поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
14. ДОНИФАРСИ ХЪАНУХЪТИ УСДУР ЕСЕЙ ЗАР
Автор: 00mN1ck / 25 ноября 2007 / Категория: Историон æмæ тохы зарджытæ
Биаслантæмæ адтæй хуарз æфсинæ минкъи Маладес.
Æхсæвæ фун фæйидта:
Æ гъæбеси бафтудæй, сугъзæринæ сæр кæмæн адтæй, уæхæн хелагæ.
Йеци фун дзурдта сæумæ, йеу дæсни ка 'дтæй, уæхæнæн:
«Дессаг фун фæйидтон, ци уодзæнæй, уой ба нæ зонун».
Æ фун куд адтæй, уой ин æрдзурдта. Йеци дæсни ин загъта:
«Дæ фун уæхæн фун æй, ма дин лæхъуæн игурдзæнæй,
Æгас Кæсæгæн æлдардзинадæ ка кæндзæнæй, уæхæн».
Уалдæнги ин лæхъуæн райгурдæй,
'Ма 'й бæл ном исæвардтонцæ — Сари Аслæнбек.
Сари Аслæнбек багъомбæл æй,
'Ма райста æгас Кæсæги æлдардзинадæ æхемæ.
Уалдæнги уосгор иссæй;
Ракурдта пахсайнаг, хъæбæр гъæздуг лæги кизгæ, Урусбити
Хъургъохъи кизгæ.
Хъургъохъ равардта æ кизгæн уæхæн дууæ сау гали:
Фонси муккатæй уони рæсугъдæн некæд исæнтæстæй,
Хъæбæр даргъ уорс хъæлсиутæ сæбæл адтæй,
Сиути кæрæнтти адтæй цъæстæ,
Ма сæбæл сугъзæринæ гъолтæ ниббаста, уотемæй сæ равардта æ кизгæн Хъургъохъ.
Йенур ба Сари Аслæнбекмæ иуазæг исæмбалдæй, —
Хъарадзаути Муртаз-Али.
Загъта ин Сари Аслæнбек йеци Муртаз-Алиæн:
«Дигорæмæ бацæун мæ фæндуй, 'ма ци рæуонæй бацæуон, уой нæ зонун.
Игъосун: дессаг хъарæгун лæг æй Хъанухъти Есе, 'ма мæ уой базонун фæндуй».
Муртаз-Али ин загъта: «Уомæн дин æз -мадзал амонун;
Дæ дууæ сау гали Тæторсмæ баскъæрæ,
,Ма уони рæуаги бацæудзæнæ».
«Ма 'дта мин сæ ду баскъæрæ, 'ма мин сæмæ де 'нгæс дарæ».
Уалдæнги сæ баскъа'рдта Муртаз-Али Тæторсмæ дууæ сау гали.
Йеци хабар нийгъустæй Донифарсмæ, Хъанухъти Есемæ:
«Дæ зæнхæбаэл хезуй а уæхæн дууæ дессаг гали».
Есе йеци гъуддагбæл кæронмæ бафарста.
Ке галтæ æнцæ, ка сæ баскъардта, уой уалдæнгитæ сæ'базудта,
Уæдта сæмæ рарвиста лæгтæ,
Иеци рæсугъд галти мæнæн дæр фæиинун кæнтæ, зæгъгæ, 'ма сæ æхемæ æртæрун кодта.
Ра-сæ æвгарста, 'ма æгас Дигорæмæ дæр рарвиста, —
Есе кувд кæнуй, зæгъгæ, йеци æгъдауæй.
'Ма сæ бахуæрун кодта Дигорæн.
Сæ сиутæй син ниуазæнтæ искодта,
Сæ сугъзæринæ гъолтæ сæ уæле, уотемæй.
Йеци хабар кодта Хъарадзауи фурт Муртаз-Али Сари Аслæнбекæн.
Йеци хабар ку фегъуста Сари Аслæмбек,
Æ уосæ ин уæд бауайдзæф кодта, —
«Ие дин нæ равгарста дæ галтæ,
Фал дин райста дæ уосæ,
'Ма дин цæргæ нæбал æй йеци æвхуæрди хæтдзæ».
Сари Аслæнбек æфсæдтæ кшнун унаффæ искодта Хъанухъи фуртбæл: Кæсæгæй, Ассиæй, будури баделиатæй.
Се 'мбурд кæнæн адтæй Хъарадзаути размæ, Ирæфи билæбæл, Къодахи будури.
Исæй йа фтонцæ сæдæ бæхгини: Кæсæгæй, Ассиæй, 'ма будури баделиатæй.
Сæ топпи гъæр арви нæрунау,
Сæ топпи хъуæцæ ма сæ коми тулфæ мегъи сдуккау.
Донифарси Хъанухъти усдур Есе мæсуги сæрæй æ сугъзæринæ цæсткæсæнæй ниффæлгæсуй.
«Иа дессаг! Нæ коми думæги хæрæ мегъæ ку бадуй,
'Ма ци дессаг æй а уæхæн хор бони?»
Æрба 'ймæ хабар æй:
Йе хæрæ мегъæ нæй,
Фал Биасланти Сари Аслæнбек йе 'фсæдти хæтдзæ æрбацæуй Дигорæмæ.
Æма йе æй уони топпи хъуæцæ 'ма бæхти коми тулфæ.
Уæд бафæрсуй:
— Йеци Елиай гæрæхтæ ба ци æнцæ?
— Йетæ ба æнцæ, — зæгъгæ, ин загътонцæ, — сæ топпи гъæр æма се 'хси цæлхъ.
Уалдæнги сæмæ æ сугъзæринæ кæсæнцæстæй кæсуй Есе.
'Ма Бафони æфцæгбæл æрбазиндтæнцæ йеци æфсæдтæ.
Разæй цæуй æртæ бæхгини;
— Йа дессаг! Атæ ци уавæр æнцæ, аци æртæ бæхгини?
Раззаги бафæсмардта:
— А ба, Хъарадзаути, фингдзауæй ка базæронд æй, йеци Муртаз-Али ку æй.
Цъæх цагъди муггаг бæхбæл бадуй, æ барцæ галеуæрдæмæ.
Уой фæсде цæуй йездон лæг.
Æ бæх дæр кæдзос,
Æхуæдæг дæр кæдзос тогæй,
Мист рагъ саулох бæхбæл бадуй, æ барцæ рахесæрдæмæ,
Æхебæл донхуз тунæй цохъа.
Æртиккаг бæхгинмæ кæсуй, а ба ка уодзæнæй, зæгъгæ.
Уæд бафæсмардта уой дæр:
— Мæнæй уотæма ка 'й,
А ба Сивсий фурт, Сафар-Али — кæсгон,
Хъувгъандзауæй ка базæрондæй, йе ку æй.
Йеци дууæ лæги адтæнцæ Сари Аслæнбекæн æ кегъæретæ Дигорæмæ.
Задалесги игуæрдæнти сæ уосонгæ æрсахтонцæ, се 'хсæвейуат.
Уордæгки Сари Аелæнбек рарвиста Хъанухъи фуртмæ минæвæрттæ:
«Иуазæг байуазæг кæнунмæ дæмæ ци хъаруæ уодзæнæй?»
Хъанухъи фурт ба имæ дзуапп рарвиста фæсдæмæ:
«Иуазæг æгъдаубæл иуазæг ку уа,
Уæд ин бахуæрун кæндзæнæн фиццаг æхсæвæ
Дигорон хъæбæр кæрдзин цæхгун цигъди хæтдзæ,
Уобæл ку нæ бамвæрса,
Уæд ин дуккаг æхсæвæ бахуæрун кæндзæнæн уорс дзол уорс муди хæтдзæ.
Уобæл дæр ку нæ бамвæрса,
Уæддай бакæндзæнæн æртиккаг æхсæвæ
Хъозити арф искъæти уорс дзоги хæтдзæ, хути хæтдзæ».
Йеци дзуапп имæ ку нихъæрдтæй Сари Аслæнбекмæ, уæд имæ сагъæстæ бацудæй.
Нур ба æхе исхæсдæгдæр кодта Донифарсмæ, гъæумæ.
Уоми 'бабæй Миссигони æхсæвейуат бакодтонцæ;
Сæумæ ба æхс гъуди рацудæй,
'Ма æ хъувгъан æ размæ æривардта,
Хъавдухъи фурт ин æй мæсуги сæрæй фехста,
'Ма ин æ хъувгъа'ни раморæ кодта.
«Гъе мин мæхемæ ку гъавтайдæ, уæд мин мæхе дæр уотæ фергъавтайдæ.
'Ма мин уой хæтдзæ мæнæн тохгæ нæбал æй».
Уæд иуазæги æгъдауæй сæхе равардтонцæ Хъанухъи фуртмæ.
'Ма сæ бауорæдта æстæмæй-астмæ,
Уорс дзол æма сæ уорс мудæй исхаста,
'Ма дигорон æлотон бæгæниæй.
Уæдта син лæвардта, йеци гъуддæгтæ ци галти фæдбæл рацудæнцæ.
Уони сиутæй, сæ сугъзæринæ гьолтæ дæр ма сæ уæле уогæй,
Дигорон æлотон бæгæни.
Гъенур ба цæун унаффæ искодтонцæ йеци иуазгутæ,
'Ма бафарста Сари Аслæнбеки Хъанухъи фурт:
«Ци лæвар дæ гъæуй», — зæгъгæ...
Йе ба ин загъта:
«Дæ бæх мин ралæвар кæнæ», — зæгъгæ.
Хъанухъи фуртмæ адтæй сау саулох бæх, 'ма загъта:
«Дæттун æй дзурдкондæй,
Мæ колдуарæй æндæ билæ ку фæууа,
Фæстæмæ ци æрбахæсса,
Уæд уомæн радтæн нæбал ,йес нецибал æгъдауæй».
Йеци загъд имæ гъигæ фæккастæй Сари Аслæнбекмæ, —
«Æз ба кæсгон æлдар уогæй
Куд мæ æрбахæсдзæнæй фæсдæмæ,
Кæсгон лæг бæхбæл 'некæд исбадтæй!?» — зæгъгæ.
Йеци загъди фæдбæл ин Есе дигорон æлотон бæгазниæй æ ниуазæн равардта,
Фæндарасти ниуазæн, зæгъгæ.
Æлотон бæгæниæй æ зæрдæ ку исрохсæй Сари Аслæвбекæн,
Уæд ра 'рфæ кодта, 'ма бæхбæл гъазун райдæдта Миссигони æндзæр хумти.
Йеу хатти фæсдæмæ ку æрбагъаста,
Уæд ин уорамун нæбал бакундта,
'Ма 'й тургъи мед колдуар фæккодта бæх.
Сæ дзурд адтæй конд уонæн,
Басайæни муккаг на 'дтæй æ дзурдæн Хъанухъи фуртæн.
Æвсæйнаг колдуар ибæл федар конд æрцудæй.
Сари Аслæнбек цудæй æвсæдти хæтдзæ тухæ кæнунмæ Бсемæ,
Фал æхуæдæг фæсдæмæ æлхæнуйнаг иссæй æ бæхгини рæуаги.
Бай æлхæдтонцæ йе 'мбæлттæ æодæс-æсдæсемæй,
Рандæ 'нцæ йетæ йеци æгъдауи хæтдзæ.
Дигорæмæ байзадæй кадæ Хъанухъти Есей рæуаги.


Радзырдта йæ Тобойты Дзæрæхмæты фырт Цицей, 6 февраль, 1927 аз, Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 328—332.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru