Гъемæ йын уæд лæг загъта: «Мæнæн мемæ,
Мæнæн мемæ æмбæлттæ куы ис».

Уæд чызг дæр загъта: «Де 'мбæлтты дæр ракæ,
Ардæм сæ ракæ, кæд демæ ис ахæм уазджытæ, уæд».

Гъемæ сæ æрбакодта уæд. Æмæ æрныхас кодтой уæд,
Æрныхас кодтой, – зæгъы, – бафидыдтой æмæ чызджы рахастой.

Æмæ уæд рараст сты сæхимæ фæстæмæ,
Æмæ-иу уæд хъæуыхицауы йæ усимæ фæхибар кодтой,

Фæхибар кодтой-иу, – зæгъы, – æхсæвиуат кæм кодтой, уым.
Усыл лæджы ном бæргæ уыди, бæргæ-иу хъазыди йемæ,

Фæлæ, – зæгъы, – нæ уыди лæг, лæг нæ уыди.
Гъе, – зæгъы, – æцæг æмæ лæг куы нæ уыди.

Уæд сæм, – зæгъы, – Уастырджи куы 'рбафтыди
Æмæ сæм куы касти. Æмæ уæд ацыди хъæстмæ Хуыцаумæ.

Загъта Уастырджи Хуыцауæн: «Гъе ахæм, – зæгъы,
Тæригъæддаг хъуыддаг куы федтон; ус уæвгæйæ,

Уæй, ус уæвгæйæ, – зæгъы, – мæгуыр сылгоймаджы
Уæд тухийæ куы марынц, – зæгъы, – тухийæ».

Æмæ уæд Уастырджийæн загъта Хуыцау:
«Ис ахæм æмæ ахæм бæлас. Ахæсс ын йæ фæткъуытæй иу.

Уыцы фæткъуы цæппар се 'хсæн, – зæгъы, –
Æмæ йæ ахæрдзæн, йæхи лæг чи хоны, уый, – хъал куы уыдзæн уый, хъал...»

Гъемæ бæласæй æртыдта иунæг фæткъуы
Æмæ рацыди уæд Уастырджи, – зæгъы.

Ус æмæ чызг хуыссыдысты. Уастырджи та
Сæ сæрмæ фæцæйтахти зæрватыччы хуызы.
Фæцæйтахти зæрватыччы хуызы æмæ фæткъуы
Æрæппæрста, се 'хсæн фæткъуыйы æрæппæрста.

Ус чи хаста, уый хъал куы уыди,
Æмæ фæткъуы куы 'рхаудта, уæд фæткъуы бахордта.

Æмæ уæд фестади, фестади æцæгæйдæр лæг
Æмæ чызджимæ цæрынтæ куы байдыдта.

Гъемæ 'рхæццæ сты. Хъæумæ нæма ныххæццæ сты,
Афтæ дын Сырдон дæр йæ размæ рацыди.

Æмæ йын загъта: «Æз дæ зыдтон, сылгоймаг дæ, уый,
Æмæ дæ ныр нæлгоймаг не скодтон?» – зæгъы.

Æмæ та уæд цæрынтæ байдыдтой
Уыцы лæгæй та Албегатæ дæр фæстæмæ мыггагæй баззадысты.

Радзырдта йæ Цопанаты Арсæмæг, 7 февраль, 1941 аз, Дзæуджы¬хъæу. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 109–128.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru